Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Гуры карантины пункт байгом
Гуры горæтмæ бахизæны карантины пункт байгом. Полицæйы æмæ хихъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ горæтмæ бацæуæг æмæ горæтæй рацæуæг æмбæстæгты, афтæ-ма уыдонмæ æмбæлгæ автомобилты сгарынц.

Автомобилы, скъæрæгы йеддæмæ, ма хъуамæ уа дыууæ бæлццонæй фылдæр, уыдон дæр хъуамæ бадой фæстаг бадæныл. Афтæ-ма, гуырысхойаг цауы, æмбæстæгты температурæ барынц.

Ахæм пункттæ Гуырдзыстоны 7 горæты байгом. Коронавирусы превенцийы нысанæй, Гуырдзыстоны хицауад фылдæр карз мадзæлтты ауадзын 30-æм мартъийы аскъуыддзаг кодта. Уый фæстæ, æмæ инфицирты нымæц 100-мæ куы схызт.

Гуырдзыстоны æппæтон карантин абон райсомы 8 сахатæй скуста . Изæры 21 сахатæй та, дуармæ змæлд тобæгонд у æмæ коменданты сахат архайы. 21:00 сахатæй райсомы 06:00 сахатмæ уыдзæн комендантон сахат.

Карантин деталонæй нысан кæны:

• Æххæстæй тобæгонд цæуы цахæмфæнды типы æхсæнадон транспортæй (се ‘хсæн метройæ) змæлын, куыд горæтты æмæ муниципалитетты мидæгæй, афтæ - горæтты ‘хсæн.
• Уагъд уыдзæн æрмæстдæр рог хæдтулгæтыл (уыдон æхсæн такситыл) цæуын, æрмæстдæр уыцы цауы, кæд æххæстгонд уыдзæн æнæниздзинад хъахъхъæды министрады рекомендаци æмæ автомобилы уыдзæн æрмæст 3 адæймаг, уыдон æхсæн, æрмæстдæр уыцы цауы, кæд дыууæ адæймаг баддзæн фæстаг бадæныл. Уый у иттæг нысаниуæгджын рекомендаци, кæцыйы æнæсæххæсты цауы, æмбæлон паддзахадон органтæ райсдзысты аккаг уынаффæтæ.
• Афтæма, бæлццæтты ласыны бар уыдзæн æрмæстдæр стратегион нысаниуæджы объектты æмкусджыты организацигондæй æмæ æдасæй ласыны нысанæн.
• Тобæгонд цæуы 3-йæ фылдæр адæймаджы æмбырд, хæлцадон продуктты магазин-тæй æмæ афтектæй дарддæр, цыран æнæмæнгхъæугæ у, дыууæ метры социалон дистанийы уаг æххæст кæнын.
• Афтæма, хицауады барлæвæрдæй амалиуæгадты куысты фæтк хицæнæй уыдзæн фыст æмæ сын уыдзæн хицæн протоколтæ, æнæниздзинад хъахъхъæды министрадимæ бадзырдæй. Мах ай аразæм уый тыххæй, цæмæй экономикæ адарддæр кæна кусын æмæ уыцы потенциалы, кæцы ис Гуырдзыстоны экономикæйæн, бынтон урæд ма рцæуа, уый тыххæй. Афтæ-ма, кæй зæгъын æй хъæуы, уый тыххæй, цæмæй не ‘мбæстæгтæ максималонæй бахъахъхъæной сæ куысты бынæттæ.
• Фæтобæ уыдзæн 70 азæй хистæрдæр æмбæстæгтæн дуармæ рацæуын уыцы цаутæй дарддæр, кæд уыдон фæцæуынц æввахсдæр продуктон дуканитæм, хæстæг афтектæм кæнæ медицинон уагдонмæ.
• Уыцы цауы, кæд æмæ 70 азæй хистæрдæр æмбæстæгтæ, иунæг сты, уæд æнæниздзинад хъахъхъæды æмæ экономикæйы министрадтæ, афтæ-ма, бынæттон муниципалитеттæ, хæсджын сты ахæм æмбæстæгтæн баххуыс кæной.
• Сегасæй нысаниуæгджын – сæрмагонд уавæры æмгъуыдæй хъуыстгонд цæуы фактонæй æххæст карантин. 21:00 сахатæй тобæгонд цæуы куыд фистæгæй, афтæ – транспортон фæрæзтæй горæтты мидæг æмæ бæстæйы масштабæй змæлд, райсомы 06:00 сахатмæ. Ноджы иу хатт банысан кæндзынæн æмæ фактонæй ай кæй нысан кæны бæстæйы масштабæй, 21:00 сахатæй райсомы 06:00 сахатмæ, хъуыстгонд цæуы а.х. коменданты сахат.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.