Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Махъишвили (Мæхъиты) Ксения – иунæг-иу цæрæг Гайчантыубанийы


Уæд нырма, 24 аздзыд уыдис, уæззау аварийы куы бахаудта. Хуыйæн фабрикæйы автобусы, цыран 10-мæ ‘ввахс хуыйæг сылгоймаг бадти, Гуры горæты йæ æндæр автобус скъуырдта. Ацы аварийы рæстæджы, æндæртимæ иумæ, Махъишвили (Мæхъиты) Ксения дæр бирæ зиан райста.


Уый, 40 азмæ ‘ввахс æрцæугæ ацы хабары кой, абон дæр тынг æрхæндæгæй кæны, уымæн æмæ уыцы бонæй, уымæн йæ цард фæивта.

«Афтæ уæззау рынчын фæдæн æмæ иу аз æмæ ‘рдæг уæлæмæ нал сыстадтæн, сынтæгыл уыдтæн æндæгъд. Уæдæй фæстæмæ, никуыуал бакуыстон. Цалынмæ мæ фыд удæгас уыдис, уæдмæ-иу æрмæст ардæм уый уынынмæ ссыдтæн. Стæй йæм зæрондырдæм дæр æз зылдтæн. Мæ фыд 1999 азы фæзиан. Куыд уый нæ ныууагъта хъæуы, æз дæр ныр афтæ дæн. Мæ фыд йæ хъæбулты горæтмæ ахуыр кæнынмæ арвыста. Стыр аргъ кодта уый ахуырæн. Алчидæр нæ уæлдæр ахуырдон каст фæцис. Йæхæдæг æгас комбæсты бухгалтерæй уыдис, 50 азы бакуыста», - зæгъы Махъишвили (Мæхъиты) Ксения.

Махъишвили (Мæхъиты) Ксения уыцы хъæуы цæры, цыранмæ рог автомобиль нæ цæуы. Æввахсдæр хъæумæ, Тъусребы онг дæрддзæг у 3,5 км.

Нæ машинæ Тъусребы бахизæны цур баурæдтам. Фæндаг нæзыты ‘хсæнты цæуы. Цæугæдон Гайчантыдоныл дыууæ чысыл хъæдын хидыл ахызтыстæм. Фæндаг та, хъæдæрмæг ласæн машинæты тыххæй хæлд у.

Фæндагыл ныл тъусребæгтæ фембæлдысты. Уыдон уым фос хызтой. Базыдтой нæ, уымæн æмæ раст, иу къуырийы размæ, сæ хъæуы уыдыстæм репортажы бацæтæ кæныны тыххæй. Иу къуырийы размæ нын раст уыдон загътой, цæмæй Гайчантыубанийы Махъишвили (Мæхъиты) Ксения кæй цæры.

«Ксеномæ цæут, нæ?!»

«Ой, ой, Робизон!!! Дæ фос рацыдысты?!» - æрбайхъуыст нæм дардæй Ксения–нанайы хъæлæс. Дардæй хъæр кодта йæ хæстæгмæ, Надибаидзе Робизонмæ, уымæн æмæ алфæмбылайы фос змæлæг нал федта.

Сылгоймаджы хъæр комы эхойау айхъуыст. Æрбаввахс стæм Гайчантыубанимæ æмæ бæлæсты ‘хсæнты æмбæхст зæронд хæдзарæй цæуæг фæздæг бафиппайдтам. Пецы арт сыгъдис, кæцы ууыл дзурæг уыд æмæ хъæуы чидæр кæй цæры, хъæу удæгас кæй у.

Ацы хъæу та Махъишвили (Мæхъиты) Ксенияйы фæрцы удæгас у, кæцы дзæвгар адæмы фысым вæййы, уæлдайдæр джип-туры хайадисджыты.

Куыд рабæрæг, афтæмæй, ацы комыл ахизгæйæ, джипы маркæйы хæдтулгæты, сæрмагондæй, зымæджы джип-туртæ уагъд цæуы, ауылтыл ахизынц Борджомы коммæ, кæнæ Цъалкъамæ. Фæндагыл та Махъишвили (Мæхъиты) Ксениямæ æрлæууынц. Йæ кæрты арæзт фынгыл фæцæл кæнынц, физонджытæ-иу скæнынц, хæбизджынтæ та сын Ксения-нана скæны, уый фæстæ туры хайадисджытæ сæ фæндаг адарддæр кæнынц.

«Иунæгæй цæрын, фæлæ ам уыйас адæм змæлы, хъуамæ сæ фенат. Тынг бирæ адæм минас кæнынмæ дæр ссæуынц ардæм, уæртæ нæ аргъунмæ. Тынг рагон аргъуан у, фæлæ цъусгай хæлы», - зæгъы Махъишвили (Мæхъиты) Ксения.

Цæуыл тыхсыс æппæтæй тынгдæр? Ацы фарстæн нын уайтагъд дзуапп ратта:

«Хæххон статус мын нæ дæттынц. Цыма ацы хъæу нæ уæвы. Уæдæ, æз кæм цæрын? Ныр иунæг дæн, фæлæ ам раздæр цас адæм цардис, зонут? Амæй стырдæр хъæу ацы комы нæ уыдис. Цыппаркъласон скъолæ дæр дзы уыдис», - дзуры нын фысым.

Махъишвили (Мæхъиты) Ксенияйы ныхасмæ гæсгæ, хъæуы ном равзæрд иу лæджы номæй, кæцы хуындис Гайча, уый Телауы районæй рацыди æмæ ам æрцардис.

«Уый тыххæй, хуыйны Гайчантыубани. Нæ мыггагæй лæг уырдыгæй рацыди, Ихъалтойæ. Раджы, æвзонгбонты экскурсийы уыдтæн Ихъалтойы. Уым иу сылгоймаджы федтон æмæ мын уый радзырдта, куыд рацыдис Гайча ардæм. Раст мын æй афтæ рахабар кодта, куыддæриддæр-иу æй мæ фыд дзырдта», - кой кæны Ксения.

Мæ фыд иунæг-иу адæймаг уыдис, кæцы 1991 азы хъæуы нæ ныууагъта æмæ нæ ацыдис никæдæм. Ай уыцы рæстæг уыд, æмæ гуырдзиаг-ирон конфликт йæ тæккæ тæмæны куы уыдис. Уый тыххæй æмæ, Махъишвилитæ ирæттыл нымад кæй цæуынц, уымæ гæсгæ криминалтæ ацы хъæуы дæр абырæг митæ кодтой.



«Мах фæндзæм фæлтæр стæм æмæ ирæттыл нымад цæуæм. 1991 азы змæстытæ куы райдыдта, чидæриддæр ма баззади ам, уыдондæр ацыдысты. Мæ фыды нæ фæтæрсын кодта ацы хабар. Хæдзар дæр басыгъди, фæлæ нæ ацыдис. Нæ хæдзары басыгътой æви басыгъд, уый дырысæй нæ зонын, никæуыл æрывæрдзынæн къух, фæлæ факт у æмæ бон сихорафон хæдзар басыгъд. Уый тыххæй, цард не ‘рвадæлы хæдзары адарддæр кодтам æмæ уым абоны онг æз цæрын. Уым нæй цæрæн уавæртæ, уымæн æмæ йын сыджытæй астæрд ис, мæ уæрджытæ риссынц æмæ ме нæниздзинадæн нæу хорз, фæлæ цы бакæнон? Уæртæ мын котедж æрбахастой, фæлæ къæвда боны донæй йедзаг кæны», - зæгъы Махъишвили (Мæхъиты) Ксения.

Цæрæн хæдзары бацалцæг кæныны тыххæй курдиат, Махъишвили (Мæхъиты) Ксения Гуры мэриамæ 2019 азы балæвæрдта. Уый алы датæйы дæр зæрдывæрдæй (æнæкæсгæйæ) зоны. Датæмæ хауы, куыд аз, афтæ мæй æмæ бон дæр. Зоны, кæд басыгъди хæдзар – 1991 азы 3-аг декабры; зоны, кæд ныффыста курдиат Гуры мэры номыл; зоны, кæд æрбахастой аразинаг котеджы хъæумæ æмæ а.д.

«Æмбисæхсæв уыди, иу стыр машинæйыл куы æрбаластой ацы котедж. Къахеттаг лæппу уыдис, уый æрбацыд тынг стыр машинæйыл. Ам сæ ‘ркалдтой нырма. Стæй йæ райдыдта аразын, фæлæ йын нæ рауад хорз арæзт. Дон дæр дзы хъары уæлейæ, æмæ дзы бынæй дæр дон æрбахъары. Гуры мэр уыдис фарон ам æмæ йын куы загътон: - уый та, дам, куыд? Райсом, дам, æнæмæнгæй æркæсдзыстæм ацы хъуыддагмæ æмæ дам, æй саразын кæндзыстæм, фæлæ уыцы лæджы нал уарынц, котедж нын чи æрбаласта», - зæгъы нæ фысым.

Махъишвили (Мæхъиты) Ксения тыхсы ууыл, æмæ йæ бынæттон хицауад æнæхъусдардæй кæй ныууагъта.

«Хорз зонын, æмæ нæ хъæуæн рахицæнгонд кæй ис 10 000 лари, фæлæ кæдæм цæуы уыцы хца? Кæдæм цæуы уыцы трубæтæ, нуазыны доны тыххæй сæ куы æрбаластой? Цæуылнæ мын ис дон? Суадонæй цæмæн хъуамæ хæссон æз дон? Ахъуыды-ма кæнут зымæджы куыд кæндзынæн? Фæнды мæ кæрты онг мын дон æрбауадзой. Бамбарын сын кæнут, Сакребулойы, кæд æмæ хъаст ныффыссон, искæй æрцахсдзысты æнæмæнгæй», - зæгъы хъæуы иунæг-иу цæрæг.

Куыд рабæрæг, афтæмæй, хъæуæн юридикон статус нæй. Уымæ гæсгæ, хъæуы программæйы фæлгæтты рахицæнгонд суммæ æрмæст сыхаг хъæутæн – Квемо (Дæллаг) æмæ Земо (Уæллаг) Бошуры, Тъусребы, Хъвеланыубани, Левитаны æмæ а.д. хъæутæн дихгонд цæуы. Ацы хъæутæ Бошуры администрацион теммæ хауынц. Раст, бошураг у уыцы адæймаг, кæцыйæн чысыл раздæр, Махъишвили (Мæхъиты) Ксения, æнæхъусдарды тыххæй, бауайдзæф кодта:

«Петре-Павлобайы бæрæгбоны бирæ адæм ссыдис аргъуанмæ. Æз дæр уым уыдтæн. Уым лæууыд нæ Сакребуло дæр æмæ йæхицæй æппæлыд: мæнæ, дам, Ксенойæн рухс куы бауагътой, уый, дам, мæ хæрзиуæг у; котедж, дам ын æрбаластой, уый дæр, дам, мæ хæрзиуæг у; дæ курдиат, дам, губернаторы авгын стъолы бын æвæрд у. Æз ын загътон, зæгъын, ныртæккæ ардыгæй фæтары у. Мæ хæстæг у, фæлæ мæ бон не сси æнæрæстдзинадмæ хъусын. Хуыздæр ын уыдзæни, мæнæ мын дон æмæ фæндаг сараза», - зæгъы нæ фысым.

Изæрырдæм тъусребæгтæ æмæ сæ фос дæр æрбазындысты. Гайчантыубанийы кæроны сын æмбонд арæзт ис, цыран æхсæвы фосы ныууадзынц. Фыййæуттæ кæд тынг фæллад нæ вæййынц, уæд Тъусребмæ ацæуынц фынæй кæнынмæ, кæннод та, уым баззайынц – Ксенойæн цы котедж сластой уым. Æниу, къæвдайы рæстæджы уым æрлæууæн нæй.

Хъæуы уыцы рæстæджы ныууагътам, хур дзæвгар рæстæг куы аныгуылд. Уазал уæлдæф нæ уыйас батыхсын кодта æмæ-иу цъус пецы цур алæууыдыстæм, нæхи ахъарм кодтам. Ацы рæстæджы та, быдыры тæвдæй судзы горæттæ æмæ хъæутæ.

Рацыдыстæм хъæуæй, рахызтыстæм Тъусреб, Квемо Бошур, Земо Бошур, Ормоци, Бийсмæ куы фæцæйхæццæ кодтам, уæд мобилон тилифоны бастдзинад дæр сæндидзыдта. Хицауиуæггæнæг къорды фейсбукы фарсыл мэрмæ кандидатты номхыгъд уыдис рапарахатгонд. «Гуырдзиаг бæллицц»-ы номæй Гуры хæдхицауиуæгады æвзæрстытыл хал æппары олимпæйаг чемпион Хинчегашвили Ладо.

Фыццаг фарст, кæцыйы интервьюйы рæстæджы ратдзыстæм, уыдзæн ахæм: фæуæлахизы цауы, куыд æрбæстон кæндзæнис Тъанайы комы хъæуты проблемæтæ?!


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.