Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Ковидимæ тохгæнæг медицинон хо дихгæнæг хаххы цур
Никозы амбулаторийæ 500 метры дæрддзæфмæ ис "Шанхайы" сых – Цхинвалы цæрæнуат, кæцыйы ацырдыгæй баззайгæтæ хонынц "Сындзтелгæрæн". Хæдзæрттæ медицинон уагдонæй уыйас хорз зынынц, цæмæй никозæгтæн чысыл рæстæгмæ дæр нæу сæ бон æмæ ферох кæной оккупацийы рыстдзинад. Ам кусæг медперсонал дыууæ фронтыл тох кæнынц. Амбулаторийы медицинон хо, Туаури Нино нырма æрмæст цыппар азы у, æнæниздзинады хъахъхъæныны сферæйы куы кусы. Æмбары йæ цас уæззау у эпидситуаци бæстæйы, фæлæ дзуры, цæмæй уый ам æнæмæнгхъæугæ у æмæ йæ бæрндзинадæй, кæцы йын пандеми æмæ анекси æмрæстæджы йæ бæрны бакодта, уымæй уый нæ алиддзæни.

"Цхинвалы корпустæ лабораторийы рудзынгæй хорз зынынц. Арæх-иу хынджылæг кæнæм, зæгъын, нæ снайпер фехста, уæд иу сантиметр дæр нæ фæивгъуыйдзæн, зæгъгæ. Æвзæр уый у, æмæ нын гæнæндзинад кæй нæй кæрæдзимæ цæуынæн. Фæнды мæ уымы цæрджытæ дæр райсой æххæстаргъджын медицинон æххуысы. Мæнæн сæ уæлдай нæй, чи уыдзæнис мæ пациент, ирон æви гуырдзиаг. Амæн ницы нысаниуæг ис. Уæлдайдæр ныртæккæ, вирус нæ афтæ куы цæгъдæн кæны", - дзуры нын Нино.
Фыццаг кусын байдыдта масажистæй, уый фæстæ медицинон хо сси, нырма Мцхетæйы реанимацион хайады куыста, фæлæ ныр хъæумæ æрбаздæхтис, уымæн æмæ ам æппæтæй тынгдæр хъæугæ у.

"Никозы лабораторийы лаборанты медицинон хо дæн, æрæджы бафтыдтой радиологы кабинет дæр, æмæ уым дæр медицинон хойæ кусын. Мцхетæйы медицинон центры цалынмæ пандеми райдыдта, уæдмæ куыстон реанимацийы. Куыддæр рынчындоны ковид-центрæй расидтысты, афтæ кусыны дыууæкъуырион режимыл ахызти. Æмæ уый тыххæй аскъуыддзаг кодтон реанимацийы хайадæй рацæуын æмæ æрмæст арызтаин тагъд тестытæ, цæмæй Никозы амбулаторийы дæр мæ бон уыдаид кусын. Зыдтон æй, цæмæй ам тынгдæр кæй хъуыди мæ сæр. Мæ хæдзары цур.



Ныр транспорты къуылымпыйы тыххæй æнæуи дæр нал цæуын Мцхетæмæ. Уыйхыгъд ам дæн æрвылбон сабат æмæ хуыцаубонæй дарддæр.

Нинойæн дæр зын разынд, фыццаг уылæнæй расайгæ æбæрæгдзинад æмæ хаосыл фæтых уæвын, фæлæ ныр алцыдæр фæивта. Вирусимæ æввахсдзинад æмæ йæ хуыздæр базонын, уый бирæ цыдæртæ сахуыр кодта.
"Æппæты сæрæй, куыддæр вирусыл дзырд цыдис, мæ хъуыдыйы дæр нæ уыдис æмæ мæн дæр бахъуыдаид йемæ тох кæнын. Гуырдзыстоны вирусы фиксирдзинады фыццаг цау мæ тынг фæтæрсын кодта. Тæссаг хаос уыди, рынчындæтæй сæ фылдæры ковид-центртæй куы расидтысты, кæй зæгъын æй хъæуы, алчи дæр нæ тарстис. Медицинон маскæйы нæ цæсгомæй нæ истам, тыхтытæ уыдыстæм, стæй æввахсдæр куы базыдтам ацы вирусы, уæд æндыгъдзинад фæтары, æмæ чысыл мах дæр æрлæмæгъ стæм. Хъыгагæн ай расайдта уый, æмæ инфициргондты нымæц тынг сбирæ", - дзуры нын Нино.

Куыстуатон бæрндзинадимæ иумæ-ма, уымæн ис ноджы бæрндзинад йæ бинонтыл. 36 –аздзыд медицинон хо 3 хъæбулы мад у æмæ йæ хорз æмбары, цæмæй йæ куыст арæх йæ хъæбулты æнæниздзинады дæр тасы кæй æппары.

"Ковидыл тагъд тестытæ аразын мын куы бахæс кодтой, уæд сæрæй мæхи тынг хъахъхъæдтон, цæмæй хæдзармæ мацы вирус бахастаин. Æртæ хъæбулы мын ис æмæ цæмæй мацы тасы бахаудаиккой. Пандеми ног райдайгæ куы уыди, уæд мæ чызг хæрдæй фæхъæстæ ис. Тæссаг аллерги йын уыдис. Йæ хъуыр барæсыди, улæфын йæ бон нæ уыдис æмæ йæ цæстытæ срæсыдысты. Тынг æвзæр хатыдта йæхи. Ай уыцы период уыди, тагъд æххуысы машинæтæ куы фæстиат кодтой рынчынтæм, кæнæ бынтондæр куы нæ арæхстысты æрбацæуын. Уæд афтæ æнхъæл уыдтæн, æмæ йын æз бахастон вирус æмæ йын ковиды тынг уæззау формæ ис. Нæ зыдтон цы хъуамæ сарæзтаин, тынг фæтыхстæн. Стæй йын антигистамин радтон æмæ йæ уавæр фæхуыздæр. Тагъд æххуыс куы æрбацыди, уæд уый дзæбæх уыдис. Ныр æй æмбарын, æмæ æз медицинон хо куы нæ уыдаин æмæ йын куы нæ баххуыс кодтаин, уæд ын тагъд æххуысы æрбацыд ницыуал баххуыс кодтаид. Искæй куы фæхъæуы ме "ххуыс, уæд тынг фидар дæн, фæлæ мæ хъæбулы куы бахъуыдтæн, уæд медицинон хойæ мад фылдæр уыдтæн".

Туаури Нино зæгъы, цæмæй ацы вирусы тыххæй уымæн йæ хъæбултæ мады хъусдардæй фæцух сты. Æндыгъд режиммæ гæсгæйæ уымæн арæх нал вæййы рæстæг семæ æмхиц уæвынæн. Хæдзармæ куы æрбацæуы, уæддæр архайы бинонты уæнгтæй изоляцигонд уа, æмæ социалон дистанцийы карзæй æххæст кæны.



"Ацы периоды уыдон тынг фæцух сты мæ хъусдардæй. 5-аздзыд чызг æдзухæй протест кæны мæ куысты. Стæй хæдзармæ дæр куы æрбацæуын, уæд архайын ма уон уыдонимæ контакты æмæ сæ ай дæр тынг арæнгонд кæны. Фæлæ йæ зонын, цæмæй ныртæккæ æппæтæй хъæугæ куысты кæй дæн. Уыдис-иу ахæм цаутæ дæр, æхсæвы иу мæм фæдзырдтой рынчынтæм, кæцыты медицинон хойы лæггад, туг уадзын, катетеры сывæрын, кæнæ исты ахæм æнгæс иу сæ куы хъуыд. Бирæ хæттыты-иу ацыдтæн уыцы рынчынтæм æхсæвы æмæ-иу сын æххуыс кодтон. Улæфты бонтæ нын къаддæр ис. Чысыл хъæу у æмæ йын нæ зæгъдзынæ, улæфты бон мын у æмæ дын нæ балæггад кæндзынæн".

Медицинон уагдоны æндыгъд куыстмæ æнæгæсгæйæ, медицинон хо фæразы пациенты хæдзары бабæрæг кæна æмæ йын уым бынаты исы лабораторион иртасæнтæ (анализтæ).
Бæстæйы уæвæг эпидситуацийы фоныл, медицинон хойы хæдзармæ визит уæлдай æхсызгондæр вæййы ацæргæтæн.

"Ныртæккæ мын бирæ хæслæвæрдтæ ис. Кусын лабораторийы, радиологийы. Цæуын хæдзæрттæм, уыдонмæ кæцытæ нæ фæразынц махы онг æрбацæуын. Бацæуын пациентмæ бынатмæ, анализ ын райсын, уый фæстæ раздæхын фæстæмæ лабораторимæ, аразæм ацы анализы æмæ стæй анализы дзуапп ахæссын уыдонмæ, хæдзармæ æмæ сын æй уым сæ къухмæ раттын. Нæ амбулатори фондз хъæуæн лæггад кæны æмæ нын уымæ гæсгæйæ бирæ куыст вæййы. Уыдис ахæм бонтæ дæр æмæ 50 пациентæн куы баллæггад кодтам. Пандемийы фæстæ ноджы фæфылдæр ис куыст. Афтæ стæм ковидимæ тохгæнгæйæ".

Никозы амбулатори 5 хъæуы цæрæг цæрджытæн лæггад кæны. Медицинон уагдоны инфраструктурæ 2008 азы августы хæсты фæстæ арæзт æрцыд.

Уæдмæ никозæгтæ, куыд Гуры клиникæты, афтæ, арæх, Цхинвалы рынчындоны лæггæдтæй пайда кодтой. Хæсты фæстæ, паддзахады æмæ минæварæдты финансон æххуысæй, медицинон центр сарæзтой.

Нырма хæрзæрæджы уыд, 2020 азы октябры мæйы Никозы амбулатори Германы минæварады "рдыгæй расидгæ грантон конкурсы куы фæуæлахиз. Проекты фæлгæтты Никозы амбулаторийы цалцæггонд æрцыд æмæ дзы сарæзтой нырыккон стандартты рентгенон диагностикон кабинет æмæ клиникон-биохимион-имуноферментон лаборатори.

2020 азы июны мæйы, Японийы минæварады финансон æххуысæй, организаци "Æмбаладон хид Картлос" амбулаторийы сифтонг кодта медицинон техникæйæ.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.