Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Цъителубайнæгтæ дон æмæ комбайнмæ кæсгæйæ
Тбилисæй Гурмæ цæугæ автобаны алыварс ныридæгæн бургонд сты быдыртæ. Ацы быдырты хсæн зынынц цъæх банертæ дæр, кæцыты хсæн дæр хуыссы хъæу, Саусвебы хъæусоветы, Гурæй 15-ы æвæрд.

Фæндагыл цæуæг балццæттæм дис кæсы куыд æввахс лæууынц баннертæ æмæ уырыссаг æфсаддонты базæтæ. Уыдон цæстæй тагъд бамбахсдзысты, фæлæ уым цæрынц адæм, кæцытæ алыбон дæр уыцы баннертæм æмæ базæтæм кæсынц.

Сæрдыгон бонты æппæт хъæу быдыры сты, уыцы иунæг комбайнмæ кæсгæйæ, кæцы сыхаг хъæуæй æрцæуы, цæмæй Цъителубайнæгты быдыртæ райса. Цæрджытæ дæр радыгай пайда кæнынц уыцы комбайнæй. Хъæумæ дон нал цæуы, Тъирипоны арх, кæцы Леуахийæ, Хуссар Ирыстоны территорийæ цыди - æхгæд у.



Сывæллæттæ тæвдимæ доны топпытæй хæцынц æмæ хъæуы хъæлæба дæр хъуысы,фæлæ Цъителубайнæгты фылдæр хай еныр стыр сахæрты, чи Тбилисы, чи Батумы, чи та Дзæуджыхъæуы цæры.

Цъителубаны хъæу советтон рæстæджы сæрæзт ис, Медзыдагом æмæ Чысангомæй ирæттæ куы æрцардысты быдырмæ, уæд. Хъæуы ном дæр комунисттимæ у баст - "Цъители убани" ома "Сырх сых" иронау.

Хъæу йæ фыццаг бонтæй уыдис ирон, цæрджыты абсолютон хай дæр уыдысты ирæттæ, цардысты дзы: Къусратæ, Нарыкъатæ, Цæллæгтæ, Церекъатæ, Дудайтæ, Мæргъитæ, Болататæ, Гуыдитæ æмæ æндæр ирон мыггæгтæ, кæцыты нымæц дæр 300 хæдзарæй фылдæр уыд Советтон Цæдисы рæстæджы.

1980-æм азты кæронæй хъæумæ ачъайраг эко-лигъдæтты æрцæрын кæнын райдыдтой, уæды хицауад ачъайрæгтæн ирæтты хæдзæрттæ балхæдта æмæ сын балæвар кодта. Уыдон куы æрцардысты уыцы рæстæджы райдыдта конфликт дæр æмæ куыд ачъайрæгтæ сæ зæрдæтыл лæууын кæнынц — сæрæй зын уыдис æнахуыр бæстæйы цæрын, фæлæ сындæггай алыцыдæр фæивта æмæ хæсты рæстæджы кæрæдзийы, куыд хиуæттæ афтæ хъахъхъæдтой.



2000-æм азты та Цъителубанмæ пысылмон месхытæ дæр разындысты. Уыдон уыцы месхыты цæуæттæ сты, кæцытæ советтон хицауад Туркмæ æмæ Центрон Азийы республикæтæм асырдта. Советтон Цæдис куы ныппырх ис, уый фæстæ уыдоны Гуырдзыстонмæ рæздæхын актуалон сси. Репатриацийы программæйы скусыны агъоммæ та сæхи барæй цалдæр бинонтæ Цъителубаны æмæ Абастуманы хъæутæм ралыгъдысты.

Ачъайраг Етер Махарадзейы бинонтæ Хулойæ(Ачъар) 1989 азы ралыгъдысты сыджытласты тыххæй.

"Сæрæй нын зын уыдис, уæлдæф дæр не сфæразтам. Мæнмæ гæсгæ кæм райгуырдзынæ æмæ кæм æсхъомыл уыдзынæ, дæхи къуым уым ис. Мæ хъæу Чао уæддæр æндæр у. Сындæггай ам дæр сахуыр стæм, хорз адæм сты, 2008 азы хæсты рæстæджы сæхи ныккæндты нæ æмбæхстой, мах ирæттæ бахъахъхъæдтой." - Дзуры Етер Махарадзе.

Хъæуы цæрæг Къусраты Цæгуыры ныхæстæм гæсгæ Къусраты мыггаг Цхителубанмæ Биеты хъæуæй æрцардис. Ацы хъæу Медзыдагомы, Цъинвалы районы у æвæрд. Уый куыд дзуры — хъæуы фæсивæд нал баззадис:

"Мæ лæппу дæр Тбилисы кусын байдайы. Цъителубан раджы стыр хъæу уыдис, фæлæ еныр нал ис уый ас. Еныр ачъайрæгтæ цæрынц, месхытæ æмæ ирæттæй дæр ма цъус баззадыстæм, раджы 300 хæдзарæй фылдæр уыдыстæм, иуылдæр ирæттæ." - дзуры Цæгуыр æмæ махæй хатыр куры, цæмæй комбайнмæ алидза.

Уый хъæуы иунæгæй кусы æмæ хæдзарон хъуыддæгтæ дæр иунæгæй кæны.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.