Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
"Диссаг у" - цхинвайлаг блогер нусхураг фыст фенгæйæ
"Тынг диссаджы фыст ссардтон бахизæны, ай нæдæр гуырдзиагау у æмæ нæдæр сомихагау у. Ацы бынатмæ нырма цалдæр хатты хъуамæ ссæуон æмæ нывтæ ноджы сисдзынæн, стæй куы æрыздæхон фæстæмæ уæд мæм фылдæр информаци уыдзæн", - афтæ бамбарын кодта цхинвайлаг блогер Карсанты Гурам фейсбукы фæлхасгæнджытæн уыцы аргъуаны фысты тыххæй, кæцыйы уый федта Додоты хъæуы.

Фейсбукы фæлхасгæнджытæн уый æмбарын кæны, цæмæй уый, Знауыры районы Додоты хъæуы кæй ис, æмæ видео апрелы мæйы кæрон ист кæй у. Ацы рæстæджы Санахъоты мыггаджы минæвæрттæ фараст дуарон аргъуаны хъæуы бæрæгбоны фæнысан кæнынц.

Фараст дуарон аргъуаны фыстытæ (зæронд гуырдзиаг - нусхураг) Иуане Тъбелимæ хауынц, кæцы Картлийы иуæй-иу дзырддзæугæ эристау уыди. Историк Мурдулиа Учайы зонæнтæм гæсгæ, Додоты аргъуан æртывæраргъуанон базиликæ уыди. Ацы аргъуаны фыстыты койгонд ис Иуане Тъбели: ,,Хуыцауы Номæй Иуане Эристау Тъбели дæ сарæзта афтæ Сыгъдæг Аргъуан – Кувæндонæн уый тыххæй æмæ фондз фырты уымæн ис".

Ацы аргъуаны-ма ныгуылæнырдыгæй дуары тимпаныл ист цыппар рæнхъон Асомтаврули фысты, кæцы 914 азмæ "ввахс датæгонд цæуы, цыран койгонд ис Иуане Тъбелийы фырт Кавтари: "Сыгъдæг Натлисмцемело, Æз куы дæн дæ цагъар Тбелийы фырт Кавтари дыууæ царды дæр".



Карсанты Гурам зæгъы, цæмæй раззаг боны Додоты хъæуы Бæлдæрæны бæрæгбоны снысан кодтой. "Бæлдæрæн" - ирон адæмон зæхкуысты къæлиндары уалдзыгон циклы бæрæгбон у, кæцыйы Куадзæны фæстæ фыццаг хуыцаубоны (Къвирацховлобайы боны) йæ фæкæнынц.

Традицимæ гæсгæ, Бæлдæрæны бæрæгбоны кодтой хъæугуывдтæ; хъæубæсты адæм иумæйагæй тымбыл кодтой бæгæныйы аразынæн æрмæг, кусæрттагæн æхцайы фæрæз, хæдзæрттæй хастой: дзул, арахъхъ, æртæ хæбизджын, аргæвстой-иу кусæрттаг æмæ-иу æрывæрдтой иумæйаг фынг. Скуывтой-иу æрдзы (аграрон) дзуæрттæм хъæздыг тыллæг æрзайын æмæ хæдзарон фосы бæркады фылдæр кæныны тыххæй. Бæрæгбон амоны, адæймаг æрдзы иу хай кæй у, йемæ фидар баст кæй у, кæрæдзийæ сын атонæн кæй нæй, уый. Уыцы бон хъуамæ хъæлдзæг, зæрдæрай уыдаиккой адæм. Бæрæгбоны хайад райсыны бар нæ уыдис æндæр хъæуы цæрджытæн.

Этнографты зонæнтæм гæсгæ, Къвирацховлоба Куадзæны бæрæгбоны циндзинады сног кæнын æмæ сæндидзын у Мацховарийы (Ирвæзынгæнæг) фæстæмæ уæларвмæ аздæхтмæ гæсгæ, Бæлдæрæны дыккаг номы – "Хæрдмæкæсæн (Уæларвмæ кæсын)"-ы мидис гæнæн ис æмæ, раст ацы нысаниуæгджын фæзынды æвдиса. Нысангонд цæстæнгасы фарс хæцы уыцы факт дæр, æмæ ирон адæмы æхсæн Бæлдæрæн алкæмæй хъæлдзæгдæр бæрæгбоныл нымад цыд. Уырныдта сæ, Бæлдæрæны бæрæгбоны куыд хъæлдзæгæй æмæ зæрдæрайæ арвыстаиккой, афтæ ацыдаид уыцы азы дæргъы сæ цард.



Додоты хъæуы цæрджытæ Бæлдæрæны бæрæгбон раст фараст дуарон аргъуаны цур нысан кæнынц, кæцы Картлийы Эристауты мыггагон аргъуан уыди. Историкты зонæнтæм гæсгæ, Тъбелитæ 9-æм æмæ 10-æм æнусты иуæй-иу тыхджындæр Эристаутæ уыдысты Картлийы. Тъбелитæм хаудысты Тъбеты (Борцвидзуары) аргъуантæ, Ереды Сыгъдæг Гиоргийы аргъуан æмæ Додоты аргъуан.

"Тъбелиты фæзынд Шида Картлийы Эристаутæй IX-æм æнусимæ баст у. Раст IX-æм æнусы райдианы ивд æрцыд Картлийы эристауы хицауад æмæ, гæнæн ис, уымæй фæстæмæ райдайы Шида Картлийы тыхджын феодалон хæдзары, Тъбелиты, тыхджындзинад æмæ эристаудзинад". (М. Лордкипанидзе).



Тъбелитæ пайда кæнынц Абхазты паддзæхты Шида Картлийы Экспансийæ, рацæуынц уыдонæн æмцæдисонтæй æмæ сæ уый бæсты Абхазты паддзæхтæй Картлийы гамгеблоба (хицаудзинад) райсынц. Тъбелиты тыхджындзинад йæ тæккæ тæмæнмæ схызт Иуанейы заманы. Уый Къонстантине Абхазты паддзахы æмцæдисон у, æмæ уый тыххæй райдайы Ереды фыст Гереты Къонстантине Абхазты паддзахы стæры цыды фыстæй. Тъбелты феодалоны стыр нысаниуæгдзинад уыд Цæгат Кавказимæ иугæнæг фæндаг, кæцы цалдæр мæсыгæй уыди фидаргонд, ахæм мæсгуытæ уыд: Ачабет, Чъех æмæ æнд. (Р. Меписашвили).




"
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.