Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Ахалгорæй Имерхеумæ – Дзацойты бинонтæ


Фæстаг 30 азы дæргъы, æвæццæгæн фыццаг цау у, æгас сæрды дæргъы Имерхеуы сабиты хъæлдзæг ныхас куы хъуысы. 3 мæйы дæргъы ам уыдоны хъæлдзæг цъыбар-цъыбур æдзухæй хъуыстис. Афтæ адарддæр сентябры мæйы дæр, уымæн æмæ, Тбилисы скъолæты пандемийы тыххæй, ахуыр октябрмæ аргъæвтой.

Хъæуы Дзацойты Васикъойы æмæ Далакишвили Мегийы хъæбултæ раудæгас кодтой. Васикъойы æмæ Мегийы хъæбултимæ иумæ сæ хæстæг саби дæр улæфы.

«Ныры онг-иу ардæм иу кæнæ дыууæ бонмæ æрцыдыстæм. Ныр æгас сæрды ам стæм. Ме ‘мкъай ам хæдзар балхæдта. Йæхæдæг Тбилисы кусы æмæ сабат-хуыцаубоны æрцæуы», - загъта нын Меги.

Дзацойты Васикъо æмæ йæ бинонтæ Ахалгоры районы Гарубаны хъæуæй сты. 2008 азы августы хæсты фæстæ, ацы хъæу оккупацигонд у. Фæстаг цалдæр азы, Ахалгоры фæндаг æхгæд æрцыд. Æмæ уый тыххæй, Дзацойты бинонтæн сæ райгуырæн хъæумæ цæуыны æмæ бабæрæг кæныны фадат нал ис:

«Хъæу нæ хъуыдис, цæмæй нын уыдаид. Кæм, кæм æмæ фæстагмæ аскъуыддзаг кодтам Имерхеуы хъæуы балхæдтиккам хæдзар. Адæм, æрдз... ме ‘мкъайæн æппæты хуыздæр мысæн ацы хъæуимæ цæдис кæны», - дзуры нын Меги.




Васикъо йæ сабибонты рæстæджы Имерхеуы хъæуы йæ мадыхомæ арæх цыдис. Имерхеу Карелы муниципалитеты ис, уым цыран цæугæдон Гъванана цæуы. Гъвананы цæугæдон Дзамайы комы галиуфарс ис.

Васикъойы мадыхо, йæ мадыхойы лæг æмæ æмхæрæфырттæ Рустауы сты. Имерхеуы уыдон дæр сæйрагæйдæр сæрды бонты вæййынц. Раст, Васикъойы мадыхойы лæг, Чилæхсаты Джемал нын баххуыс кодта Дзацойты бинонтимæ базонгæ уæвыны.

Фыццаг боны нын хъæумæ бацæуын нæ бантыст. Имерхеуы фæндагыл арæзтадон компанийы æмкусджытæ куыстой æмæ æнæхъæн боны дæргъы фæндаг уыдис æхгæд. Куыд арæзтадон компанийы æмкусджытæ, афтæ нæм, Карелы мэрийы æмкусджытæ фæхъыг сты, уый тыххæй æмæ сæ альтернативон фæндаг саразын кæй æркуырдтам, уымæн æмæ цахæмфæнды арæзтадон куыстыты рæстæджы, куыстдæттæг дæр æмæ куыстæххæстгæнæг дæр хæсджын сты цæрджыты бынативд ифтонг кæной альтернативон фæндагæй, уæлдайдæр та, пандемийы период у.

Згъудерæй та Имерхеуы онг рахизæн фæндаг тынг хæлдтытæ у, ацы фæндагæй æрмæстдæр фосы скъæрыны рæстæджы пайда кæнынц.

Тилифон хъæуы нæ ахсы æмæ уый тыххæй раззаг боны нæ фысымты нæ бафæдзæхстам, цæмæй хъæумæ бацæуын нæ къухы кæй не ‘фты, фæндаг кæй нæ уыд уымæ гæсгæ. Фысымтæ нæм дыккаг бон нал дæр æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ сæм мах уæддæр бацыдыстæм, æнæгæсгæ уымæ æмæ боныхъæд тынг фæкарз.



«Ацы ногарæзт фæндаг дæр тагъд фехæлдзæн», - зæгъы Меги, уымæн æмæ æнæхъæн боны мидæг, хъæуы централон фæндагыл хъæдæрмæгæй йедзаг машинæтæн се змæлд не ‘рлæууыди.

«Алы бон дæр афтæ у, стæй рагæй ласынц хъæды æмæ фæндаг арæзт куы ‘рцæуа уæд уыцы фæндаг дæр тагъд фехæлдзæн, уымæй дарддæр ма æрдз дæр зиан æййафы. Ам уый тыххæй стæм, æмæ дзы æрдз хорз кæй ис».

Комы къæвдаджын боны уæвынадæн йæхи зæрдæскъæфт ис. Къæвда æгас боны мидæг йæ уарынæй нæ банцад. Нæ амондæн хъæумæ ссæуын махæн къæвдайы размæ бантыст, æндæра рог автомобилыл цалдæр раны хæрдыл не схызтаиккам. Фактивонæй, хъæу зымæгæй дарддæр, сæрды дæр æхгæд цæуы стыр къæвдаты рæстæджы. Æмæ уый тыххæй, ног фæндаг хъæуæн стыр æххуыс уыдзæнис. Æниу, хъæдæрмæгæй йедзаг машинæты афтæ арæх змæлдæн куыд бафæраздзæн, уый ныридæгæн бынæттон цæрджытæн катайаг сси.

Арвнæрды аххосæй, хъæуы электроны рухс æмбис бонмæ нæ уыдис, куыд мит хæссы тасдзинад хъæуæн, афтæ – къæвда дæр. Инфраструктурæ нырма афтæ тынг размæ цыд нæу, цæмæй сæрдæй-зымæгæй мацы проблемæ фæзынын кæна.



«Кæмæйдæр æй фехъуыстон, цæмæй хъæумæ æрдзон газы æрбауадзынмæ кæй хъавынц, фæлæ кæд, уый дырысæй мæ бон нæу зæгъын», - зæгъы Меги. Хъæуы цæрджытæ сæрды дæргъы, сугын пецæй пайда кæнынц.

Меги нын куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, сабитæ æнæхъæн сæрды дæргъы, сæ рæстæг хъæуы иттæг хорз арвыстой.

«Ныр куы дзурынц, цæмæй ахуыры райдайын аргъæвтой, зæгъгæ. Ацы хабар сабитæн хъыг дæр нæ уыдис, уыйас хорз хатынц сæхи ам. Октябры стæй цы уыдзæнис, нæ зонæм. Кæд онлайн ахуыр адарддæр уыдзæнис, уæд нæ Тбилисмæ бахъæудзæн ацæуын. Ам куы баззайæм, уæд дзы интернет нæй, тилифон дæр нæ ахсы. Интернет дзы куы уаид, уæд октябры фæстæ дæр баззаиккам, Тбилисы æхгæдæй бадыны бæсты, нын ам бирæ хатт хуыздæр у», - зæгъы нæ фысым.

Имерхеуы ныртæккæ 20-мæ ‘ввахс хæдзары цæры. 30 азы размæ, цалынмæ гуырдзиаг-ирон конфликт райдыдтаид, уæдмæ дзы 70-ы онг хæдзары бинонтæ цардис. Цæрджыты хъæуы ныууадзын раст ацы конфликт расайдта. Уæдмæ-иу бынæттон цæрджытæ æрмæст горæтмæ цыдысты, фæлæ 90-æм азты этникон ирæттæн сæ фылдæр Цæгат Ирыстонмæ ацæуын аскъуыддзаг кодта.


Гуырдзыстоны арæнты æдде цæрæг этникон ирæттæ тырнынц афæдзы мидæг иу хатт уæддæр бабæрæг кæной хъæуы. Фæлæ фæстаг дыууæ азы, пандемийы æмæ арæнты æхгæддзинады аххосæй уый дæр сæ къухы нал ‘фты.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.