Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Зын азты конд нывтæ Гуры цыппурсон равдыстыл
«Картлийы палитра» - афтæ схуыдтой цыппурсон равдысты, кæцы Гуры нывгæнæн скъолæйы, 25-æм декабры, байгом ис. Перадзе Анайы номыл скъолæйы регионы цæрæг нывгæнджыты конд нывтæ равдыстыл равæрдтой.

Уыдон ‘хсæны, реализмы категорийы сыгъзæрин медалы хорзæхы хицау, Пилаури Гелайы конд нывтæ дæр уыдис. Уый Гуры муниципалитеты Квахврелы хъæуæй у. Пилаури Гелайы ныхасмæ гæсгæ, равдыстыл æвдыст нывтæ бæстæйы зын периоды рæстæджы арæзт куыстытæ сты.

«Нæ бæстæ тынг стыр зын период бавзæрста, ацы фæстаг 20-25 азы фаг стресон уавæры арвыстам. Ацы нывтæ сæйрагæйдæр раст уыцы периоды конд сты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ай æппæтдæр аивад хъуамæ фервæзын кæна», - зæгъы Пилаури Гела.

Пилаури Гела йæ бинойнагимæ, Анжелина Даменимæ иумæ, æрвылаз дæр равдыст саразы. 10-æм январæй уыдон хайад райсдзысты æппæтдунеон равдыст-конкурсыл, ахæм номимæ «Аивады къуыри Израилы». Равдыст 20-æм январы онг адаргъ уыдзæнис æмæ Телавивы культурæйы центры арæзт æрцæудзæнис.

Нывгæнджытæн 2018 аз фаг пайдаджын куыст разынд. Уыдон сæ куыстытæ Медиа Арт Биеналейыл равдыстой, 2018 азы 5-6-æм мартъийы та «Арт проект Нью-Йорк»-ы хайадисджытæ уыдысты. 9-æм июлæй 13-æм июлмæ та сын Римы Санта Крочейы галуан фысымиуæг кодта. 25-æм июлы АИШ-ы Аризоны Штаты равдыст-конкурсы «Цъæх абстракци» райстой хайад.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.