Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
«Æгас Украинæйыл тохгæнгæйæ æрзылдтæн», - дыккаг дунеон хæсты ветеран Алибегты Илья
Ветеранты цытæн хæстон кады музейы цур мадзал уагъд æрцыд, цыран æвзонг фæсивæд гуырдзиаг кафт сæххæст кодтой.

Гуры муниципалитеты æдæппæт 9 ветераны ис, фæлæ уыдонæй мадзалмæ æрбацæуын æрмæст æхсæзæн баци сæ бон.

«Кавказы фронтыл уыдтæн. Кавказы ихджын хæхты. Уый фæстæ Кубаны, æгас Украинæйыл тохгæнгæйæ æрзылдтæн», - зæгъы ветеран Алибегты Илья.

Фашизмы ныхмæ тохы йæ хъæбатырдзинады мысы Табатадзе Иродион дæр.

«Æфсæддон æхсæвы тæхæг уыдтæн. Бомбæтæ згъæлстон Германы фашистон æфсæддон хæйттыл æмæ иугæндтыл. Цыдæриддæр мын иу бахæс кодта къухдариуæгад уый цæсгомджынæй æмæ æнæкъуыхцыйæ æххæст кодтон, Стъалин иу куы дзырдта, фæстагмæ, дам, уæлахиз уæддæр мах уыдзæн, зæгъгæ, уæд иуæй-иуты уый нæ уырныдта», - зæгъы хæсты ветеран.

Хæсты ветерантæн ацы боны фæдыл бынæттон хицауады минæвæрттæ зæрдиагæй арфæ ракодтой æмæ сын бирæ азты æнæниздзинад сæ зæрдæ загъта.

«Мах традиционæй æрвылхатт дæр банысан кæнæм ацы боны ветерантимæ иумæ. Абон æрмæст æхсæз ветераны æрбацыд ардæм, æдæппæтæй ма фараст ветераны баззад нæ муниципалитеты. Мах алцыппæтæй дæр æххуыс кæнæм нæ ветерантæн, сæ къух сын рог кæнæм, цæмæй цæрдæг æмæ æнæниз уой. Мах уыдонæн æрвылаз дæр иухаттон æххуыс 300 ларийы раттæм. Афтæ ма, сын ноджы, 9 майы тыххæй раттæм 300 ларийы», - загъта Гуры мэр Тавзарашвили Константине.

Ацы боны ма бынæттон хицауады минæвæрттæ хæсты фæмардуæвджыты мемориалы цурмæ дидинджытæ дæр бахастой.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.