Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Зардианкъарийы 94 аздзыд Гобозты Къйазойы бабæрæг кодтой, кæцыйæн йæ хъæбул æмæ хъæбулы хъæбултæ Цхинвалы цæрынц
Цыппурсы боны Гуырдзыстоны парламенты уæнгтæ, уыдон ‘хсæн, мажоиртар депутаттæ Зардианткъарийы хъæуы цæрджытæм цыппурсон лæвæрттимæ ныццыдысты. Ай фæдыл информаци парламенты пресс-куыстуат парахат кæны.

А.х. нейтралон зонæйы уыдон 94 аздзыд Гобозты Къйазомæ дæр бацыдысты, кæцы 2008 азы августы хæсты фæстæ, дихгæнæг хаххы цур иунæгæй цæры. Гобозты Къйазойæн ногазон лæвар парламенты фылдæр хайы лидер Мдинарадзе Мамука ратта.

Иунæгæй баззайгæ ацæргæ нæлгоймагимæ интервью Qartli.ge ацæугæ азы ныффыста. Раст нын гъеуæд радзырдта йæ цырды историйы тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ хъæбултæ дæр æмæ йæ хъæбулы хъæбултæ дæр æмбонды иннæ фарс цæрынц. «Мæ хъæбулы хæдзары хъахъхъæнын. Иу лæппу мын Цхинвалы цæры, иннæ та Уæрæсейы. Мæ хъæбулы хъæбултæ дæр Цхинвалы сты. Иннæ луппуйы хъæбул та, Владикавказы цæры. Владикавказæй-иу æрцæуынц æмæ мæ бабæрæг кæнынц», - загъта нын Гобозты Кйазо интервьюйы рæстæджы.

Зардианткъари ирон хъæу Хелцуаимæ арæн кæны. Адæмон хъахъхъæнæджы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, 1989 азы цæрджыты сфыстмæ гæсгæ, хъæуы 173 адæймаг цардис. Уыдон ‘хсæны 35%-ы этникон гуырдзиæгтæ. 90-æм азты хæстон архæйдтыты рæстæджы ирон цæрджытæн сæ фылдæр хай тыхфæлгъуыдæй йæ цæрæн бынат ныууагъта, æмæ 1997 азы уыдонæй бирæтæ фæстæмæ æрбаздæхтис. Фæлæ сæ хæдзæрттæ, фæстæмæ чи нæ уал æрбаздæхтис, уыдонæн абоны онг афтид сты, ничи сæ цæры. Амæ гæсгæйæ, 2002 азы цæрджыты сфыстмæ гæсгæ, демографион ныв фæивта. 117 цæрæгæй 68%-ы гуырдзиаг у, æмæ 32%-ы та ирон æмбæстон у.

2008 азы хæстон архæйдтыты рæстæджы та хъæу сæйрагæйдæр гуырдзиæгтæ ныууагътой. Æрмæстдæр 2012 азы сæ бон бацис фæстæмæ æрбаздæхын.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.