Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Евроцæдисы Мисси ирон дзыллон информацийы рапарахатгонд бæрæггæнæнты дезинформаци хоны
20-æм майы дэ-факто Хуссар Ирыстоны Æдасдзинады куыстуат рапарахат кодта бæрæггæнæн уый фæдыл, цæмæй дихгæнæг хаххы цур æнæзакъононæй змæлы тагъд медицинон æххуысы машинæ. Агентад «Ресы» ‘рдыгæй рапарахатгонд статийы нысангонд ис, цæмæй æмбæстæгтæй биологион анализ исынц, зæгъгæ.

Цхинвалы «КГБ» тæрсы, цæмæй нысангонд машинæйæ дэ-факто Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусы апырх кæныныл архайынц, зæгъгæ. Ноджы фылдæр дæр, Евроцæдисы Миссийы офицертимæ иумæ Private-йы автомашинæты арæныл разынын комкоммæ баст у гуырдзиаг фарсы пъланимæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл æрæмбырд кæна биологион анализтæ...

«Ай тыххæй, сæйрагæй æддагон тасдзинад æвдисы Гуырдзыстонæй республикæйы территорийыл тæссаг инфекци бахæссын», - дзырд цæуы дэ-факто Æдасдзинады къамитеты хъусинаджы. Уый «Хуссар Ирыстоны» цæрджытæм сиды, цæмæй сæ хъус æрдарой, æмбæстагон хиæмбарынад равдисой æмæ ма сразы уой гуырдзиаг фарсы ‘рдыгæй бахатгæ медицинон иртасæнты хайад райсыныл.

Дэ-факто Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы, Гуырдзыстоны Р. Лугары номыл Æхсæнадон æнæниздзинад хъахъхъæды иртасæн центры тыххæй, рапарахатгонд бæрæггæнæнтæ, Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы архайд æнæдырысæй æмæ бынтон рæдыдæй равдыста. Ахæм дзуапп дæтты Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси «Ресы» рапарахатгонд статийы. Миссийы курдиатмæ гæсгæ, хъуыддаг 26-æм апрелы æрцæугæ фактмæ хауы.

Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси нысангонд статийы нымайы, куыд Миссийы ныхмæ арæзт, специалон æмæ æбæрнон дезинформацийы ноджы иу дæнцæг кæй у:

«26 æмæ 27-æм апрелы Мисси сдзуапп кодта тæвд хаххы активацитæн «химашинæты тыххæй, кæцытæ уыдысты йæ патрултимæ иумæ. Дзуаппæн, Мисси бамбарын кодта, куыд ам бамбарын кодта афтæ, цæмæй койгонд машинæтæ кæй уыдысты тагъд æххуысы машинæтæ, зæгъгæ. Тагъд æххуысы машинæтæ Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы патрултæн семæ цæуы Миссийы саразыны бонæй. Уыдон развæлгъау æдасдзинады стандартон мадзал сты. Не мгуыстдзинадыл аудыны хæсдзинады иу хай у, æмæ уыдон хъуамæ иумæ цæуой Евроцæдисы Цæстдарæг Миссийы æмкусджытимæ, цæмæй бахъуыды цауы, уыдонæн уайтагъд сæ бон бауа баххуыс кæнын, зæгъæм, авто-фæндагон цауы рæстæджы. Ай уæлдай нысаниуæгджын у дæрддзæф уæвæг бынæтты, цыран тагъд медицинон æххуысы райсын зынвадат у», - нысангонд ис Миссийы хъусинаджы.

Миссийы минæвæрттæ категорионæй æмбарын кæнынц, цæмæй тагъд медицинон æххуысы машинæ ирдæй бæрæг уыд. Сусæг змæлд нæ уыдис. Патрулир кæнын уагъд æрцыд пъланмæ гæсгæ. Иунæг æмбæстагимæ дæр нæ уыдис контакт. Ницыхуызон анализтæ уыд æрымбырдгонд æмæ нæдæр хъавыдыстæм. Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси у Цæстдарæг Мисси. Уый æрвыл бон дæр йæ цæст дары уавæрмæ, COVID пандемийы рæстæджы дæр. Алкæцы фарс дæр, се ‘хсæн Хуссар Ирыстоны хайадисджытæ, зонынц ацы фактты, кæцытæ уыдонæн бамбарын кодтой тæвд хаххы æххуысæй 26 æмæ 27-æм апрелы æмæ раздæр дæр бирæ азты дæргъы, зæгъæм, Инцидентты превенцийы æмæ сыл реагир кæныны механизмы фембæлдтыл нырма ноджы 2014 азы.

«Гуырдзыстоны Евроцæдисы Цæстдарæг Мисси æрвыл бон йæ цæст дары ситуацимæ бынатыл Хуссар Ирыстоны административон арæнон хаххы акомкоммæ. Нæ Мисси æдзухæй патрулир кæны пандемийы рæстæджы дæр. Махæн нæ ахаст у бынтондæр сæрибар», - кæсæм хъусинаджы.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.