Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
3-хатты рахызт «арæныл» - Кобесты Андрейы хъуыддаг Гуры тæрхондоны æвзæрст цæуы
Гуры тæрхондоны, 15-æм январы, 37 аздзыд Кобесты Андрейы хъуыддаджы равзæрст ногæй æргъæвд æрцыд. Прокуратурæ аххосджыны нæ бавдыста. Æцæгæй та Кобесты Андрей Цхинвалы ахæстоны бады, уымæн æмæ официалон Тбилис уый Цхинвалы хицауадмæ 2019 азы августы мæйы алæвæрдта.

«Абон банысангонд уыд процесс, фæлæ уымæ гæсгæ, æмæ тæрхонгæнæгæн æндæр процесстæ кæй уыдис, нысангонд хъуыддаджы равзарын æргъæвд æрцыд. Аххосджын процесстыл нæ вæййы», - загътой нын тæрхондоны. Нæ фарстайæн, цæмæннæ вæййы аххосджын процесстыл, тæрхондоны дзуапп уыд, цæмæй уыдон уый фæдыл кæй ницы зонынц, уымæн æмæ процесс фæссауонмæ уагъд цæуы.

Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады Кобесты Андрейы тыххæй комментари нæ аразынц. Тæрхонгæнæджы æххуысгæнæг нын дзуры, зæгъгæ, хъуыддаг æвзæрст кæй цæуы уымæ гæсгæ аххосджын гираойы æххуысæй сæрибаргонд у: «æндæр деталтæ махæн æнæзонгæ сты, æмæ нæдæр агуырды статусæй пайда кæны», - загъта нын Какауридзе Шалвайы æххуысгæнæг.

Афтæ нын дзуапп нæй Гуырдзыстоны прокуратурæйæ дæр, кæцы ныр рагæй у æмæ процессыл æнæ аххосджынæй рацæуы.

Кобесы фыртæн бавдыстгонд аххосагæй бæрæг цæуы, æмæ уый Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территорийыл 3-хатты рахызти æмæ уыйас хатты фæстæмæ аздæхти. Йæ ныхмæ бавдыст ис дыууæ статья:

1. Гуырдзыстоны уголовон кодексы 344-æм статьяйы фыццаг хай (3 эпизод) – ай нысан кæны Гуырдзыстоны паддзахадон арæныл æнæзакъононæй ахизын.

2. Уголовон кодексы 322 прима статьяйы фыццаг хай (3 эпизод) – кæцы нысан кæны фæсарæйнаг бæстæйы æмбæстаг кæнæ гоймагæн нæй æмбæстонад æмæ афтæмæй бахызт оккупацигонд территоритыл.
Чи у Кобесты Андрей:


Кобесты Андрейы тыххæй информаци нырма ноджы 2017 азы фæзынд. Ирон медиа фыста, цæмæй уый аскъæфта бынæттон бизнесмен Цхуырбаты Александры. Цхуырбаты Александр 22-æм июлы йæхи машинæйыл Присы хъæуырдæм акодтой.
Аскъæфты тыххæй информаци милицæйæн скъæфты уæвæджы хъæбул фехъусын кодта. Фыд йæхæдæг йæ хъæбулмæ фæдзырдта æмæ ссæрибары сæрвæлтау, скъæфджытæн, 2 милуан сомы бафидын æркуырдта. Цхинвалы милицæ сбæлвырд кодта, цæмæй аскъæфæг Кобесты Андрей кæй уыдис, кæцы 2 азы дæргъы, агуырд цыд.

Дэ-факто хицауады мидхъуыддæгты министры пресс-куыстуат парахат кодта информацийы, цыран Кобесты Андрей æндæр фактыл дæр кæй басастис, сæрмагондæй, Гæбæраты Сæрмæтимæ иумæ бизнесмен Хетæгкаты Нугзары аскъæфт, кæцыйæ 2 милуан сомы бафидын æрдомдта. Хетæгкаты Нугзар скъæфджытæн æрмæстдæр 500 000 сомы бафыста.

Кобесты Андрей ма ноджы Сиукаты Генадийы аскъæфты фактыл дæр басасти, кæцыйæ йе ‘мбалимæ иумæ, 1,5 милуан сомы райста.

Цхуырбаты Александры аскъæфтмæ цы хауы уымæй, Цхинвалы милицæ ацы хъуыддаджы фæдыл Кобесты Андрейы 2017 азы 24-æм июлы æрцахста. Спецопераци уагъд æрцыд ирон милицæйы ‘рдыгæй Зары фæндагыл. Скъæфджытæй сæ иу алыгъди æмæ хъæды йæхи бааууон кодта.

Уый фæстæ зындгонд сси, цæмæй Кобесты Андрей Цхинвалы ахæстонæй ралыгъдис.

Быцæуфембæлд милицæимæ 2019 азы æмæ ралыгъд Тбилисырдæм.

2019 азы 16-æм июлы Цхинвалы районы Залдайы хъæуы, милицæйы æмкусджыты цæфтæй федтой.

«Уыцы рæстæджы, милицæйы дыууæ æмкусæг хъæуы иу хæдзармæ куы бацыдысты, цы ран уыдон æнхъæлдтой æмæ скъæфæг уым ис, раст сæ уырдыгæй æхсын байдыдтой», - фыста ирон медиа. Бынæттон журналистты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, милиционерты автоматикон хотыхæй æхстой дыууæ нæлгоймаджы, кæцытæ уый фæстæ сæхи бааууон кодтой. Цхинвалы милицæ уырнын кодта, цæмæй уыдон скъæфджытæ уыдысты, 37 аздзыд Кобесты Андрей æмæ 28 аздзыд Гæбæраты Сæрмæт.

2019 азы 17-æм июлы ирон сайтыл фæзынд информаци, цæмæй Кобесты Андрей æмæ Гæбæраты Сæрмæты гуырдзиаг полицæ æрцахста, зæгъгæ:

«Нырма нын мыггæгтæ нæ загътой, фæлæ мах бæлвырдæй зонæм æмæ скъæфджытæ сты. Уыдонæй сæ иу цæф у», - загъта дэ-факто Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Нониты Игор журналисттæн. Уый ныхасмæ гæсгæ, æрцахсты тыххæй, информаци дэ-факто хицауадæн Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси фехъусын кодта.

Дэ-факто республикæйы мидхъуыддæгты министр хъусын кодта, цæмæй скъæфджытæ Мамысанты сыхы онг (Эргнетмæ ‘ввахс) рахæццæ сты.

2019 азы 18-æм июлы Эргнеты ауагъд фембæлдыл ирон фарс ахæстыты раттын æрдомдта.

Иумæйон бадзырдты фæстæ 2019 азы 20-æм августы Кобесты Андрей Цхинвалы хицауады минæвæртты къухмæ лæвæрд æрцыд. Уый сæрвæлтау, Цхинвалæй Гуырдзыстоны 8 æмбæстаг ссæрибар кодтой. Ай фæдыл Эргнеты патрулон полицæйы хистæр Сирадзе Важамæ фарста раттой. Фæлæ Сирадзе Важа баивды тыххæй нæдæр «о» загъта æмæ нæдæр «нæ».

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.