Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Байгом скъола, цыран оккупацигонд ирон хъæуæй дыууæ лæппуйы ахуыр кæны
«Фæнды мæ сæрмагонд бузныг зæгъон уыцы дыууæ дæсæмкъласаг ахуырдзауæн, кæцытæ дæрдтыл зилынц æмæ цæуынц не скъолæмæ», - загъта скъолæйы директор Бибилури Лела, абоны ауагъд мадзалыл. Гуры муниципалитеты Квешы хъæуы астæуккаг скъолæ байгом ис, кæцы 2017 азæй æхгæд уыди.
Бибилури Лела qartli.ge-имæ ныхасы рæстæджы загъта, цæмæй дыууæ ахуырдзауы дæр сты лæппутæ æмæ цæрынц Земо (уæллаг) Арцеуы.
Земо (уæллаг) Арцеу Цхинвалы районмæ хауы æмæ Квешы хъæуимæ арæн кæны.

«Ацы сывæллæттæ не скъолæмæ сæ цæуын никуы фескъуыдтой. Æрмæст уыцы цауы, æмæ дихгæнæг хаххы цур ситуаци куы скарз вæййы, уæд сæ уыцы периоды сæ ныййарджытæ нæ рауадзынц скъолæмæ. Æндæр уавæры, æдзухæй цæуынц скъолæмæ. Дыууæ лæппуйы дæр хорз хъазынц къахпуртийæ æмæ сын фадат дæттæм, хуыздæр сæхи цæттæ кæной. Ис нын уыцы фæрæз, цæмæй хорз тренеримæ кусой. Сæ бинонтæ цæрынц Земо (уæллаг) Арцеуы æмæ сын уымæ гæсгæ æппæтæй æввахсдæр æмæ хуыздæр махмæ цæуын у. Ацы рæстæджы дæргъы уыдон ничи бахъыгдардта ардæм скъолæмæ цæуыны тыххæй», - загъта нын Бибилури Лела.

Базонынæн, 2008 азы августы хæстмæ, Земо (уæллаг) Арцеуы хъæуæй Квешы скъолæмæ цыдис 35 ахуырдзауы. Хæсты фæстæ, хъæуы цæрджыты фылдæр хай ныууагъта хъæу æмæ Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территоримæ рацыдысты. Иннæ цæрджытæ, сæйрагæйдæр, этникон ирæттæ ма, хъæуы баззадысты.

«Чидæриддæр нæ хицауады контролгонд территоримæ рахызт, уыдон цæрæн хæдзæрттæ æндæр æмæ æндæр рæтты райстой. Сæ иутæ Гуры райстой, иннæтæ æндæр æмæ æндæр рæтты æмæ уый тыххæй скъоладзауты дæр семæ акодтой. Земо (уæллаг) Арцеуы ма чи баззад, уыдоны сабитæ та махмæ адарддæр кодтой сæ ахуыр. Ныртæккæ уын мæ бон нæу зæгъын æмæ ма ацы дыууæ ахуырдзауæй дарддæр æндæр сабитæ дæр ис æви нæ хъæуы», - загъта скъолæйы директор Бибилури Лела.

Квешы хъæу – дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс:
«Æз ноджы иу хатт сидын Цхинвалы дэ-факто хицауадмæ байгом кæна уадзæн пунктты, цæмæй цæрджытæн радтой дыууæрдæм сæрибарæй змæлыны фадат æмæ нормалон царды фæрæз». Ай фæдыл АИШ-ы минæвары хæсты æххæстгæнæг Элисабед Руд Квешы хъæуы фехъусын кодта, цыран уый скъолæйы байгом кæныны мадзалы хайад райста.

Банысангонд скъолæ Гуры муниципалитеты, дихгæнæг хаххы цур ис. Ахуыргæнæн уагдон, кæцы 2017 азы ноябрæй æхгæд æрцыд аварион уавæрмæ гæсгæ, АИШ-ы хицауады æххуысæй, цалцæггонд æрцыд. Раст, ацы скъолæйæ æрсидт минæвары хæсты æххæстгæнæг дэ-факто хицауадмæ, цæмæй йæ хъус æрдара адæймæгты гуманитарон уавæрмæ.

«Иугонд Штатты тынг тыхсын кæны ситуацийы фæфыддæр дихгæнæг хаххы цур, уæлдайдæр, хъуыддаг куы хауы ног сындзтелгæрæны ауагъдмæ, сæрмагондæй, уыцы бынæттыл, кæцыты Тбилис рагæй контроль кæны. Кæй зæгъын æй хъæуы, ай фыддæр кæны гуманитарон ситуацийы дихгæнæг хаххы дыууæ фарсæрдыгæй дæр æмæ цæрджытæн аразы зындзинæдтæ алы æрдæмадмæ. Мах ноджы иу хатт сидæм Цхинвалы дэ-факто хицауадмæ, цæмæй байгом кæна ацы уадзæн пункттæ, адæймæгтæн радта дыууæрдæм сæрибарæй цæуыны фадат, медицинон æххуыс цы адæймæгтæн хъæуы, уыдонæн цæмæй сæ бон уа райсой медицинон æххуыс æмæ иумæйагæйдæр ма хъыгдара адæймæгты нормалон цард кæнынæн», - фехъусын кодта минæвары хæсты æххæстгæнæг.


Квешы скъолæйы истори:
Квешы скъолæйы тыххæй Qartli.ge æрмæг нырма ноджы 2017 азы ноябры мæйы бацæттæ кодта. Уæд махæн зындгонд уыд, æмæ скъолæ æхгæд кæй æрцыд. Зæронд бæстыхай кæй уыд, уымæ гæсгæ дымгæ æмæ къæвдайæн æртыккаг уæладзыджы цар нал бафæрæзта æмæ æркалдис. Бынæттон цæрæг, Укъанцъхъароели Шалвайы ныхасмæ гæсгæ, чысыл ма бахъуыд æмæ æркалд æрмæг æфснайæджы сæрыл сæмбæлдаид.
«Цалдæр азы бæргæ дзырдтам, цæмæй скъолæйы къултæ хæлынц, пырх кæнынц, зæгъгæ. Фæлæ цалынмæ йæ цар æркалдис, уæдмæ йæм йæ хъус ничи æрдардта. Ныр æрцыдысты цалдæр боны размæ, федтой йæ æмæ загътой, цæмæй скъолæ хъуамæ æхгæд æрцæуа», - дзырдта Укъанцъхъароели Шалва.


Хъæуы баззайгæ ахуырдзаутæ скъолæйы кæрты адарддæр кæндзысты сæ хъазын. Кисишвили Гиоргийæн загътой, цæмæй уый иннæ къуырийæ чысыл Гареджварийы скъолæмæ кæй цæудзæнис. Кæстæр кълæсты ахуырдзаутæ Квемо (дæллаг) Арцеуы райдиан скъолæйы кæй адарддæр кæндзысты сæ ахуыр.
Ацы информацийы рухсады министрады ресурсцентры кусæг Гогладзе Тамар дæр бæлвырд кодта. Уый нын загъта, цæмæй 229 ахуырдзауæй 82 ахуырдзау Квемо (дæллаг) Арцеуы райдиан скъолæмæ æрвыст æрцыд. Иннæ 147 ахуырдзауы та – Гареджварийы скъолæмæ.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.