Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
«Дуаргӕс куы суыдаин, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтон, бырсӕг уыдтӕн» — Гиорги Бибылури Дӕллаг Арцеуӕй
27 аздзыд Гиорги Бибылури Дӕллаг Арцеуы хъӕуы цӕры. Цъус раздӕр Гуры йӕ стенсил сӕрӕзт ис. Уый ампутант къахпуртӕгты къорды хуыздӕриддӕр дуаргӕс у. Хъазы куыд «Дилайы», афтӕ Гуырдзыстоны ӕмбырды дӕр.

Октябыры чемпионты лигӕйы исы хайад, кӕцы Испанийы уыдзӕнис.

Гиорги спортӕй сывӕллондзинадӕй бацымыдисгонд ссис, фӕлӕ ампутацигонд къухы тыххӕй уӕлдӕр лигӕйы хъазын йӕ бон не сси.



«Къух мын райгуырдӕй нӕй, афтӕ райгуырдтӕн. Ӕндӕр сывӕллӕттӕ куыд хъазыдысты, ӕз дӕр семӕ ирхафстон мӕхи. Мӕ зӕрдӕ-иу рысти иунӕгӕй куы баззадтӕн.»

Сӕрӕй къахпурты академимӕ бацыд, бырсӕг уыдис. Хъуыды кодта профессион къахпуртаг суыдаид, фӕлӕ йын загътой — дӕуӕй, дам, бырсӕг нӕ рауайдзӕнис, раст, къухы тыххӕй.

«Академимӕ куы райдыдтон цӕуын, бырсӕг уыдтӕн. Загътой мын, зӕгъгӕ, уӕлдӕр лигӕйы мын проблемӕтӕ куы уыдайккой. Тынг фӕхъыг дӕн. Куыддӕр ацы уӕварыл дӕр ахызтӕн ӕмӕ Гурӕй дӕр мӕм фӕдзырдтой, Гиа Ревазишвили, къахпурты регионалон федерацийы къухдариуӕггӕнӕг, кӕцы мын загъта, зӕгъгӕ, арӕзт цыдис ампутант къахпуртӕгты къорд ӕмӕ ӕз дӕр уым хъуамӕ уыдаин.» — дзуры Гиорги Бибылури.



Гиорги оккупацийы хаххы цур ӕвӕрд Дӕллаг Арцеуы хъӕуы схъомыл ис. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, спорты йеддӕмӕ хъӕууон хъуыддӕгтӕ дӕр цӕуынц йӕ зӕрдӕмӕ.

«Кӕнын къартоф, мӕнӕргъы мын ис, фӕткъуыйы дыргъдӕттӕ. Фермӕ мын уыдис ӕмӕ мын абон нал ис, уымӕн ӕмӕ ӕфтиагджын нӕ уыдис. Дедуимӕ уӕвын уарзтон ӕмӕ мын иу хатт бел сарӕзта, йӕ фарсмӕ лӕууыдтӕн ӕмӕ уый цы арӕзта, ӕз дӕр уый арӕзтон. Уый фӕстӕ дедуйӕ никуы ацыдтӕн, иуыл йӕ цуры уыдтӕн.»

Гиорги ампутант къахпуртӕгты къорды уӕнг куы ссис, уый фӕстӕ йӕ царды бирӕ уарьерон ӕнтыст разынд.

«Хуыздӕр дуаргӕсыл мӕ куы банымадтой, уӕлахизкъус нын радтой.

Уый фӕстӕ цалдӕр аз мӕн нымадтой хуыздӕр дуаргӕсыл. Уый фӕстӕ уыдысты медӕлтӕ дӕр, кӕцытӕ мӕ къордимӕ систам. Фыццаг бынат, дыггаг, ӕртыггаг ӕмӕ алцӕмӕй стырдӕр ӕнтыст ацы аз райстам, алыцыдӕр иумӕ рамбылдтам. Еныр та Испанимӕ ацӕудзыстӕм октябыры чемпионты лигӕмӕ» — дзуры нын Гиорги ӕмӕ банысан кӕны, зӕгъгӕ, кӕд дӕ уырны, уӕд алыцыдӕр арӕзгӕ у.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.