Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Жьҭaaрa 2024 »»
п в с ч п с в
30 1 2 3 4 5 6
7 8 9 10 11 12 13
14 15 16 17 18 19 20
21 22 23 24 25 26 27
28 29 30 31 123
Ног хабæрттæ
Домино – иунæг-иу ирхæфсæн Сакашеты
Елбакидзе Давит, кæцы сæрды улæфтыты, хъæуы йæ хæстæджытæм æрвиты, дзуры, зæгъгæ, хъæуы къахпортийæ (футболæй), баскетболæй кæнæ волейболæй хъазыны фадат нæй, уымæн æмæ уым спортивон фæзуат сын æрмæст хæдзары кæрт у.

«Мæ фыдыхойы хъæбул баскетболæй хъазæг (баскетболист) у æмæ уый аскъуыддзаг кодта ам уарты сæвæрын. Æрвыл изæр ардæм æрæмбырд вæййæм сабитæ æмæ иу ам хъазæм, æниу тыгъдад хæрз чысыл у. Уый тыххæй арæх доминойæ фæхъазæм, цæмæй нæхи ирхæфсæм», - æмбарын нын кæны Елбакидзе Давит.

Сакашеты цæрæг æвзонг фæсивæдæн, хъæуы центры æвæрд доминойы стъол иунæг-иу ирхæфсæн у, уый тыххæй æмæ сын спортивон активтæн хъæугæ спортивон фæзуат нæй. Амæ гæсгæ, йе мбалы хæдзары кæрт, цыран чысыл баскетболон уарт ауыгъд уыд, социалон хызæджы снысан кодта, хештегимæ «Сакашеты мини-баскетболон стадион».

«Ай у Сакашеты мини-баскетболон фæзуат. Нæ хæлар æрывæрдта пост æмæ йæ хæдзары кæрт афтæ снысан кодта. Сабитæн сæ фылдæр ардæм цæуы хъазынмæ. Ам фылдæр ирхæфсæм нæхи», - зæгъы нын, Сакашеты хъæуы цæрæг Бабунишвили Кесо.
Ацы хабар дæр афтæ райдайы. Иу изæр, доминойы хъазынæй сфæлмæцгæ æвзонг фæсивæд сæ къам систой æмæ йæ фейсбукыл æрæвæрдтой ахæм фыстимæ «Саразут нын стадион Сакашеты... иу домино нын ис сабитæн!»

«Æцæгдæр афтæ у, уымæн æмæ сабитæн нæу сæ бон хъазын стадионы, нæу кæронмæ хæрзарæзт. Æвзонг фæсивæд ныртæккæ иуылдæр технологиты исынц хайад. Уыдон æппæтæй тынгдæр æндæр адæймæгтимæ коммуникаци хъæуы. Амæн та æппæтæй хуыздæр фæрæз хæрзарæзт стадион у», - зæгъы æвзонг Бабунишвили Кесо.

Æрыгæтты фейсбук-постæн уыд бирæ комментаритæ. Уыдоны проблемæйæ интересы бацыд Шида Картлийы уæлыстъол теннисы Федераци æмæ аскъуыддзаг кодта балæвар сын кæна.

Сакашеты скъолæйы директор, Таруашвили Цицино зæгъы, зæгъгæ, лæвæрттæ, кæцытæ скъолæйæн лæвæрд æрцыд иттæг ахсджиаг у уыдонæн, уый тыххæй æмæ, скъолæ Варианы хæдзарадæн, Сакашеты лигъдæтты цæрæнуатæн æмæ Сакашеты хъæуæн лæггад кæны. Спортивон инвентарæй пайда кæнын та 180-йы онг сабийæн фадат уыдзæн.

«Хъæуы цæрджыты инициативæй айхъуыст, цæмæй хъæуы хъуамæ уыдаид мини-стадион. Амæ гæсгæйæ, сабиты постæн бирæ комментаритæ уыд æмæ Шида Картлийы Теннисы Федерацийы къухдариуæггæнæг, цытджын Гъамбашидзе Давит хæрзцыбыр рæстæгмæ, æдыппæт цыдæр 2 бонмæ, теннисы стъолтæ скъолæмæ бахаста. Ай фæдыл стыр бузныг зæгъын мæ фæнды уымæн. Куыд зонын, афтæмæй цæрджытæн ныфс бавæрдтой, цæмæй хъæуы хъуамæ арæзт æрцæуа мини-стадион. Ацы алыппæтæн организаци кæны, хъæуы хицау (гамгебели), кæцы комкоммæ хайад исы ацы процессы æмæ мæн ныфс ис, цæмæй алцыппæт дæр хæрзæввахс фидæны æххæстгонд æрцæудзæн», - зæгъы, Гуры муниципалитеты, Сакашеты хъæуы скъолæйы директор Таруашвили Цицино.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.