Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Спорты стъалыты (зынгæ адæймæгты) дзаумæттæ аукционыл ауæй сты æмæ Бершуеты скъолæйæн 43 мин ларийы æртымбылис
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Бершуеты хъæуы астæуккаг скъолæйы спортивон залæн ребилитацион куыстытæ уагъд æрцæудзæнис. Ай тыххæй Qartli.ge-йæн скъолæйы директоры хæстæ æххæстгæнæг Церцвадзе Кетеван фехъусын кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæ, скъолæйы спортивон залы аразынæн хъæугæ суммæ аукционыл æртымбыл ис, цыран спортсменты дзаумæтты ауæй кодтой. Аукцион 2018 азы 18-æм декабры социалон компанийы «Тыхджынтæ нæ кæнынц тыхист» фæлгæтты уагъд æрцыд.

«Аукцион 18-æм декабры уагъд æрцыд, цыран гуырдзиаг æмæ дунеон спорты стъалыты аксесуартæ ауæй сты. Уыдон æхсæн Пачулиа Зазайы майкæ (спортивон хæдон) 3100 ларийæ ауæй ис. Сумоист Леван Горгадзейы (Точиношин) – Кимоно æмæ Оби (япойнаг национ дзаума ронимæ иумæ) – 3000 ларийæ ауæй ис», - хъусын кæны Церцвадзе Кетеван, скъолæйы директоры хæстæ æххæстгæнæг.



Реабилитаци æрмæст спортзалæн уагъд æрцæудзæнис, кæцыйы бамбæрзыны куыстытæ арæзтадон компани BMG сæххæст кæндзæн. Уæлхæдзар бамбæрзыны куыстыты фæуды фæстæ та, компани PRMC райдайдзæн цалцæггæнæн куыстытæ.

Спортивон зал рухсгæнæн нырыккон системæйæ æмæ æппæт хъæугæ спортивон инвентарæй ифтонггонд æрцæудзæнис. Афтæ-ма, монтажгонд æрцæудзæн хъармгæнæны системæ дæр, кæцы хъарм кæндзæн æрмæст дæр спортзалы.



Абоны онг Бершуеты астæуккаг скъолæйы хъарм кæныны иунæг-иу фæрæз уыд сугæй пец.

Церцвадзе Кетеваны ныхасмæ гæсгæ, реабилитацион куыстытæ, уымæн куыд загътой, афтæмæй хъуамæ, 15-æм январы райдыдтаиккой æмæ хъуамæ фæуыдаиккой январы кæронмæ. Фæлæ хъызт боныхъæдмæ гæсгæ куыстытæ аргъæвтой.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.