Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Ҧхынҷкәын 2025 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 31 1234
Ног хабæрттæ
Дон рыздæхт Квемо (Дæллаг) Ренемæ
Хъæуы сæрмæ, цыран кæддæр суадон хъæлæбагæнгæ цыдис, уым нырдæр ногæй хъуысы доны уынæр. Квемо (Дæллаг) Ренейы, Къаспы муниципалитеты, бынæттон цæрджытæ доны суадæтты сæхæдæг райдыдтой ног кæнын – уым, цыран фондз азы размæ дон бынтондæр фæтары.

Илуридзе Ушанги раст уыцы боны мысы, хъæу æнæ донæй куы баззадис.

«Нæ цыбыр хъуыдымæ гæсгæ – ардæм æрбацыдысты, нефт агуырдтой. Фæндзбалон зылдты сарæзтой, уыцы азы хурджын рæстæг уыд, мит дæр нæ уыдис. Уыцы зылдты фæстæ хъæуы цы суадæттæ уыд, уыдон иууылдæр фесæфтысты», – зæгъы уый.



Хъæуы алыварс раздæр цыдис фондз суадоны. Райдианы дон æртахгай цыдис, фæлæ фæстагмæ бынтондæр æрлæууыд.

«Фондз азы дæргъы, куыд арахъхъы æртæхтæ афтæ лæдæрстис, ныр иу-дыууæ азы уыдзæн дон бынтондæр басур», – мысы Илуридзе.

Ныр цалдæр мæйы у, суадæтты иу хай æрдзон æгъдауæй цæуын райдыдта, фæлæ сæрæй донгуырæнтæ хъыгдард кæй уыдысты уымæ гæсгæ, дон цæуын нæ фæрæзта. Ушанги æмæ ма ноджы цалдæр сыхаджы аскъуыддзаг кодтой, сæхи тыхтæй сног кæной уыцы бынæттæ, цыранæй кæддæр хъæуы дон цыдис.

«Суадæттæ фыдæлтæй уыдысты. Бацалцæг кодтам донгуырæнтæ æмæ сын чысыл резервуар дæр сарæзтам, цæмæй дзы адæм дæр æмæ фос дæр нуазой. Ам адæм сæйраджыдæр фос дарынæй цæрынц, уымæ гæсгæ дон æнæмæнгхъæугæ у», – зæгъы Ушанги.



Уый ныхасмæ гæсгæ, проблемæйы æрбæстон кæныны муниципалитет дæр хайад исы – бынатмæ бацыд Къаспы мэр æмæ хъæумæ æххуысгæнæг адæм æмæ техникæ рарвыста.

«Трактор дæр ам урæд у. Донгуырæнтæ хъæуæй 2-3 километры дæрддзæфмæ сты. Ныртæккæ дон ис хъæуы сæрмæ, цадæггай йедзаг кæны. Фосы нуазæн бынат дæр байдзаг уыдзæн. Кæд хъæу кæронмæ ифтонг не рцæуа донæй, уæдддæр ныридæгæн ис фадат, бацæуай æмæ дон бануазай. Ныр æнæдон хъæуыл нымад нал цæудзæн», – зæгъы Илуридзе.

Илуридзе Ушанги бузныг зæгъы районы къухдариуæгадæн æххуысы тыххæй, фæлæ-ма йæ хъусдард ноджы иу проблемæйы рдæм здахы.

«Курæг дæн районы цæстдарджытæй – уый дæр уыдон компетенцимæ хауы. Хъæуæн трассæйы цур хæстæг нæй фæндагон нысæнттæ. Уазæг куы æрбацæуы, уæд кæцырдæм ацæуа, уый нæ фембары. Гурæй куы цæуыс, уæд «Земо (Уæллаг) Рене» фыст у, Тбилисæй та – «Рене». Кæд гæнæн ис, раст трафарет саразой, цæмæй уазæгæн йæ бон уа хъæуы æнцонæй ссарын», – зæгъы уый

Хъæуы сæрмæ та сабыргай ногæй райдыдта цæуын суадон – дон, кæцы иухатт фæтары, æмæ ныр фæстæмæ здæхы Квемо (Дæллаг) Ренемæ.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.