Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Хъæу Кълду – «Чидæриддæр ам дон банызта, ничиуал ацыди»


Хъæу 2-3 километрыл тыгъд у. Гæнæн ис зæгъæн, ам сыхты «комплекси». Алы сыхæн йæхи ном ис – « Къалоеби (Къалотæ)», «Тхъемлован (Æхсынцъыджын)», «Мцъаре бал (Маст бал)» ... Алы сыхæн дæр иумæйаг ис уый – сафтид хæдзæрттæ.

Кълдуйы хъæуы ныртæккæ æдзухæй цæры 10-мæ ‘ввахс бинонтæ. Адонæй алчидæр æндæр æмæ æндæр сыхы цæры. Сыхæгты кæрæдзийæ дæсгай метры дзæрддзæг хицæн кæны.

Мах дæр кæройнаг сыхмæ бахæццæ стæм. Дардæй, быдыры иу сылгоймаг разынди, суадоны донæй ведрæты дон хаста. Акастыстæм уыцы бынатмæ, цыранæй сылгоймаг æрбацæйцыдис, адаг йеддæмæ дзы ницы зынди. Суадон адаггæрон кæнæ адагмæ ‘ввахс хъуамæ уа – ахъуыды кодтам мах.

Кълдуйы ком та цæрæн хæдзæрттæй дзæвгар дæрддзæф у. Се ‘хсæн дæргъвæтин быдыр ис. Ныр фæззæг у, æмæ уымæ гæсгæ, быдыр карст у æмæ дзы ахизын æнцондæр у.

Нæ репортажы хъайтар, 77 аздзыд Къакъушадзе Лиана карст быдырыл донæй йедзаг ведрæтимæ ахызти æмæ хъæумæ схæрд кодта.



«Ныр нæм хуыздæр ис дон», - загъта нын уый æмæ хъæуы фæндагыл схизгæ цалдæр минуты æрулæфыди. Уый, æмæ доны схæссынæн коммæ нал ныхизы æмæ уæле, былгæрон арæзт кранæй рахæссы дон, уый хоны хуыздæрыл.

Къакъушадзе Лиана нын куыд загъта, уымæ гæсгæ, комы дон зæххы бынæй стыр æфсæрстæй цæуы. Бынæттон цæрджытæн сæ бон баци, трубæты комæй быдырмæ доны рауадзын æмæ краны смонтаж кæнын.

«Уыцы кран дæр нын сыхаг сарæзта, комæй доны суагъта, трубæтæ бæлæстыл бафидар кодта æмæ афтæмæй рауагъта дон уæлæмæ», - загъта нын уый.

Кæртмæ бахизгæйæ йыл амбæлд йæ хъæбул æмæ йын асинтыл доны схæссынæн аххуыс кодта. Уый фæстæ балкъоныл æрбадт æмæ зæрдæрыстæй бирæ фæкасти. Стæй йе ‘рбахæсгæ донæй йæ цæгом цæхсадта æмæ уыцы комырдæм акасти, цыранæй дон, ныр цалæмхатт афтæ удхарæй хæссы:



«Мæ хъæбулæн йе ‘нæниздзинад лæмæгъ у. Цалдæр азы размæ, цæмæйдæр фæхъæстæ æмæ йын йæ рæуджытæн базиан кодта. Бакæсдзынæ йæм æмæ сахълæг, фæлæ лæмæгъ æмæ æдых у, бирæ хъуыддæгты мын йæ бон æххуыс кæнын нæу», - зæгъы Къакъушадзе Лиана.

Мад æмæ йæ хъæбул кутаисæгтæ сты. 10 азы у ныр, Кълдуйы куы райдыдтой цæрын. Лиана нын куыд загъта, уымæ гæсгæ, йæ хойы лæг Саркъийы Сыгъдæг Гиоргийы аргъуаны сауджын у. Саркъийы Сыгъдæг Гиоргийы аргъуан комы иннæ фарс, дыууæ хохы астæу ис. Ацы аргъуан чырыстондинон сауджынты ‘хсæн зындгонд æмæ фидар кувæндон у.

«Мæ хойы лæг сауджын у. Уый фехъуыста, цæмæй иу бынæттон цæрæг ацы хæдзары асламæй кæй уæй кæны, уый тыххæй æмæ йæ æхца зæрдиагæй хъуыдис æмæ тагъд кодта йæ ауæй кæныныл. Сиахс нын загъта, ацы хæдзары кæй уæй кодтой аслам аргъыл. Уæдмæ хъуыды кодтам, цæмæй кæнæ Бакъурианырдыгæй, кæнæ Сурамырдыгæй балхæдтаиккам, уымæн æмæ нын дохтыртæ загътой, цæмæй мæ хъæбулы сыгъдæг уæлдæф кæй хъуыдис. Ам дæр иттæг сыгъдæг уæлдæф у æмæ аскъуыддзаг кодтам ам балхæнын æмæ æрцæрын», - загъта нын фысым.



Бакъурианы æмæ Сурамы нæдæр сæ бон бауыдаид æлхæнын, уымæн æмæ уым хæдзæрттæ амæ абаргæйæ зынаргъдæр сты.

Кълду ирон хъæу уыди. Ныртæккæ ам цæрынц куыд ирæттæ , афтæ, гуырдзиæгтæ. Этникон ирæтты фылдæр цæрæнуаты 1991-1992 азты, гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы ныууагъта æмæ Дзæуджыхъæумæ ацыдысты.

Дзæуджыхъæуы цардис Тибилашвили (Тыбылты) Гия, 58-аздзыд нæлгоймаг. Уый быдыры фос хызта. Фосы алыварс йæ тракторимæ разил-базил кодта. Архайдта, цæмæй фос искæй зæххы хаймæ ма бахызтаиккой.

«Ам ныр цæрæм Джиошвилитæ (Джиотæ), Тибилашвилитæ (Тыбылтæ), Шавлохашвилитæ (Саулохтæ). Цардысты дзы æндæр мыггæгтæй дæр – Гаглошвилитæ (Гаглойтæ), Маргъишвилитæ (Мæргъитæ). Уыдон ацыдысты. Мах ма баззадыстæм. Ис нæм ног цæрджытæ дæр», - зæгъы Гия.

Уый æмæ цалдæр йе ‘мхъæуккаг а.х. æнгузты астæу æрбадтысты æмæ нын хъæуы тыхстдзинæдты фæдыл радзырдтой. Загътой нын, цæмæй хъæуы иу бинонтæ Ачъарайæ æрцæугæ сты. Уыдон хъæуы дæллаг сыхы цæрынц. Ис ноджы иу хæдзар – Къаспы муниципалитетæй.

«Æдæппæт адон стæм, неппæты дæр цы тыхсын кæны, уый у, сæйрагæйдæр æнæдоæндзинад, æнæдонæй тынг тыхсæм. Фæндаджы дæр уынут цы уавæры ис», - загътой нын фысымтæ.

«Æмткæй зæгъгæйæ, ис ахæм ныхас – чидæриддæр Кълдуйы дон банызта, уыдонæй ардыгæй ничиуал ацыдис. Фæлæ ныр зын у йæ баназын», - хъазгæйæ загътой фысымтæ.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.