Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур 4-хатты ахст чъвринисаг зæронд лæг
Чъвринисаг Асанидзе Автандилы дэ-факто Хуссар Ирыстоны æфсæддонтæ дихгæнæг хаххы цур цыппар хатты æрцахстой.

80 аздзыд зæронд лæг фæндзæм хатт нал хъавы дзырдæй арæныл ахизын.

Шида Картлийы информацион центры журналисттимæ ныхасгæнгæйæ зæгъы, цæмæй ма йæ ноджы иу хатт æрцахсты цауы ахæстоны кæй бакæндзысты.

Уæдмæ-иу, æрмæст, иваргонд æрцыд.

Асанидзе Автандил лыстæггай радзырдта уыцы цаутыл, æндæр æмæ йæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ иу куыд æрцахстой, дзырдæй арæны нысангæнæг абрæйæ иу куы ахызти.

Иу хатт-мæ мæ хæлары зианмæ, ирон хъæумæ цæугæйы рæстæджы ‘рцахстой. Дыккаг хатт рæуæды агурынмæ куы ацыдтæн уæд. Иннæ цаутæ дæр хизæнтæм ауадзгæ фосы агуырды фæдыл уыдысты.

Чъвринисæгтæ сæ фосы æнæ фыййауæй ауадзынц быдырмæ. Арæх фос кæрдæгыл хизгæйæ абрæйæ ахизынц, стæй та, фæстæмæ сæхигъæдæй раздæхынц.

Асанидзе Автандил йæ хæлары зианмæ мæсæллæй кæнынмæ ацæуын æмæ фæстæмæ раздæхын, æнæ проблемæйæ сфæрæз кодта. Фæлæ мардæвæрæн боны та, ирон æмæ уырыссаг арæнгæстæй нал аирвæзти. Йæ зæрдыл хорз лæууы, æмæ уыцы рæстæджы дэ-факто президент Тыбылты Леонид дæр зианы уыд. Куы йæ базыдта, æмæ Асанидзейы æрцахстой, уæд бардзырд ратта æмæ йæ изоляторæй ракодтой, æмæ уыдис мардæвæрæны церемонийыл.

Уæлдай цымыдисон хабар уый у, род агурынмæ куы ацыдтæн.
- «Куы мæ рцахстой æмæ мæ куы бафарстой, æхсæвы дам цæмæн æрбахызтæ нæ территоримæ, уæд сын æз загътон, хъуг æмæ роды агурæг уыдтæн, зæгъгæ. Иу беслайнаг ирон дзы сæрмагондæй ацыд фосы агурынмæ. Афтæ уый тыххæй бакодта æмæ цæмæй мæ ныхæсты рæстдзинад сбæрæг кодтаид. Род æмæ хъуг, æцæгдæр, ссардта. Уыцы æхсæв мын Знауыры районы мæ хиуæттæм баззайыны бар раттой. Ссаргæ фосы та уым хъæуы кæмæдæр бакодтой. Уыцы хæдзары фсин нæ хъæуккаг уыд. Дыккаг бон мæ фосимæ иумæ рауагътой» - радзырдта Асанидзе Автандил.

80 аздзыд зæронд лæг не ‘мбæхсы, æмæ йæ кæй зыдта алы ахызты рæстæджы йæ æрцахсдзысты. Уый тыххæй, йемæ æрвыл хатт æхца хаста. Хъуыды кодта, куы йæ ‘рцахсой, ивар суммæйы Цхинвалы банчы рæстæгыл бафиддзæнис, уый фæстæ та, хæдзармæ дæр тагъддæр раздæхтаид. Хæдзары иунæгæй цæры. Хъæбултæ æмæ йын хъæбулы хъæбултæ горæты цæрынц. Йæ бинойнаг æртæ азы размæ фæзиан.

Асанидзе Автандил - Карелы муниципалитеты Чъвринисы хъæуы цæрæг:

«Хъугмæ нæдæр æнæ къухæхсадæй бацæудзынæн æмæ нæдæр æнæ цæсгомæхсадæй, иунæгæй дæн, мæнæ ацы сывæллæтты къамтимæ иумæ цæрын. Мæ бинойнаг 2013 азы фæзиан. Знауыры районы 1963 азæй 1990 азмæ фæкуыстон. Бирæ зонгæ мын дзы ис, хæстæджытæ дæр, мæ бинойнаг ирон уыди, Боржомы районæй. Мæ усы ‘фсымæр удæгас у æмæ цæры Владикавказы. Цхинвалы дæр мын бирæ зонгæ- æрдхорд уыдис, ныр дæр ма дзы чи æгас у, чи нал у æгас. Куы-иу йæ базонынц æмæ ахст дæн, сæ хъус мæм æрдарынц. Нæ мæ ныууадзынц изоляторы, сæхимæ мæ-иу акæнынц. Иухатт ме ‘мбалы зианмæ ацыдтæн, афтæ бахызтæн æмæ фæстæмæ дæр афтæ раздæхтæн æмæ мыл ничи амбæлдис, ахсгæ дæр мæ ничи æркодта. Хисты боны мæ трафареты цур æрцахстой. Уырдæм мæ куы акодтой, уæд сын загътон, абон мæ, зæгъын, хъуамæ фæстæмæ ауадзат. Æмæ дам æхца? Æхца мæхимæ ис, зæгъын. Æцæгдæр, фесты арæзт алцыдæр, фæлæ ацырдæм рауадзын зын уыди. Сæ президент уыд уыцы зианы, Калеты хъæуы. Президентæн чи фæзиан уый хъæбултæ загътой, нæ фыды æрдхорд дам ардæм цыдис æмæ дам æй æрцахстой. Фæдзырдта уый, сбадын мæ кодтой машинæйы æмæ мæ æркодтой зианы хистмæ.

Дыккаг хатт, хизæнуаты хъуг род ныййардта. Æризæр ис, хъуг никуыцæй разынд. Зыдтон æй æмæ хъуг кæмдæр род кæй ныййардта. Уым æдде куы баззадаит, уæд бирæгъ æмæ тъура бирæ и, хъуг куы нæ бахæрой, роды æнæмæнг бахордтаиккой. Агурынмæ рацыдтæн æмæ та мæ æрцахстой. Цхинвалмæ мæ акодтой.

Бафæдзæхстой нæ, мауал дам цæут, мауал дам æрбахизут, фæлæ уæдæ куыд кæнæм? Ныр нал ацæудзыстæм, уымæн æмæ, нæ ноджы æрцахсдзысты. Æхцайыл нæ дзурын, гæнæн ис æмæ мæ сбадын кæной ахæстоны. Уымæн æмæ, æз цыппар хатты уыдтæн ахст, фæндзæм хатт мæ куы æрцахсой, нал мæ рауаддзысты, ахæстоны мæ бакæндзысты. Куы иу хъавыдтæн ацæуынмæ, æхца-иу мæм уыдис. Кæд мæ иу æрцахстой, загътон-иу сын, æхца мæм ис, зæгъгæ, æмæ иу мæ рауагътой.

Фæстаг хатт мæ куы æрцахстой, бауырныдта сæ, æмæ род агурынмæ кæй уыдтæн. Иу беслайнаг æфсæддон, кæцы æмбæрста гуырдзиагау, быдырмæ рацыди, цæмæй йæхи цæстæй федтаид хъуг æмæ роды. Федта йæ, æмæ, мæнг ныхас кæй нæ кодтон. Ацыди, хъуг дæр федта æмæ роды дæр. Дыууæйы дæр Калеты, махырдыгон чызг у чындзыцыд, æмæ сæ уымæ бакодтой скъæты. Æхсæв мæ Знауыры мæ хæстæгмæ сбон кæнын кодтой. Уый фæстæ Цънормæ рацыдтæн уым мын хотæ ис. Дыккаг бон рахызтæн Калетмæ, хъуг дæр æмæ род дæр уым уыдысты. Ахæм хабар мыл æрцыди, гъе, дзæбæх ут æмæ ацы азы сабырад уæд».


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.