Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
«Æлвыд у» - æгомæгæс динон гоймæгты номхыгъд 20-æм азты Гуры
1921 азы советты æрлæуды фæстæ Гуры уезды сæдæгай аргъуаны æхгæд æрцыд , динон гоймæгты та, анапорæ скодтой. Гуры архивы æфснайд ис æрмæджытæ, кæцы большевикты хицауиуæгады фыццаг азты историйы æвдисы.

Мæнæ, цы фæрсæм Гуры уездон æххæстгæнæг комитеты ‘рдыгæй æрцæттæгонд иуæй-иу доклады, цыран сæрыстырæй фыссынц:

«Иу æрцæфæй фæтары ис йæхæдæг адæмы фæндæй, уыдон сафæг религи æмæ ацы фарсæй уыдонмæ стыр сгуыхтдзинад æмбæлы мæнгуырнондзинады ныхмæ тохы. Æнæхъæн уезды 217 аргъуанæй æхгæд æрцыд адæмæн сæхи фæндмæ гæсгæ 134 аргъуаны, аимæ иумæ, бирæ бынæтты нал аразынц дзуарыбонтæ, цыран тынг бирæ адæм тымбыл кодта кувынмæ æмæ абон кæд тымбыл кæнынц дзуарыбонты, уæд æрмæстдæр традицион æгъдæутты бахъахъхъæнынæн æмæ хъæлдзæг рæстæг арвитынæн, иуæй-иу аргъуантæ ныридæгæн рацарæзтой культурон уагдæттæй æмæ ахæм фæндон, бирæ рæтты ис», - цитатæйы фæуд.

С.С.С.Р. Меджврисхеуы темы æххæстгæнæг комитеты фыстæг Гуры уезды æххæстгæнæг комитетмæ, 1923 азы:
Сусæгдзинад, хæрзтагъд уездон æххæстгæнæг комитеты мидæгон хицауиуæгмæ.
Уæ сусæг фыстæгмæ гæсгæ уын фыссæм аргъуаны æмæ аргъуаны кусджыты номхыгъд. Номхыгъд аргъуанты æмæ сауджынты (растцытгæнджыты) Гуры районы Гуры уезды, цыран уагъд цæуы литурги:

1. Каралеты Мады-Майрæмы аргъуан – сауджын Мчедилдзе Вано
2. Патара (Чысыл) Гареджвары Гиоргийы (Сыгъдæг Гиоргийы) аргъуан – деканоз Мцуравишвили Лентъо. Дыууæ дæр пырх сты, дуæрттæ гом сты æмæ дзы уый тыххæй уагъд цæуы литурги.

Æхгæд аргъуанты æвдисæндар:

1. Атъены Мады-Майрæмы аргъуан – сауджын Едилашвили Габриел.
2. Ормоцийы (Дыууиссæдзы) Мады-Майрæмы аргъуан – сауджын Папелишвили Гиорги.
3. Рехайы Мады-Майрæмы аргъуан – сауджын-моназон Дарчиа Гиорги.
4. Диди (Стыр) Гареджвары Мады-Майрæмы аргъуан – кæстæр сауджын Мчедлидзе Вано.
5. Тортизайы Мады-Майрæмы аргъуан – деканоз Мцхветадзе Леонти.
6.Хелтубанийы Мады-Майрæмы харебайы аргъуан – деканоз Окропиридзе Иродион.
7. Суенеты Мады-Майрæмы аргъуан – сауджын Хаханты Габо.
8. Рехайы аргъуан - сауджын Хаханты Габо.
9. Бербукы зæдты аргъуан – деканоз Окропиридзе Иродион. Йемæ ис

Фиппаинаг: регресисттæ æмæ консерватортæ сеппæт дæр.
Сусæгæй! Номхыгъд аргъуанты æмæ сауджынты (растцытгæнджыты) Меджврисхеуы районы - Гуры уезд:

1. Смебайы аргъуан – Бершуеты хъæу, сауджын Бибилури Лексо, национал-демократ – уадзы литурги.
2. Ацы аргъуаны ма диакъон Читадзе Васо æмæ диакъон национал-демократ.
3. Уым ма ноджы – Ахалбедашвили Тедо.
4. Мады-Майрæмы – Ахалсопели, сауджын Кокелидзе Эстате.
5. Уым ма, - Хуцураули Димитр, диакъон
6. `,,------------‘’ – хевсураг Сандро Тъарастъа.
7. Мады-Майрæмы, хъ. Зертъи-Урфанов, Тъертъера, Дашнакцакан.
8. Самебайы, хъ. Ахриси – Батиашвили Йосеб, сауджын, консервант.
9. Батиашвили Гегена – диакъон.

Æхгæд аргъуантæ

10. Супсаркис, хъ. Диди (Стыр) Меджврисхеу – Урфанов Аршак, Тъертъера.
11. Сыгъ. Марине – Диди (Стыр) Меджврисхеу – Хахуташвили Илико, сауджын, национал - (æвæццæгæн демократ).

(P.შ. фæнысанкæнинаг у, цæмæй раст Меджврисхеуы рагондæр, Сыгъдæг Маринейы аргъуаны сæ къух æрфыстой Анастасия Эристау-Хоштариа поэт Дутъу Мегрелимæ. Дзуарæфтыдыл, уыдонæн къухылхæцæг уыдис Церетели Акакий. - ვ.შ.)

12. Усанети – Диди (Стыр) Меджврисхеу – уыцы, кæнæ сауджын, национал (æвæццæгæн демократ – ვ.შ.).
13. Зæрдæвæрæн, уым – ахæм.
14. Мады-Майрæмы аргъуан, Укъугъмасопели (Зыгъуыммæхъæу) – Хахуташвили Гиго – æлвыд у.
15. Мады-Майрæмы аргъуан - Патара (Чысыл) Меджврисхеуы – уыцы.
16. Ахалджвари (Ногдзуар) – хъæу Ахалубани – Гамрекели Сейт, сауджын, нац-демократ литурги уадзы æрмæстдæр бæрæгбонты афæдзы мидæг иу хатт (æхгæд аргъуан у).
17. Мады-Майрæмы аргъуан Адзвийы, ахæм.
18. Мады-Майрæмы аргъуан Тхъвиауы – Дарбуашвили Шакро, сауджын (уадзы литурги).
19. Натлисцемлийы аргъуан Дзеверайы – Джавахишвили Никъо, сауджын. – уадзы литурги.
20. Мады-Майрæмы (Мады-Майрæмы - ვ.შ.) аргъуан Мереты – Унапкошвили Филипе, сауджын, уадзы литурги.
21. Самебайы аргъуан Карбы – Кучукашвили Сандро, сауджын, - уадзы литурги. 22. Натлисцемлийы аргъуан Плауы – Самадалашвили Николоз, сауджын, уадзы литурги.
23. Светицховелийы аргъуан Тирдзнисы, - Касрадзе Вано, уадзы литурги.
24. Натлисцемлийы аргъуан – Ломидзе Малаки – уадзы литурги.

Фиппаинаг: Меджврисхеуы хъæуы æнæ аргъуанæй аргъауы сауджын Дедабришвили Гиорги.

Æрмæджыты автор у: Шакарашвили Важа.

Бынæй фотонывыл: большевикты рдыгæй аргъуанæй дзаумæтты ахæссын (Уæрæсе, 1920-æм азтæ).

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.