Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Бакъуриайнаг ус, кæцыйы Цинцадзе Сулхан консерваторимæ æрбахуыдта
82 аздзыд Диаконишвили Тамар Бакъурианы цæрæг у. Уымæн йæ зарæг гуырдзиаг-ирон диалоджы уæнгтæн нырма ноджы 2014 азы сæ зæрдæмæ фæцыд. Видео фембæлды хайадисæг Битарты Леван систа. Фембæлдыл гуырдзиæгтæ æмæ ирæттæ азарыдысты зарæг «Сакартвело ламазо (Гуырдзыстон рæсугъд)».

Диаконишвили Тамары мах Бакъурианы бацагуырдтам.

Уый Бакъурианы зæронд сыхы цæры, цыран йæ сабибонтæ арвыста. Уымæн йæ зæрдыл хорз лæууы, æмæ киноныв «Чрдили гзазе (Талынг фæндагыл)» исыны рæстæджы, Боржомы æфсæнвæндаджы станцæйы, йе мгæрттимæ иумæ куыд азарыд. Кинонывы режиссер æмæ композитор æй сæйраг горæтмæ фæхуыдтой, фæлæ йæ фыд уый консерваторимæ нæ ауагъта. «Чрдили гзазе (Талынг фæндагыл)»-йы композитор уыдис Цинцадзе Сулхан

«Мæ фыд тынг хивæнд лæг уыд. Цалынмæ, дам дын дæхи бинонтæ нæ уыдзæн, уæдмæ, дам, дæ къах Бакъурианæй ничердæм авæрдзынæ, æмæ æцæгдæр афтæ æрцыд», - мысы Диаконишвили Тамар

Дзуры, цæмæй йæ сабибонты рæстæджы Бакъурианы хæзцъус адæм кæй цард, фæлæ улæфынмæ уæддæр цыдысты йæ уникалон климатмæ гæсгæ.

«Дзæвгар хъуагдзинад æмæ стыр тыхстдзинад баййæфтам, ахæм бонтæ арвыстам æмæ мæ нæ дæр фæнды сæ мысын. Уæлдайдæр та фыдыбæстæйон хæсты заманы æмæ уый фæстæ. Иу аз картофы тыллæг тынг хорз æрзадис. Нæ хæдзары бинонтæм, удмæ гæсгæ æрхаудта 25 тоннæйы картоф. Тынг бирæйæ уыдыстæм хæдзары, уæззау уавæрты цардыстæм. Ахастам ацы картофы Ныгуылæн Гуырдзыстонмæ æмæ йæ уым ауæй кодтам. Æмæ уæд чысыл сулæфыдыстæм», - дзуры Диаконишвили Тамар.

Диаконишвили Тамарæн йæ мойы мыггак у. Йæ моимæ иумæ уыдон сæ сабибонтæ иу сыхы арвыстой:

«Уый ме ‘мкъласаг æмæ мæ хæлар уыд. Уый дæр – зарæггæнæг. Иумæ нæ ракæ-бакæ кодтой скъолæйы рæстæджы куы Боржоммæ, куы та кæдæм æмæ нæ зарын кодтой. Бакъурианы æнæ махæй мадзал уагъд нæ цыдис. Фæндыд мæ ахуыры адарддæр кæнын, фæлæ мын нæ бантыст, куы смой кодтон, нæдæр уый фæстæ мæ бон баци мæ ахуыр адарддæр кæнын. хъæбулты хъомыл кæнын хъуыд», - дзуры Тамар.

Мах Диаконишвили Тамаримæ базонгæ стæм 2014 азы ист видеомæ гæсгæ, кæцы гуырдзиаг-ирон фембæлды фæстæ, бынæттон цæрæг Битарты Леван систа. Ацы видеойы гуйраг Беришвили Махъвала æмæ бакъуриайнæгтæ – Хецуриани Лейла, Диаконишвили Тамар æмæ Битарты Леван зарынц зарæг «Сакартвело ламазо (Гуырдзыстон рæсугъд)».

Ацы фембæлдтытæ уагъд цыдысты организаци «Сылгоймæгтæ сабырад æмæ æдасдзинадæн» разамындгæнæг Мебуке Мананайы сæргълæудæй. Мебуке Манана 2016 азы æнæнхъæлæджы фæзиан:

«Æз æрæгмæ фехъуыстон Мананайы фæзианы хабар. Куы йæ фехъуыстон, судзгæ цæссыгтæй фæкуыдтон. Ахæм тынг хорз адæймаг уыд, ахæм хæларзæрдæ, ахæм хъарм, мæнæй уый никуы ферох уыдзæнис», - загъта нын Диаконишвили Тамар.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.