Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
1 ахуыргæнæг æмæ 3 ахуырдзау – Къодауардисубанмæ æрыздæхт
Къодауардисубаны хъæуы скъолæйы балкъоныл æрвылрайсомæй æртæ сабийы фæлæууы æмæ-иу фæндагмæ фæлгæсынц. Уыдон æнхъæлмæ кæсынц, горизонтыл æндæрг кæд разындзæн. Сæ ахуыргæнæджы дардæй базонынц. Куыддæр скъолæйы бæстыхаймæ ‘рбаввахс вæййы, афтæ йæ размæ ралидзынц æмæ йыл къулдуары цур сымбæлынц. Никъолозæн æмæ дыууæ Барбарейæн ноджы иу нысаниуæгджын бон райдайы, уый тыххæй æмæ, Лела-ахуыргæнæгæн йæ бон сси скъолæмæ æрбацæуын.

Никъолоз сегасæй чысылдæр у, фæлæ йæ уый дæр зоны, æмæ фæндаг, кæцыйыл ахуыргæнæг æрбацæуы уыдонмæ, тæссаг кæй у. Уæлдайдæр та, зымæджы.

Хистæртæй арæх хъусы, цæмæй хъæуы алыварс дзæвгар бирæгъ кæй ис æмæ тæрсы, мыййаг фæндагыл цæугæйæ ахуыргæнæгыл бирæгъ куы амбæла.

Къодауардисубаны фæндагыл ацæуын Бестауашвили Лелайы сахатæй фылдæр хъæуы. Уый Карелы Агарайы хъæуы цæры. Райсом 8 сахатыл хæдзарæй рахизы. Транспортыл Мохисы хъæуы фæзилæны онг æрбацæуы, стæй уырдыгæй фистæгæй адарддæр кæны йæ фæндаг.

«Знон ахæм дымгæ æмæ къæвда уыдис, æмæ зонтыкк тыххæйты урæдтон мæ къухы. Афтæ ныххуылыдз дæн, æмæ фæстæмæ раздæхынмæ хъавыдтæн. Стæй мæхицæн загътон, зæгъын, бацæудзынæн уæддæр скъолæмæ æмæ уым дæр схъарм уыдзынæн. Æртæ къай цæст дæм куы æнхъæлмæ кæса балкъонæй, уæд фæстæмæ зын у раздæхын», - зæгъы ахуыргæнæг.


Кълас сугын пецæй хъарм кæнынц. Фæлæ дымгæйы рæстæджы фæздæг къласы фæзилдух кæны. Урокыл дуары бакæнын бахъæуы.

Къæвдаджын æмæ асæст боны къласы уат æрдæг талынг вæййы. Скъолæйæн электроэнерги нæй. Æмæ уый тыххæй, ахуырады министрады ‘рдыгæй байуаргæ лептоптæ дæр, зæгъæн ис æмæ æнспайдагондæй лæууынц.

Пандемийы тыххæй æрлæугæ ахуыры процесс мартъийы мæйæ сног ис. Урокты процесс та, дывæргонд тыхтæй хъуамæ адарддæр уа. Ай уыцы хъæу у, цыран интернет дæр нæй.

Пандемийы периоды ахуыргæнæг æмæ ахуырдзаутæн кæрæдзиимæ контакт уыдис мобилон тилифоны фæрцы, æрмæст интернетæй нæ, фæлæ дзæнгæрæджы æххуысæй контакт кодтой:

«Сæ ныййарджыты тилифонæй мын уыдис контакт сабитимæ. Уроктæ сын фактивонæй ацы методмæ гæсгæ уагътон. Хъæуæн йæхи мидæг дæр нæй тилифон», - зæгъы Лела-ахуыргæнæг.

Къодауардисубаны скъолæ 4-къласон у, фæлæ дзы ацы аз æрмæст дыууæ къласы ис. Адонæй æртыккаг къласы иу ахуырдзау ис, фæлæ дыккаг къласы та дыууæ ахуырдзау ахуыр кæны. 4 къласы каст фæуыны фæстæ сабитæ сæ ахуыр адарддæр кæнынц Мохисы скъолæйы.

Скъолæйы директор Гелашвили Махъуала кой кæны, зæгъгæ, цалдæр азы размæ, Къодауардисубаны 20-25 ахуырдзауы уыдис. Цы расайдта сабиты контингенты ахæм ивддзинад, уый тыххæй скъолæйы директор афтæ зæгъы:

«Бирæ бинонтæ дзы горæтмæ ацыдысты цæрынмæ, рæстæгмæ. Уыдон уырдæм кусынмæ ацыдысты. Ай æз рæстæгмæ миграци схуыдтаин. Ныййарджытæ кæдæм ацыдысты, уырдæм семæ акодтой сæ хъæбулты дæр. Ныфс мæ ис, цæмæй уыдон рæхджы фæстæмæ кæй æрбаздæхдзысты», - зæгъы скъолæйы директор Гелашвили Махъуала.


Скъолæйы 8-9 аздзыд ахуырдзаутæ: Никъолоз æмæ дыууæ Барбаре ахуыр кæнынц. Никъолозы хæдзар скъолæмæ хæрзæввахс у. Нæдæр дыууæ Барбаре цæрынц дард скъолæмæ. Уыдон тынг уарзынц скъолæмæ цæуын:

«Тынг уарзын скъолæ. Тынг рæсугъд бæстыхай у не скъолæ. Алцы дæр нын ис, пец, хорз бæстыхай, тынг рæсугъд скъолæ нын ис», - зæгъы Барбаре.

Скъолæйы уазæгуаты уæвыны рæстæджы, сабиты ныййарджытæ дæр æрбамбырд сты, Мохисы скъолæйы директор дæр æрбацыдис. Ныййарджытæ ма худæн ныхæстæ дæр кодтой, сæрмагонд уроктау, дам, уагъд цæуы ахуыры процесс, уымæн æмæ къласы цъус сывæллон ис æмæ педагогæн дæр фылдæр рæстæг зайы алы ахуырдзауæн.

Бестауашвили Лела 3 азы ныр Къодауардисубаны ахуыр кæны сабиты:

«Фыццагхатт 3 азы размæ æрбацыдтæн ардæм рæстæгмæ. Æрбацыдтæн рæстæгмæ кусынмæ, фæлæ баззадтæн, куыд зыны афтæмæй, бынтондæр», - зæгъы педагог. Уый никуы ахъуыды кодта, æмæ ам бирæ рæстæджы баззадиаид, уымæн æмæ йæ рæстæгыл, нæдæр зыдта, æмæ ацы хъæу кæм уыдис уый.

Бестауашвили Лела цалдæр азы размæ Абисистауы æхсæнадон скъолæйы куыста. Уый фæстæ ваканси фæзынди Къодауардиубаны базæйы скъолæйы. Ныртæккæ растдæр уый хæрзиуæг у, æмæ дзы скъолæ кæй ис.

«Уыцы педагог, кæцы мæ размæ ам ахуыр кодта сабиты, фæсарæнтæм ацыдис. Рæстæгмæ улæфт ын уыдис ист, æмæ уый тыххæй æз дæр рæстæгмæ æрбацыдтæн кусынмæ, фæлæ уый куы нæ уал æрыздæхтис фæстæмæ, уæд баззадтæн æз дæр. Сæрæй мæ нæ фæндыдис баззайын, фæлæ куы ‘рбацыдтæн ардæм æмæ ацы уарзон сабиты куы æрбаййæфтон ам, уæд баззадтæн. Уый фæстæ фæлварæнтæ дæр радтон райдиан кълæсты, нæдæр афтæ хъавыдтæн, фæлæ уæддæр сарæзтон».

Бестауашвили Лелайы ахуырдзауты ныййарджытæ нын зæгъынц, цæмæй уыдонæн сæ хъæбултæ скъолæмæ цингæнгæ фылдæр ахуыргæнæджы тыххæй кæй цæуынц.

«Мæнæн тынг мæ зæрдæмæ цæуы, цъус кæй сты. Цæттæгæнæнау у», - зæгъы Баркъадзе Лали, дыккаг къласаг Барбарейы мад.

Æртыккаг къласаг Барбарейы нана Пъапъиашвили Ирма нын радзырдта уый дæр, куыд бахъыгдардта æнæинтернетдзинад пандемийы рæстæджы дистанцион ахуыры, æмæ сын уымæ гæсгæ скъолæйы байгом дывæрон æхсызгон кæй у.


Шида Картлийы фæстаг 10 азы дæргъы скъолæты нымæц фæкъаддæр ис. Кæд æмæ, 2010-2011 азты 177 скъолæ уыдис, уæд 2020-2021 азты сæ нымæц 172-мæ рхауди. Скъолæты къаддæрдзинад 2008 азы августы хæсты фæстæ райдыдта. Зæгъæм, 2007-2008 азты, статистикæйы национ куыстады бæрæггæнæнæй, Шида Картлийы 199 скъолæ функционир кодта.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.