Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
«Тигийы хæдзар» Одзисы — куыд адарддæр кодта 26 аздзыд Тыджыты Нино йæ фыды уарзон куыст
26 аздзыд Тыджыты Нино профессийæ туризмы менеджер у. Одзисы хъæуы йæныййарджыты хæдзары экотуристон объект бакодта, кæм адæмæн радта фадат традицион хæринæгты арæзтады хайад байстайккой. Уый йæ фыды зайагойуарзондзинад, хæдзарон бизнесæй скодта æмæеныр æндæр æмæ æндæр зайагæйттæй цай аразы.

«Мæ фыд тынг уарзта адæмон медицинæ æмæ æмтгæй зайагойон цай. Уыцы азы дæр тынг бирæ æрласта, кæцы азы дæр фæзиан ис. Куыддæр уагъд нысан дæр уыд æмæ стыр инспирацийы суар дæр, цыма уыцы куыст дарддæр кодтон, кæцы куыст дæр мæ фыд бирæ уарзта.» - дзуры Тыджыты Нино.



Зайагойон цайы фыцын йеуæд райдыдта, æнæхъæн дунейы пандеми куы хицау кодта. Хъыгдарæн дзауматæм æнæбакæсгæ Нино йæхи чысыл кондад адæмы социалон æхсæнхызæй базонгæ кодта.

«Цайы реализаци куы райдыдтам 2020 азы æртхъирæны мæй уыд æмæ тæргæйтты мæйы та æппæт бæстæйы локдаун скодтой. Ковиды тыххæй алыцыдæр сæхгæдтой. Хъæуы куы уыддæн æмæ мын рæстæг уыд, разындис мæм фадат, цæмæй нæхи алыбонон цард æхсæнадæн фенын кодтаин. Сæвæрдтон нывтæ, видеотæ – мæ мад царв куыд цагъдта, сыфджын сойдзул куыд кодта æмæ а.д.» - дзуры Нино.



Нинойы ныхæстæм гæсгæ, йæ видеотæн стыр сдзырд фæцис, кæцы фæстæ дæр равзардис идеи, хъæуы хæдзары куы сарæзтаид тыгъдад, кæм туристты бахынцтаид.

«2022 азы Естонийы минæварады грант систон. Уый уыдис хæстæй зиангонд сылгоймæгты грантон конкурс, уый фæстæ уыдис «Кæн Гуырдзыстон»-ы грант. Ацы грантæй балхæдтам уыцы инвентарь, кæцыты руаджы дæр æдде тыгъдадмæ уазджыты байсын нæ бон уыдаид.

Одзисы хъæу оккупацийы хаххы цур у æвæрд. 2008 азы Нинойыл 10 аз цыд, кæд уырыссаг танктыл фембæлдис. Куыд дзуры, августы бонтæ алцæмæй уæззауæй баззадысты йæ хъуыдыты.

«Хæдзарæй цъус далдæр цæхæрадон нын ис, кæцæй дæр дыргъ æмæ хæлсæртæ хастам. Фæндагыл ныл уырыссаг танктæ фембæлдысты æмæ уыцы иу æхсæв хъæды сбон кодтам. Стæй ардыгон цæрджытæ семæ куы фæныхас кодтой, уыдон сын загътой тассаг, дам, ницы уыдзæнис, фæлæ мах уæддæр тарстыстææ æмæ нæ мад нæ Чысангоммæ, сæрмагондæй Карцухгоммæ нæ арвыста, фæлæ 5 боны фæстæ уырдæм дæр æрбамидæг сты.» - дзуры Нино.



Тыджыты Нино куыд дзуры, уыцы бонты базыдта, хæстæй йæ куы ничи бахызтаид, уый.

«Ныййарджыты ныхæстæ фехъуыстон, дзырдтой — сывæллæттæн, дам, цы саразæм, кæм сæ бамбахсæм, зæгъгæ. Раст йеуæд базыдтон ахæм цыдæртæ кæй ис, кæцытæй дæ ныййарджытæ дæр нæ бахиздзысты, уæдмæ та хъуыды кодтон, кæд ды ныййарджытимæ дæ, уæд æдас дæ.» - дзуры Тыджыты Нино.

«Нæ мад хадгоймаг у, Чысангомæй. Алцæмæй хуыздæр дæнцæг æвæццæгæн уый у æмæ мæ мады 8 мады зæнæгæй, цыппарæн гуырдзыйаг бинонтæ ис æмæ цыппарæн та — ирон. Мæ фыдыхойæн дæр афтæмæй, гуырдзыйаг бинонтæ йын ис. Ахæм æнгом цæдис нын ис æмæ нырид нæ дæр æмбарæм цы у ирон æмæ цы у гуырдзыйаг.» - Дзуры Тыджыты Нино
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.