Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
9 продукты, кæцыйы аргъ хицауад контроль кæны
"Премьер-министры бахæсгондæй, кусæм сæрмагонд механизмыл, кæцыйæ æргътæ контроль кæндзыстæм 9 сæйраг хæлцадон продукттыл. Ацы продукттæ сты: пырындз, макарон, зети, ссад, сæкæр, мæнæу, æхсыры ссадæг, сауфугæ (гречка), æмæ хъæдур", -фехъусын кодта хъæууон хæдзарады министр, Давиташвили Леван.

Уый ныхасмæ гæсгæ, егъау æрбадæтджытæ компенсаци райсдзысты уый тыххæй, цæмæй уыдон аргъ бахъахъхъæной æмæ цæмæй ма фæзынаргъ уой ацы 9 нысаниуæгджын продукты, кæцыйыл баст у нæ цæрджыты сæйрагдæр хайы хæлцадон продуктты ифтонг кæнын.

"Мах валютон рисктæй фæдзæхсты механизм бадæттам сæйраг импортертæн, ставд дистрибутортæн. Нæ бон у зæгъын, цæмæй фиксиргонд курсон режимы фæдзæхст скæндзыстæм хицæндзинады конкретон аргъæй æмæ конкретон ивæн курсæй. Бизнесимæ бадзырд уыд, уымæ гæсгæйæ, мах скусын кæндзыстым механизмы", - банысан кодта министр.

Цы хауы фæстауæрцмæ, уымæй бæстæйы сæйраг хæлцадон продуктты фæстауæрцтæ фаг ис:

"Уыд цалдæр продуктыл къуылымпыдзинад (дефицит), кæцы, иуæрдыгæй, паникон æлхæд расайдта, æмæ, иннæрдыгæй та, климаты тыххæй уыд. Боныхъæд фæхуыздæр: фæндæгты сыгъдæггæнæн куыстытæ интенсивонæй цæуынц æнæхъæн боны дæргъы уый тыххæй, цæмæй товар рæстæгыл уа, кæцы хъуамæ æрбацæуа сурзæххон фæндагæй Гуырдзыстонмæ Ларсæй. Фæхуыздæр уыдзæн уавæр Сау денджызыл дæр æмæ наутæй райдайдзысты æвдæлон кæнын хæлцадон продуктты. Æмæ фæстагмæ, хæлцадон продуктты дефицитæн æмæ æргъты фылдæрадæн ницы бындур нæ уæвы, иттæг ахсджиаг у, цæмæй хицауады рекомендацитæ алы æмбæстаг дæр йæ зæрдыл дара", - загъта алфæмблайы хъахъхъæныны æмæ хъæууон хæдзарады министр, Давиташвили Леван.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.