Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Цхурбаты Тимур: «Уый, æмæ Европæ гуырдзиæгтæн визалиберализаци кæй ратта, уый мæнмæ зыны Хуссар Ирыстоны позитивон факторæй»
Цхинвайлаг журналист Цхурбаты Тимур зæгъы, цæмæй бæрæг рæстæджы фæстæ, гуырдзиаг æмæ цхинвайлаг æвзонг фæсивæд æмбар уавæрты æрбаддзысты баныхас кæнынмæ. Ацы ныфс Гуырдзыстоны æмæ Европæйы ‘хсæн уæвæг æмахастытæ дæттынц. Уый ныхасмæ гæсгæ, гуырдзиаг æвзонг фæсивæд ахуырад исынц Европæйы æмæ æндæр æргъдзинæдтыл ахуыр кæнынц. Конфликтæй 40 азы фæстæ та, уый фæстаг планмæ уыцы адæймæгтæ аргъæвдзысты, кæцытæн сæ зæрдыл карз мысинæгтæ лæууы.

Цхурбаты Тимуры уæрæх интервью студия -ре- ныффыста.
45-минутон интервьюйы Хъупарадзе Мамукъа æмæ Цхурбаты Тимур, 90-æм азты æмæ уый фæстæ уæвæг æмахастыты фæдыл, ныхас кодтой.

90-æм азты афæлгæсты фæстæ, диалог 2008 азы августы хæсты периодыл адарддæр ис. Уæ размæ уын хæссæм интервьюйы иу хай, цыран фыст ис: Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны Республикæйы расидты фæдыл, ауагъд диалогæй: (стил хъахъхъæд у)

Цхурбаты Тимур: «Мæнæн уый сюрприз уыдис, æмæ Уæрæсе куы расидтис Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады. Хуссар Ирыстоны Республикæ арæзт æрцыд ирон куырыхондзинадæй æмæ ирон хъæбатырдзинадæй нæ, фæлæ, уый арæзт æрцыд гуырдзиаг политикты къорды цыбырдзастдзинадæй. Уæрæсе расидтис Хуссар Ирыстон æмæ махæн уæлæмхасæй ноджы сæрибарад дæр. Зæгъæм, мæн нæ фæнды æмæ æрдæлæмæ кæнон ме статус, уымæн æмæ йыл æз ныридæгæн сахуыр дæн. Æз сахуыр дæн ууыл æмæ мах кæй стæм Республикæ. Нымайынц нæ, æви нæ, нæ нымайынц, уый сæйраг нæу. Ам сæйраг у, ды йæ дæхицæн куыд нымайыс. Раджы мæхи Гуырдзыстоны намысджын æмбæстагыл нымадтон. Ныр та, Хуссар Ирыстоны. Ныртæккæ ме статус ноджыдæр сбæрзонд ис. Æвзонг фæсивæды фылдæр хайæ, алчидæр йæхи афтæ нымайы».

Хъупарадзе Мамукъа – чизоны æмæ ай хъазт у уыцы тыхджын паддзахадæй статусы раттын, кæцы реалонæй, сымах дæр тынг хорз зонут, æмæ кæй нæу арæзт кæронмæ.

Цхурбаты Тимур: «Статус кæйдæр ‘рдыгæй нымадгонд у, кæйдæр ‘рдыгæй та нæу, фæлæ уын æз куы зæгъын, сæйраг уый нæу, нымайынц нæ æви нæ. Уый нымад у ирæттæн сæ фылдæр хайы удты мидæг. Афтæмæй нын фæзындис ныфс, цæмæй мах кæй стæм бæстæ, кæцы нал уæвыдис 600 азмæ ‘ввахс. Мах ферох кодтам, æмæ кæддæр кæй уыдыстæм бæстæ æмæ нын, раст, ацы ныфс радтой ногæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ай хъазт дæр у. Æз уый тынг хорз æмбарын. Фæлæ ацы хъазты мидæг махæн ис люфт. Æмæ ацы люфты фæлгæтты махæн нæ бон у серьезонæй фæхуыздæр кæнæм нæ эконмикæйы уавæры. Сбæлвырд кæнæм æгас дунейæн, фыццаджыдæр та, Гуырдзыстонæн, цæмæй махæн нæ бон кæй у Республикæйы саразын. Æз мæхи цæстæй уынын, æмæ Гуырдзыстоны кæй рæзы уый æмбарынад. Гуырдзыстон цæуы размæ, тынг кæны (рæзы) æмæ иуæй-иу стереотипæй хъуамæ ссæрибар уат. Æмæ, æвæццæгæн, 15-20 азы фæстæ… цæй æмæ афтæ зæгъдзынæн, æз нæдæр ахæм хорз чырыстон дæн, фæлæ æнæ гæсгæйæ уымæ, баззад ма нын 29 азы уыцы моменты онг, цалынмæ нын алцыдæр æрбæстон уыдзæнис. Цæмæн 29 азы? Уымæн æмæ 11 азы аивгъуыдта нæ хæдбардзинады расидынæй æмæ ныр хъæугæ у ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ ферох кæной уыцы ивгъуыды мысинæгты. Мойсей-пехуымпар 40 азы мидæг адæмы фæкодта æдзæрæгранмæ æмæ æрмæст уый фæстæ адæймæгтæ сразы сты æмбарады уавæртыл».

Хъупарадзе Мамукъа – æнхъæлмæ кæсинаг у алцыдæр, æндæр æмæ æндæр рæзынад гæнæн ис политиконæй дæр, æз ууыл теоретиконæй разы дæн, фæлæ Гуырдзыстоны позицимæ гæсгæ æцæг зын у бауырна мæ, æмæ искуы гуырдзиаг æхсæнад ауыл сразы уыдзæн, цæмæй Гуырдзыстоны центры æндæр паддзахад уа. Фæлæ, цæй, ныртæккæ ауыл ма быцæу кæнæм, æрмæст, мæ фæнды иу цыдæр фидарæй зæгъон, цæмæй Хуссар Ирыстоны цæрæг ирæттæ хæдбардзинадыл уæды онг никуы ахъуыды кодтой, цалынмæ конфликт не скарзис.

Цхурбаты Тимур: - «О, раст у, мæнæн мæ бон у æрмæст мæхи тыххæй зæгъон, æмæ уый æцæгæйдæр афтæ уыди».

Хъупарадзе Мамукъа: - «Кæнæ йæ зæгъæм афтæ, мæнæ ацы хæст, конфликт æмæ кæрæдзимæ ныхмæдзинад ирæттæм сæвзæрын кодта уыцы идейæ, цæмæй уыдонæн æнцондæр уыдзæнис æнæ гуырдзиæгтæй цæрын, кæнæ æндæр бæстæйы, кæнæ хæдбарæй. Афтæ у нæ? Æз æй афтæ æмбарын».

Цхурбаты Тимур: - «Афтæ у, нæ хиæмбарынад сырæзтис ныхмæдзинæдтыл. Къуыммæ нæ батардтой. Махæн алидзæн никуыдæм уыдис. Уæрæсе мах йæхимæ нæ иста. Гуырдзыстон тырныдта æрбакъуындæг нæ кодтаид æмæ махæн æндæр амал нæ уыдис. Фактивонæй, ай уыдис махæн тыхархайдæй архайын. Фæлæ ныр уый бæрæггонд у æмæ ныртæккæ Хуссар Ирыстоны дыууæ змæлд ис. Иу хай дзы тырны фæкъаддæр кæна Хуссар Ирыстоны статусы æмæ йæ Уæрæсеимæ сиу кæна, кæцыйы æз нымайын фæстæмæ къахдзæфыл æмæ мæнæн уый категорионæй нæу райсинаг, фæлæ ай уæддæр афтæ куы рауайа, уæд Уæрæсейы ныхмæ æз нал тох кæндзынæн, æмæ мæ нæ дæр уырны æмæ исчи тох кæна. Фæлæ Уæрæсейæн йæхи дæр нæ хъæуы æмæ æмæ мах йæ хай суæм. Æмæ уый тыххæй, мæнæн уæддæр мæ ныфс нæ сæтты, æмæ мæ ноджы фылдæр Гуырдзыстоны ныфс ис мæн; уый, æмæ Европæ гуырдзиæгтæн куы ратта визæлиберализаци, уый æз нымайын Хуссар Ирыстоны позитивон факторыл. Гуырдзиаг æвзонг фæсивæд хорз ахуырад исынц Европæйы æмæ Европæйы абсолютонæй хицæнхуыз æмбарынæдтæ æмæ принциптæ ис. Æмæ æз сымах хорз æмбарын æмæ уый дæр æмбарын куыд зын у фенай æндæр републикæ Гуырдзыстоны сконды…»

Хъупарадзе Мамукъа – Гуырдзыстоны тæккæ астæу.

Цхурбаты Тимур: - «О, тæккæ астæуы, Гуырдзыстоны тæккæ астæу, æз дæр сымахау афтæ зæгъын, фæлæ ай сымахæн у афтæ, æмæ уый тыххæй æз зæгъын, æнæмæнгхъæугæ у, ноджы 29 азы рацæуа, мах уæд уыдзыстæм дадатæ æмæ нæ ничиуал бафæрсдзæнис. Мæн ныфс ис æмæ нæ хъæбултæ æмбар уавæрты кæй баныхас кæндзысты».
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.