Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Ҧхынҷкәын 2024 »»
п в с ч п с в
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Кокашвили Придон – бошураг ахуыргæнæг Левитанайы
Æрмæг бацæттæгонд у æхсæнад «Биликъийы» уæнг ахуырдзауты хайадистæй, кæцытæн сæ нысан у Левитанайы скъолæйы æмæ сæ ахуыргæнæджы æрвылбонон царды ивддзинæдтæ бахæссын.

63-аздзыд Кокашвили Придон райсом 6 сахатыл райхъал вæййы. Фосмæ базилы, стæй та йæ зæронд мадмæ, кæцыйы ныртæккæ йе ‘нæниздзинад фæхуыздæр кæнынæн, хоскæнынмæ йæ хомæ, Гуры районмæ, рæстæгмæ арвыста. Кокашили Придон 2000 азæй Левитанайы хъæуы райдиан скъолæйы иунæг-иу ахуыргæнæг у.

Фыццаг азы йæм уыдис 28 сабийы, уый фæстæ, 50 хæдзары онг цæрæг хъæуы цæрджытæ фæкъаддæр сты. Ныртæккæ, Левитанайы 15 хæдзары бинонтæ цæры, сæйрагæйдæр, этникон азербайджайнæгтæ сты. Хæдзæртты цæрджытæн сæ фылдæр хъæумæ сæрды рæстæджы æрцæуынц, куыд сæрды хизæнтæм. Фæззæджы та, быдырмæ ацæуынц.


Фотонывыл: Левитанайы хъæу.

Левитана æппæты кæройнаг хъæу у Танайы комы æмæ рог автомобилыл уырдæм не ‘ссæудзынæ. Атъены фæстæ гæнæн ис æмæ машинæйыл бацæуай Биисы онг. Биисы фæстæ, къæвдайы рæстæджы, фæндагыл ахизæн нæй, æвæд у.

Атъены фæстæ иннæ хъæутæ сты: Бобнеу, Бииси, Ормоци, Квемо (дæллаг) Бошура, Земо (уæллаг) Бошура, Тусреу, Хъвелаантубани, Гаглоантубани æмæ уый фæстæ та Левитана. Денджызы æмвæзæй 1500 м бæрзæндыл уæвы, апрелы мæйы дзы мит дæр рауары.



Кокашвили Придон цæмæй Левитанайы скъолæмæ бахæццæ уа, уый тыххæй ахизы цалдæр хъæуыл: Земо (уæллаг) Бошурайыл, Тусреуыл, Хъвелаантубанийыл æмæ Гаглоантубанийыл.

«Къуырийы мидæг дыууæ боны фистæгæй фæцæуын скъолæмæ. Мæ хæдзарæй скъолæйы онг 9 км у. Æртæ боны микроавтобус цæуы, иннæ дыууæ боны та, Хъвелаантубанийы онг бацæуын машинæйыл. Миты æмæ цъыфы рæстæджы уырдæм нæдæр бацæудзынæ», - зæгъы Придон.



«Биликъийы» ахуырдзаутæ вæййынц скъолæйы уроктыл, цыран 4 скъолæдзау ахуыр кæны.

Левитанайы скъолæ Бошуры æхсæнадон скъолæйы дæлбары ис. Скъолæйы директор Хъвелашвили Тамила дзуры, цæмæй Кокашвили Придон комы раппæлинаг педагог у. Уымæн йæ хъомыл ахуырдзаутæ æнтыстджынæй адарддæр кæнынц сæ ахуыр Бошурайы æхсæнадон скъолæйы.


«Биликъийы» ахуырдзаутæ интервьюйы исыны рæстæджы.

«Левитанайы скъолæйы кусын зын у, уымæн æмæ, ныййарджыты нал фæфæнды, цæмæй сæ сабитæ ахуыр адарддæр кæной. Ацы аз ардыгæй Бошурайы скъолæмæ арвыстам дыууæ ахуырдзауы сæ ахуыр адарддæр кæнынмæ», - зæгъы Кокашвили Придон.

Кокашвили Придон каст фæци техникон университет, стæй та, педагогон ахуыргæнæндон. Йе ‘мкъай æмæ йæ хъæбултæ цæрынц горæты. Уый йæ мады æмæ йæ райгуырæн хъæуы Земо (уæллаг) Бошурайы нæ ныууагъта.


Фотонывыл: Кокашвили Придоны мад, нывгонд у тъилойыл – нынныв æй кодта Придоны хъæбул.

«Æз мæхæдæг скъолæмæ 2 км-ы дæрддзæгмæ цыдтæн фистæгæй. Мæ сабибонты скъолæ сыхаг хъæуы уыдис. Сабийæ фæстæмæ мын фæлвæрд у фистæгæй цыд. 90-æм азты бинонтæ æркодтон. Уыдис тынг æвзæр азтæ, уæззау рæстæг, уæлдайдæр та, ацы комы. Иу азы хъæуы цалдæр сывæллоны фæрынчын, сæ тæвд нæ хаудта бынмæ, бæрзонд уыд сæ тæвд. Фæндаг кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ, дохтырмæ конд не ‘рцыдысты. 1994 азы хъæуы бирæтæ рынчынæй бæрзонд тæвдтимæ уыдысты. Мæ хъæбултæй сæ иу нæ бафæрæзта ацы бæрзонд тæвдтæн æмæ ныртæккæ у цыбыр фадæтты уæвæг. Фæлæ, нывкæнынмæ тынг хорз арæхсы. Ныртæккæ ахуыр кæны аивæдты ахуыргæнæндоны æмæ цыдæриддæр ацы уаты нывтæ ис, уыдон иуылдæр йæхи нывгонд сты», - зæгъы Кокашвили Придон.


Хид цæугæдон Танайыл

Цæрæнуаты ном Левитана историк Макалатиа Сергийы бæрæггæнæнмæ гæсгæ, 19-æм æнусы хуынд æрцыд. Ам зынгæ амалиуæггæнæг Зеземанæн хъæды æрмадз уыд, æмæ æфсæнвæндагыл хъæдтæ ласта. Советон системæйы æрфидары фæстæ, Зеземаны асырдтой, йæ бинонты фæллой йын байстой. Макалатийæн бынæттон цæрджытæ радзырдтой, цæмæй коймæгтæ ацы бынаты «Леви тана» (Танайы галиу фарс) уырыссаг æвзаджы æндæвдадæй схуыдтой, «Левитана», зæгъгæ.

Æрмæг бацæттæгонд у æхсæнад «Биликъи» фонды «Гом æхсæнад-Гуырдзыстон» фарсхæцынæй æххæст кæны проекты «Æрыгæттæ ивддзинæдтæн», кæцыйы нысан у Шида Картлийы цæрæг гуырдзиаг, ирон æмæ гуырдзиаг-ирон бинонты хъæбулты æмæ æвзонг фæсивæды æмбæстагон æмбарынады сбæрзонд кæнын æмæ мотивацийы сырæзыны ивддзинæдты инициатортæ. Проекты нысан у Шида Картлийы цæрæг ирон æмæ гуырдзиаг-ирон бинонты хъæбулты æмæ æрыгæтты æмбæстагон æмбарынады сбæрзондкæнын æмæ мотивацийы сырæзыны ивддзинæдты инициатортæ.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.