Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Ҧхынҷкәын 2024 »»
п в с ч п с в
252627282930 1
2 3 4 5 6 7 8
9 10 11 12 13 14 15
16 17 18 19 20 21 22
23 24 25 26 27 28 29
30 31 12345
Ног хабæрттæ
Никозы рагбийы къорд арæзт æрцыд
Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс Никозы хъæуы 40-мæ ‘ввахс æнахъом сабийы рагбийы къордмæ бацыд. Къордæн къухдариуæг кæны рагбийы клуб «Джикийы» уæнг Чъечъвадзе Давит.

Рагбийы клуб «Джикийы» минæвары ныхасмæ гæсгæ, Никозы рагбийы къорд дыууæ къуырийы размæ арæзт æрцыд. Абон та, лæппутимæ иумæ, спортивон фæзуатыл хъазынмæ чызджытс дæр æрбацыдысты.

«Цæмæй саби рагби æмæ уый аргъады райса, уый тыххæй райдиан этапæн æппæт уавæртæ ис. Спортивон фæзуатыл ис цъæх кæрдæг, ис нын пурти æмæ инвентар дæр. Рагбийы къорд арæзт æрцыд ИНО-йы сылгоймæгты организацийы æмæ рагбийы цæдисы финансон æххуысæй. Афтæмæй, оккупацион хаххмæ ‘ввахс цæрæг сабитæн, кæцытæ цымыдис кæнынц ацы хуызы спортмæ, ныртæккæ æппæт уавæртæ ис», - хъусын кæны рагбийы клуб «Джикийы» минæвар.

Никозы рагбийы къордмæ ма, ноджы, цæуынц сыхаг хъæуты цæрæг сабитæ дæр. Ног къорды уæнгтæ фестивалы хъæзтытæм сæхи цæттæ кæнынц, цыран сæйрагæй дæр 14-азы онг кары сабитæ хайад исдзысты. Клубы кусджыты ныфс ис, цæмæй фестивалы хъæзтыты райдыдмæ, ног командæ аккаг цæттæгонд кæй уыдзæнис.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.