Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Тæрхондоны Татунашвили Арчилы хъуыддаджы тыххæй «Эмпати»-йы эксперттæ æвдисæндзырд раттой
Хъизæмардзинады амæттæгты реабилитацион центр «Эмпати»-йы эксперттæ Мцхетæйы тæрхондоны æвдисæндзырд раттой. Тæрхоны процесс 24-æм январы уагъд æрцыд. Эмпатийы минæвæртты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, тæрхондоны процесс Татунашвили Арчилы хъизæмарæй амарыны хъуыддагыл цæуы.

Гуырдзыстоны прокуратурæ, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады куыстуаты кондады уæвæг тугтæрхоны (уголовон) хъуыддагыл ауагъд фæдагурæн куыстытæй æрымбырдгонд бæлвырдгæнæнты бындурыл, Татунашвили Арчилы, Л. К.-йы æмæ И. П.-йы, развæлгъау баныхасгондæй æнæзаконон æрцахсты æмæ Татунашвили Арчилы хъизæмарæй амæлæты хайадисæг къордæн, оккупиронгонд Цхинвалы регионы а.х. барадхъахъхъæнæг органы æмкусджытæн Гуырцъиты Давитæн æмæ Таболты Аликæн аххосджыны тæрхон фæсаууонæй рахаста.

Фæдагурæн куыстыты ауагъдмæ гæсгæ, Цхинвалы а.х. прокуратурæйы бæстыхайы оккупиронгонд Цхинвалы регионы а.х. барадхъахъхъæнджытæ, 2008 азы августы хæсты хайад райсты тыххæй Татунашвили Арчилы хъизæмарæй амардтой, йæ буарыл уыдис 100-йæ фылдæр æндæр æмæ æндæр хуызы цæфы нуæстæ. Фæстæдæр Татунашвили Арчил амардис.

«Уымæ гæсгæйæ æмæ, аххосджынтæ Гуырцъиты Давит æмæ Таболты Алик сæхи иуварс ласынц барадхъахъхъæнæг органтæм æрбацæуынæй, уыдонæн фæсаууонæй тæрхон рахастой аххосджындзинад Гуырдзыстоны тугтæрхоны (уголовон) кодексы 143-æм пункты 3-аг хайы «А» æмæ «Г» (æнæзаконон æрцахсты тыххæй – развæлгъау баныхасæй къорды рдыгæй, дыууæ кæнæ фылдæр гоймаджы рдæм) æмæ 25-1441 пункты 2-аг хайы «Е» æмæ «З» дæлпунктæй (хъизæмарæй марынæн æххуыс кæнын, къордæй саразын, ахæсты кæнæ æндæр хуызæй æрцахсгæ гоймаджы рдæм).

2019 азы 24-æм январы та, ацы хъуыддаг Стасбургмæ EctHR хастгонд æрцыд 2018 азы 22-æм августы Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ.

Центр «Эмпати» у æнæхицауадон организаци, кæцы 1996 азæй комплексон æххуыс кæны хъизæмарæй марыны æмæ æнæадæймагон ахастыты амæттæгтæн. Фыццаг хатт Кавказы регионы, центр «Эмпати»-йы ‘рдыгæй уагъд æрцыд комплексон тæрхоны экспертизæ ИНО-йы дыууæ протоколы: Стамбулы æмæ Минесоты протоколы комбинирон спайдагæнгæйæ.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.