Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Канадæйаг æмбæстон Гуры ссардта йæ фыды уæлмæрд, кæцы гастролтыл уæвыны рæстæджы фæзиан
Натали йæ бинонтимæ иумæ Канадæйы 1991 азæй фæстæмæ цæры. Йæ мой æмæ йæ хъæбултимæ иумæ уый Канадæмæ ацыдис цæрынмæ Уæрæсейæ. Гуырдзыстонмæ уый фыццаг хатт æрцыдис 1980-æм азы.

35 азы фæстæ та уый ноджы æрцыдис Гуырдзыстонмæ йæ фыды уæлмæрды агурæг. Йæ фыд уыдис Мæскуыйы театры артист Сергей Шабанов, кæцы Гуры гастролтыл уæвыны рæстæджы фæзиан.

«Ацы хабар æрцыд 1951 азы. Гуры гастролтыл уыдысты æмæ сценæйыл фæзиан. Гуры йæ баныгæдтой. Уæд æз æртæ аздзыд уыдтæн æмæ хорз лæууы мæ зæрдыл, хæдзармæ иу куы æрцыдис мæ фыд, уæд иу мын алыхатт дæр йæ сау пиджакы дзыппæй систа æмæ иу мын ратта шоколад» - зæгъы Натали.

Йæ фыды уæлмæрды агурæг дыккаг хатт ивгъуыд аз, 2018 азы сæрды æрцыдис. Уыцы рæстæгмæ Сергей Шабановы уæлмæрд нæ уыд бæрæггонд, нæ йæ зыдтой кæм ныгæд уыд, уый. Гуры уæлмæрды ног снысангонд директор Термакозашвили Шалва, йе ‘мкусджытимæ иумæ ноджы адарддæр кодтой уæлмæрды ссарыны куыст.

«Чидæриддæр зыдта ацы цауы тыххæй, уыдон иууылдæр бафарстам. Уыдоны ‘хсæн театры артист Гвадзабиа Анзоры дæр бафарстам. Уый ныртæккæ 80 аздзыд у æмæ гæнæн ис уый исты зыдтаид. Фæлæ, уый 50-æм азты рæстæджы æрцæугæ æвирхъау цауы тыххæй ницы зыдта. Ацы сылгоймаг нын балæгъстæ кодта, кæд, дам, ссарат уæлмæрды, уæд, дам, мын æнæмæнгæй фехъусын кæнут, зæгъгæ. Мах уæлмæрд ацы аз, январы мæйы ссардтам. Систам уæлмæрды фототæ æмæ йын сæ арвыстам Канадамæ. Ацы факт уымæн стыр æхсызгон хабар уыд, æмæ мах дæр райгондæй баззадыстæм, ахæм циндзинад ын кæй балæвар кодтам», - зæгъы Термакозашвили Шалва.

Натали Гуырдзыстонмæ, куыд уын загътон, афтæмæй, 2018 азы æрцыдис. Уый йæ хæстæгмæ фæдзырдта телефоны, Тбилисмæ, Хъанчашвили Гочамæ. Хъанчашвили Гочайы æххуысæй уый бадæтта курдиат Гуры мэримæ æмæ ма ноджы æмбæлон куыстуатмæ.


«Ноджыдæр мæ иухатт бæлвырдæй бауырныдта, æмæ куыд стыр зæрдæ ис гуырдзиагæн. Мæн фæнды ай тыххæй стыр бузныг зæгъон алы адæймагæн дæр. Нæ бинонтæ алыхатт дæр уарзтой Гуырдзыстоны, йæ зарджыты, йæ традициты», - зæгъы Натали.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.