Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Уплисцихейы æдзæмад
Къуары хидæй Уплисцихейы музейы онг, æрдæг километрмæ ‘ввахс, рæгъ-рæгъы лæууы тæрхæгтæ. Цалдæр рестораны дæр дзы ис. Ацы туристон объекттæ мæсыг-горæты алыварс 4-5 азы мидæг фæзындысты.

Абон ам фистæгæй ацæуын кæд аскъуыддзаг кæндзыстут, уæд дзы æрмæст æрдзы диссаджы уынæр фехъусдзыстут. Фæндагæй афтид хæлцады объектты дæр фендзыстут. Иу-дыууæ адæймаг уыл фембæлдзæнис, музейы æмкусджытæ, уыдон-иу хъахъхъæнынмæ радгæс куы рацæйцæуынц.

«Сæумæрайсомæй-иу ам куы райдыдта хъæлæба, машинæты змæлд, бирæ адæм цыд, æххæсгæ дæр сыл нæ кодтам», - зæгъы Татришвили Гигуца, амы ресторантæй сæ иуы хицау, кæцы хæдзарон бизнес раст ацы цалдæр азы размæ райдыдта. Йæ ресторан «Сализвары» ном хæссы, уымæн æмæ, йæ раст Сализваргомы размæ сарæзта.

«Залы 40 лæгон фынг æвæрдтам боны мидæг. Иннæтæн та халагъудты (пацхаты) фысымиуæг кодтам. Куы уын зæгъын, уыййас адæм цыдис, æмæ сын бынæттæ нæдæр фаг кодта, æмæ-иу сæ «нæ» загъдимæ æрвыстам», - зæгъы нæ фысым æмæ æппæтæй тынгдæр уыцы адæймæгтыл тыхсы, кæцытæ уыцы рестораны куыстой æмæ сын сезонон æфтиаг уыдис.



Татришвили Гигуца Куахрелы цæры, æнæуи та, Уплисцихейы хъæуы райгуырдис æмæ схъомылис. Абон ацы рагон хъæу нал уæвы, ардыгæтты нырма ноджы коммунистты рæстæджы Куахрелы æрцæрын кодтой. Татришвили Гигуца, кæцы æмрæстæджы ноджы у мæсыг-горæты гиддæр (экскурсовод), æрвылбон уый Уплисцихейы вæййы, стæй ноджы æввахс вæййы йæ райгуырæн хъæумæ дæр, æмæ лæггад кæны уыцы цыртæн, кæцыимæ уымæн йæ царды ахсджиагдæр азтæ баст сты.

«Ацы бынæттæ, цыран ресторантæ æмæ тæрхæгтæ æвæрд ис, раздæр ам уыдис сæнæфсиры сæндæттæ. Ацы зæххы хæйтты куыстой уплисцихейæгтæ æмæ дзы тыллæг истой. Æндæр ран сæндæттæ уплисцихейæгтæн нæ уыдис.

Куахрелы нæ куы æрцæрын кодтой, уæд ацы зæххытæ нæхи уыдысты. Æрвылаз-иу, донивылд стыр зиан хаста. Ныр æнæхъæнæй донбыластæрд сфидар кодтой æмæ цæхæрæдæттæм дон нал ракæлы. Ныртæккæ сыр аргъ ис ацы зæххытæн. Бирæтæ сæ ауæй кодтой сæ зæххытæ, бирæтæ та, дзы мæнау йæ зæххы хайы тæрхæгтæ сарызта æмæ сæ æххуырсты дæттын байдыдта, амæй уымæн фæзындис æфтиаг», - зæгъы Татришвили Гигуца.

Ацы зæххы хайыл сæрмагонд хæдзар арæзт ис Сиранашвили Пъепъойæн. Уый нырма, уплисцихейæгты рагон æгъдæуттыл æмæ традицитыл хæст у æмæ йæ зæххы хайы æрмæстдæр тыллæг зайын кæны. Уымæн йæ зæххы хайы алыварс ресторантæ бирæ кæнынц. Сиранашвили Пъепъойæн абон хъусдаринаг уый у, æмæ нуазыны доны трубæтæ куы ныккалдтой, уæд ын фæндаг къахтæй ныууагътой.



«Тынг зын ахизæн сси мæ цæхæрадонмæ бацæуæн фæндаг. Хорз у, дон кæй рауагътой, фæлæ æз цæмæн хъуамæ фæзиан кæнон. Нæдæр машинæ æмæ нæдæр тракторæн ис ахизæн ацы фæндагыл, уыййас стыр уæрмытæ ис мæ цæхæрадоны цур æмæ дзы ацæуæн нæй. Чизоны сын сымах фехъусын кæнат, цæмæй ацы уæрмытæ байдзаг кæной æмæ хуыр ныккалой», - рахъаст нын кодта Сиранашвили Пъепъо.

Къуары хидæй Уплисцихейы музейы онг дыууæ фæндаг цæуы, иу фæндаг дзы асфальтгонд у, иннæ фæндаг та – мæрджын у. Раст мæргонд фæндагмæ ‘ввахс сты зæххы хæйттæ. Ныры инфраструктурæйы райрæзт мæрджын фæндаджы фехæлдта. Амæй уыцы бинонтæ баййæфтой зиан, кæцытæ нырма ноджы хъæууон хæдзарады куыст кæнынц.

Æхсæнадон реестры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Уплисцихейы цъалайы зæххы хæйтты фылдæр регистрацийы уагъд сты. Цалдæр азы размæ, бынæттон цæрджытæ ацы зæххы хæйтты сфидар кæнын нæ тагъд кодтой. Уæдæй фæстæмæ та, куыддæр ацы территорийыл туристон объектты аразыны гæнæндзинад фæзынд, уæд зæххы хæйтты срегистраци кæнын алы хæдзары бинонты дæр æрфæндыд. Иутæн æнтысгæ дæр бакодта сæ зæххы хæйтты срегистраци кæнын, иуæй-иутæн та йæ хъуыддаг нырма тæрхондоны ис.

Йæ зæххы хайы сфидар кæнын нæ бантыст уплисцихейаг Цъицъикъашвили Бондойæн, кæцыйы зæххы хай дæр 2016 азы музейы автолæууæндоны арæзты амæттаг баци.

«Ацы зæххы хай нын нæ уыдис регистрацигонд, æмæ йæ хицауад банымадта, цæмæй уыдоны уыди, срегистраци йæ кодта цыртдзæвæнты хъахъхъæды агентад æмæ йыл машинæтты лæууæндон сарæзтой. Бирæ азты дæргъы хъаст кæнæм ацы зæххы хайы тыххæй. Æгас хъæуы æрбакодтам æвидсæнæн, уый тыххæй, цæмæй ацы зæххы хай мах кæй уыдис. Йæ рæстæджы, зæххы хайæ, хицауад аукционыл уæй дæр акодта. Чи йæ балхæдта, уый дзы тæрхæгтæ æрывæрдта йæхицæн. Афтæ нын байстой нæ фыдæлтæй баззайгæ зæххы хайы», - зæгъы Бондо.

Уплисцихейы туристты нымæц 2014-2015 азтæй фылдæрæй-фылдæр кодта. Уплисцихейы музейы директоры хæдивæг, Насхъидашвили Дина зæгъы, цæмæй пандемийы агъоммæ, æрвылаз музейы визиторты нымæц, зæгъæн ис æмæ 100 000-æй фылдæр уыдис.

«Абон та, ахæм диссаджы æдзæмад ис Уплисцихейы, æмæ æнкъарддзинады æвдисæг у. Зæгъæн ис, 10 азы ам кусын æмæ ахæм афтид, æрмæстдæр, æхсæвы сахатты уыдис фенæн ам. Ныфс нæ ис, кæд ацы аз нæ, фидæн азы æнæмæнгæй цард йæ гаччы кæй сбаддзæн æмæ ардыгæй хъæлдзæг уынæр кæй хъуысдзæнис», - зæгъы Насхъидашвили Дина.

2020 азы дæргъы Уплисцихемæ 20 692 визиторы æрбацыд, 2019 азы та – 312 131.

Уыдонæн сæ фылдæр фæсарæнтæй уыди.

2021 азы туристон сезон Уплисцихемæ мартъийы мæйæ байгом. Æрмæст иу мæйы мидæг цыртдзæвæн 840 адæймаг бабæрæг кодта, апрелы фыццаг дæс боны мидæг та – 910 адæймаг.

Æнæгæсгæйæ уымæ, æмæ Уплисцихейы, ацы азы, туристон сезон раздæры хуызæн кæй нæ уыдзæн уый æмбаргæйæ, уæддæр Шида Картлийы губернаторы хæдивæгæн Самхарадзе Нугзарæн оптимистон ахаст ис.

«Регионы хъуамæ байгом кæнæм æртæ ног туризмы информацион центры, уыдонæй иу уыдзæнис Хашуры æрбахизæны, иннæ Карелы центры, кæцымæ æгас Дзамайы ком хаудзæн æмæ æртыккаг та, Евроцæдисы гранты æххуысæй Гуры арæзт æрцыд, Гуры мæсыгмæ ‘ввахс – Ломчъабукъы монументы паркы. Уплисцихейы æрдæмадмæ дæр нын ис цалдæр планы, цæмæй цырт-накрдзалы территоримæ ‘ввахс ноджы интенсивондæр суа армукъаты функционир-кæнынад, цыран бынæттон амалиуæггæнджыты продукци уыдзæнис бавдыстгонд. Уый нæ уыдзæнис ахæм фрагментон активад, цахæм уыдис нырыонг, фæлæ йын уыдзæнис систематикон хуыз», - зæгъы Самхарадзе Нугзар.

Губернаторы хæдивæджы информацимæ гæсгæ, Шида Картлийы туристон сезон официалонæй майы мæйæ байгом уыдзæнис.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.