Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Горджи – хæргæ æнæрлæугæйæ
Уымæ æнæгæсгæйæ, æмæ дыууæ азы дæргъы æппæт бæстæйы пандеми абухы, Гуры фæткъуыйы амалиуæггæнджытыл ацы уавæр къаддæр æндавы. Амалиуæгы монтажгонд ног гъæдæвзарæг хахх æмæ уазалгæнæн арæзт уый гæнæдзинад дæтты, цæмæй кусæг-къух кæрæдзиимæ æнгом контакты ма уой. Куысты процесс æдасдзинадæй цæуы.

Ацы гъæдæвзарæг хахх та, амалиуæг АИШ-ы хицауады райрæзты агентады «Юсайды» æмæ Базисбанчы æххуысæй балхæдта. Амалиуæгы, кæцыйы тыххæй, уын дзурын, хуыйны – «Горджи». «Горджийы» фæткъуы æнæхъæнæй бынæттон базарыл уæйгонд цæуы.

«Ацы номхуынды цалдæр дзырды хъазт ис», - зæгъы нын Годжиашвили Зураб, кæцы нæ Гуры муниципалитеты уæвæг, фактивонæй, фæткъуыйы æппæтæй стырдæр амалиуæгимæ базонгæ кæнынæн рæстæг фæгæдзæ кодта. Нæ уæвыны рæстæджы, йæм цалдæр хатты тилифонæй æрбадзырдтой йæ хæстæджы уавæры фæдыл, кæцы коронавирусæй уыдис рынчын. Уымæ æнæгæсгæйæ, нæ уый уæддæр базонгæ кодта фæткъуыйы амалиуæгимæ.



Годжиашвили Зураб профессийæ дохтыр у. Уый 1990-æм азты, йæ профессийы ныууагъта æмæ йæ хæлæрттимæ иумæ, Гуырдзыстонмæ æрыздæхын æмæ коммерцион куыст райдайын аскъуыддзаг кодта. Цалдæр азы дæргъы, Магтикомы куыста. Фæстагмæ та, хъæууон хæдзарады къабазы адарддæр кодта йæ куыст.

Уый æмæ йæ партнертæ зæххы фадыг Гуры муниципалитеты Къуархеты хъæуы 2007-æм азы балхæдтой. Æппæты фыццаг, нæмыгон культурæты байтауын аскъуыддзаг кодтой:

«Байтыдтам фæззыгон мæнæу, 2008 азы августы мæйы хъуамæ райстаиккам тыллæг, фæлæ августы мæйы зонут, цы рцыди», - зæгъы Годжиашвили Зураб.

Августы хæсты тыххæй, тыллæг нал райстам. Ацы рæстæджы, мæ хæлæрттæ бамбæрстой уый, цæмæй æрмæст нæмыгон культурæтыл хъуыды стыр рискимæ кæй уыдис баст:

«Уыцы периоды, Гуры базонгæ стæм Агрокомы минæваримæ, кæцы нын бауынаффæ кодта, цæмæй ахъуыды кодтаиккам дыргъдоны сарæзтыл. Базонгæ нæ кодта уыцы моделимæ дæр, кæцыйы сæххæст кæнын нæм, уæд æнцон нæ фæкастис», - мысы Годжиашвили Зураб.

Нæ фысым нын куыд бамбарын кодта, уымæй уыцы азты, зын уыдис кредиты райсын, уæлдайдæр та уый тыххæй, æмæ процент æгæр бирæ уыди.



«Дыргъдоны саразыныл хъуыды кæнын байдыдтам активонæй уæд, куыддæр бæстæйы уæлбар агрокредиты прогрæммæ фæзынд. Уый уыди 2013 азы. 2014 азы йæм бафтыд ног компонент æмæ уый дыгъдæттæм дæр хауди», - банысан кодта Годжиашвили Зураб.

Партнертæ программæйы æххæст кæнын æмæ дыргъдоны аразын Базисбанкимæ иумæ райдыдтой.

Фыццаг этапыл, дыргъдон сарæзтой уыцы формæйæ нæ, куыд абон у, фæлæ ай уыди бæласыл бафидаргонд талатæ æмæ нæ уыдис ихуарды ныхмæ системæ монтажгонд. Æппæты фыццаг, сарæзтам дыргъдон, æнæуи бирæ адæймаджы рекомендацийæ спайда кодтам», - зæгъы дыргъдоны хицау.

Æппæты фыццаг, дыргъдоны хицæуттæ хъуыды кодтой, цæмæй талатæ сагъд æрцыдаиккой ноджы уæрæхдæр масштабæй, цæмæй ихуарды рæстæджы, зиан къаддæр уыдаид:

«Фæлæ, иу аз æруарыд их, кæцы 12 км-он фронтыл апырх æмæ нын фактивонæй бæлæстæ дæр нал ныууагъта дыргъдоны. Уый тыххæй æнæмæнгхъæугæ сси ихуарды ныхмæ системæйы смонтаж кæнын», - загъта нын Годжиашвили Зураб.

Нæ фысым банысан кодта, цæмæй цахæмфæнды куысты æххæст кæныны рæстæджы, нысаниуæгджын у æууæнкджын адæймаджы бацагурын.

«Фактивонæй, азты дæргъы, нæ партнер у Базисбанк. Ацы банкæй нырма ноджы уæд пайда кодтон, хъæууон хæдзарады куы ницыма куыстон, фыццаг хыгъд дæр мын ацы банчы уыд гом», - банысан кодта Годжиашвили Зураб.

Ныртæккæ, дыргъдоны хицæуттæн ацы этапыл сæйраг аудинаг у картоны асыччытæ æрцæттæ кæнын, цæмæй продукты Европæйы базармæ ахæссой. Горджийы хицау нын куыд зæгъы, уымæ гæсгæ, картоны асыччытæ нырма еныр райдыдтой бæстæйы цæттæ кæнын, сæрмагондæй, уыдонæн Дзегуийы заводы бæрнонадимæ ныридæгæн бадзырдтæ уагъд цæуы.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.