Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Хæдахуыр нывгæнæг Сараули Никъа Меджврисхеуæй (фото/видео)
Пандемийы периоды, арæнæвæрдты рæстæджы, кърандастæ дæр ын нæ уыдис, цæмæй йæ уарзон куыст кодтаит. Нывгæнæн æрмæг нæ уардта, Гурæй дæр ын ничи хаста, уымæн æмæ, транспорт нæ куыста. 16 аздзыд Сараули Никъайы тынг фæндыд, ацы сæрибар рæстæг нывкæныныл куы бахардз кодтаид.

«Скъола куы сæхгæдтой, уæд тынг зын уыдис хæдзары бадын. Нæдæр скъолæмæ цæуыс, нæдæр де ‘мбæлттæм æддæмæ хизыс. Æдзухæй хæдзары уыдтæн æмæ хæдзары куыстытæ кодтон. Компьютер мын радтой скъолæйы, æмæ мын уый тыххæй онлайн уроктыл уæвын зын нæ уыдис, нæдæр ме ‘мкарæнтæн уыдис зынвадат, фæлæ уæддæр стыр æхсызгон уыд скъолæйы байгомы хабар», - зæгъы нын Никъа.

Сараули Никъа Меджврисхеуы скъолæйы ахуыр кæны, хæдахуыр нывгæнæг ныртæккæ, 11-æм къласаг у. Скъолæ 2021 азы 1-аг мартъийæ, коронавирусы пандемийы дыккаг уылæны фæуды фæстæ байгом.

Ныр бæстæйы пандемийы æртыккаг уылæн байдыдта. Куы йæм бацыдыстæм репортаж аразыны тыххæй, уæд нæ Никъа фыццаг уымæй афарста, - «Цы сараздзæнис хицауад, сæхгæндзæн та, нæ фæстæмæ хæдзары?»

Хæдзары уæвыны рæстæджы Никъайæн дзæвгар куыст ис, фыццаджыдæр, йæ уроктæ хъуамæ æрцæттæ кæна. Уый базæйы къæпхæн æнтыстджынæй каст фæцис æмæ ныр национ фæлварæнтæм йæхи цæттæ кæны.


Фотойыл: Сараули Никъайы хæдзар Меджврисхеуы хъæуы

Ахуырæй дарддæр-ма, цæхæрадоны дæр фæкусы, хæдзарон цæрæгойтæм æмæ мæргътæм зилы. Сæрибар рæстæг ын, æппындæр нæ вæййы, æмæ йын кæд вæййы, уæд æй ныв кæнынæн пайда кæны.

«Æмткæй зæгъгæ, сабибонтæй фæстæмæ ныв кодтон, фæлæ цыдæр периоды мæ ныв кæнынад æрурæдтон. 3 азы размæ скъолæйы цыдæр сныв кодтон æмæ тынг мæ зæрдæмæ фæцыд. Скъолæйæ куы æрбаздæхтæн, компьютерæй рафыстон фото æмæ уый сныв кодтон. Уæдæй фæстæмæ сæйрагæйдæр портреттæ ныв кæнын», - зæгъы Никъа.

Портретты нывгæнгæйæ сæйраг хъусдард здæхт цæуы адæймаджы æнкъарæнтæм.

«Адæймаджы ныв кæнын тынг уарзын, - адæймаджы цæсгомы. Тынг цымыдисон у. Сæйрагæйдæр, уарзын цæстытæ ныв кæнын, фындз, былтæ æмæ сæры хъуынтæ. Мæнæн уый у хирдыгонау расидт. Ай мæнæн æхцондзинад дæтты», - зæгъы нын Никъа.

Ныв кæнын уый ничи сахуыр кодта. Сæйрагæйдæр уый графикæ уарзы, фæлæ фæстаг периоды, ныв кæнын хуызджын кърандастæй æмæ ахорæнтæй дæр райдыдта.

«Цымыдисмæ гæсгæ, гæнæн ис æмæ дæ æнкъард адæймаджы сныв кæнын æрфæнда, уымæн æмæ, йæ цæстыты цыдæр æнкъарддзинад зыны. Гæнæн ис æрфæнда дæ хъæлдзæг адæймаджы нынныв кæнын, цæмæй исты хъæлдзæгдзинад равдисай, кæнæ дын хъуыдыгонд уа, кæнæ дæ хъуыдыгонды равдисын бафæнда. Сæрмагондæй уæддæр æнкъарæнтæ сты мæнæн сæйраг æмæ æнкъарæнты æрцахсын уарзын ныв кæныны рæстæджы. Растдæр, ай у цымыдисон портреты ныв кæныны», - æмбарын нын кæны хæдахуыр нывгæнæг.


Фотойыл: Сараули Никъайы конд нывтæ

Пандемийы периоды, арæнæвæрдты рæстæджы бирæ адæймагæн раст ныв кæнын сси терапи. Цы ахадындзинад равдыста нывгæнджытыл æмæ уыдоны конд нывтыл карантин? Ай фæдыл нырма ноджы ивгъуыд азы, сæрды, америкæйаг рауагъдад, Вашингтон пост иртасæн ауагъта. Редакци аивады кусджыты пандемийы периоды сарæзт куыстыты бавдисын æркуырдта.

«Вашингтон пост» дунейы æндæр æмæ æндæр бæстæйæ 650-ы онг куысты райста. Иуæй-иу нывгæнæг æвдыста изоляцийы æмæ иунæгдзинады, иннæ пандемийы агъоммæ æмæ ныр бæллиццаг социалон сценæтæ ныв кодта. Иуæй-иу цæрæнбоны æвдыста хуызджынæй, чи та – тар хуызты.

Нæ хъайтар пандемийы периоды, сæйрагæйдæр хæдзары вæййы. Зилы бæлæттæм, куыддæр уалдзæг ралæууы, афтæ йын фылдæр рæстæг вæййы æрдзыл хъуыды кæнынæн. Амæн ын биологтйы уарзондзинад æххуыс кæны.

«Тынг бирæ уарзын биологи. Ай ахæм предмет у, кæцы адæймагæн æнæмæнгхъæугæ у. Бирæ цыдæртæ ахуыр кæнын æрдзæй. Мыдыбындзмæ дæр зилын, бæлæттæм дæр. Бирæ рæстæг хардз кæнын цæхæрадоны куыстытыл», - зæгъы Никъа.

Меджврисхеуы хъæу, цыран Никъа цæры, иуæй-иу стыр хъæу у Гуры муниципалитеты. Ам дыууæ астæуккаг скъолæ функционир кæны. Никъа дзуры, зæгъгæ, уымæн онлайн уроктыл уæвыны проблемæ нæ уыдис, уымæн æмæ, провайдер компанитæ хъæуы бæрзонд гъæды интернетæй ифтонг кæнынц.


Фотойыл: Сараули Никъайы бæлæтты чысыл фермæ

«Уымæ æнæгæсгæйæ, æмæ мын интернеты проблемæ нæ вæййы, уæддæр онлайн уроктæ тынг фæлмæцæн сты. Ацы рæстæджы æз фæзилын зайæгойтæм, мæргътæм, цæрæгойтæм, тынг бирæ цыдæртæ ахуыр кæнын уыдонæй», - зæгъы Никъа.

Никъайæн фидæны нысæнттæ дæр ис. Уый фæнды, цæмæй конструктор-инженер рацæуа.

«Нæ, биологимæ æппындæр нæ фæнд кæнын ахуырмæ бацæуон. Уарзын физикæ дæр æмæ хими дæр, афтæ-ма, математикæ дæр. Æз хъавын инженерон æрдæмадæй мæ ахуыр адарддæр кæнын. Уый мæ тынг цымыдис кæны æмæ раст ацы къуымæй хъавын мæ ахуыр адарддæр кæнын», - зæгъы нын Никъа.

Никъайы фæстаг уарзон нывтæй сæ иу у Дата-дадайы портрет. Ванишвили Дата, кæцы сындзтелгæрæнты ахæсты 12 азы арвыста, цалдæр къуырийы размæ фæзиан.

«Дата-дадайы цæстæнгасы бакæсын ис æнкъарддзинад, уый тыххæй æмæ, уый æхгæд у иу бынатыл æмæ Гуырдзыстоны кæронмæ не ххæссы. Фæлæ йæ уæддæр стыр ныфс ис, ныфсдзинад гæнæн ис бакæсын», - æмбарын нын кæны Никъа, нывы æвдисгæйæ.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.