Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Ма тæрс дада – Кобесты хъæу
Дзамагом цы ранæй райдайы, уым галиу æрдыгæй аздæхæн ис Карелæй. Кобесты хъæу раст ардыгæй райдайы. Иу бакастæй цæрæнуат Чъехыдзуары хъæумæ хауы, фæлæ уæддæр хицæнæй нымад у.

«Мæгуыры тыллæгæн ницы аргъ ис, хъæбул. Мæнæ амæй уæлæмæ куы ацæуай, цыфæнды бæстæмæ, дон нæй. Донхæрæг нæй.» - дзуры нын фысым, кæмæ æрлæууыдыстæм, уый. Йæ кæрт гом у алкæмæндæр, уымæн æмæ йын нæ дæр æстыр æмбонд ис æмæ гæнæн ис æппын дæр дзы ницы барьер уым цæрæг иу адæймаджы дæр куы нæ ауыдтайккам.

Гиорги Гиоргашвили нæ йæ хæдзармæ фæхуыдта. Загътам ын æй, зæгъгæ, хæдтулгæйæ аппаратурæйы рахæссдзыстæм: «сыхы стыр цъыфтæ кæй ис, уый тыххæй нæ æрбакодтат хæдтулгæйы нæ?»
Ацытæккæ бинонтæн алцæмæй стырдæр ныфс ис, Ног азы рæстæджы гогызтæ куы ауæй кæндзысты æмæ сын исты æфтиаг уыдзæнис:

«Мæнæн, цæвиттонæн, ацы нартхоры æркæныны бæсты йæ нæмыг куы балхæдтаин хуыздæр уыд. Фыддæр уый æмæ æндæр хъæуы байтыдтон. Ацу, рацу, ацу, рацу, «дæттæ уыдзысты», «дæттæ уыдзысты». Нæ уыдис уым дæр дон æмæ цы афон дæр æй донхæрд хъуыд йеуæд нал уыдис дон. Уый тыххæй не рбакодтон фаг нартхор» - дзуры Гиорги.



Хæдзары хистæр ууыл дæр тыхсы, хъæуы æнæдонæй æндæр бинонтæ дæр куы фæзиан кодтой:

«Стæй йæ æсхуыдтой радгæсæдтæ. Æрмæст æз нæ фæзиан кодтон?! Ме мкъайы фсымæрмæ уыд тыд ацы нартхор, фæлæ уым адæмæн 3 æмæ 4 гектæрты уыд тыд æмæ дон нæ уыдис йæхи рæстæджы.
Дзылеуидзуары трассæйы фæлейæ, уым мын уыд тыд нартхор æмæ 2 хатты йæ донхæрд æскодтон. Æртыггаг, цыппарæм æмæ фæндзæм дæр æй хъуыд, фæлæ нал… Уæдæ цæй тыххæй æркæнын ацы нартхор? Хæрын сын кæнын адонæн… куыд фæзæгъынц, цы æркæнын уый уæй кæнын. Æз æсфæраздзынæн уыцы 40 сæдæйæммæ кæсын, фæлæ адæмæн 5 æмæ 10 гектæрты ис тыд. Нæй йæхи рæстæджы дон.» - дзуры Гиорги.

Уый куыд хъуыды кæны, уымæ гæсгæ Кобесты хъæуы коммунистты рæстæджы уыдис донхæрæг дон. Специалон уигъаг станцæтæй дон-иу хъæумæ скодтой.

«Комунистты рæстæджы донхæрæг кодтой. Еныр дын чи æсдонхæрæг кæндзæн?

Æстæм Хуыцауыл баст, кæд фæскъæвда уа, кæннод та… раджы байтаудзынæ, их дæ тæрсын кæны.

50 кило хъæдур байтыдтон æмæ 1 кило дæр дзы нæ райстон. Ныйих кодта, руывд ныйих кодта.

Хъæдгæрон у æмæ…»

Гиоргищвилиты хæдзары кусæгæй кусын æмæ хъомгæсы цæуын дæр хæссынц сæ сæрмæ:

«Æфсæрмы дзы ницæуыл кæнын. Хъомгæсы дæр цæуын, белы кусæгæй дæр, рувынмæ дæр æмæ алыцыдæр, фæлæ физиконæй цы? Нæ фаг кæны… ацыддæ æппæт бон, фæкуыстай райсомы 6 сахатæй изæры 6 сахатмæ, 40 лари бакуыстай. Рацæудзынæ изæрæй æмæ 2 тыхтон макъарæттæ æмæ литр зæт?! Цъус сæрды ницы у, хъомгас ацæудзынæн, кусдзынæн, цæмæй мæ къух æсфæлтæрæн кæнон.

Ничи ис иуыл фырцинæй. Алыхаттдæр мæгуыр лæг вæййы зындзинадмæ хауд. Мæгуырæн цинкæнæн нæй.» - дзуры Гиорги Гиоргишвили



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.