Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Кусӕг устытӕ
Рагуалдзӕгӕй хъӕуты хӕдзарадон куыстытӕ куы райдайынц, фермертӕ сӕ цӕхӕрӕдӕтты кусджыты агурынц. Куыст зын ӕмӕ фӕллайӕг у, мызд та цъус. Уыдоны боны мызд кӕмдӕр 50 ларийы бӕрц у.

Рувын, тыллӕг исын ӕмӕ ӕрбынат кӕныны хъуыддӕгтыл сӕйрагӕй устытӕ кусынц. Фӕллайӕг куыстмӕ 'нӕбакӕсгӕ, хынджылӕг кӕнын ӕмӕ хорз зӕрдӕйы ахасты энерги сӕм уӕддӕр аззайы. Рӕстӕг дӕр афтӕмӕй марынц, кӕрӕдзиимӕ хынджылӕг кӕнын ӕмӕ хорз зӕрдӕйы ахастӕй.
«72 аздзыд ус дӕн ӕмӕ мӕнӕ ӕвзонг чызджытимӕ кусын. Кӕд сӕн ис, уӕд ӕй анцъухдзынӕн, кӕннод та дӕн ӕххормаг» — хынджылӕг кӕны Нели Тхелидзе ӕмӕ дурӕфхӕлдджын къухтӕй сыджытӕй сырх хъӕдындзы исы.

Худаг ныхасы фӕстейӕ ивгъуыды ӕнкъард хабӕрттӕ ӕмбӕхсынц. Раджы йӕ кӕй арвыстой чындзы, йӕ бӕллиц кӕй нӕ сӕххӕст ӕмӕ уӕлдӕр ахуырад кӕй нӕ райста.

«Мӕ цӕгат у Знауыры район Азуаты хъӕу (Хундисубан), 11 кълӕстӕ Знауыры фӕдӕн. Стӕй хими-лабораторионмӕ хъуамӕ ацыдаин Рустаумӕ, фӕлӕ ӕрбацыдис амонд ӕмӕ мӕ нал ауагътой. Арвыстой мӕ чындзы Дирбмӕ. Афтӕ фӕцис мӕ бӕллиц.» — дзуры Нели.

Идӕдз ус йӕхӕдӕг райдыдта сидзӕрты хъомыл кӕнын иунӕгӕй, бел ӕмӕ къӕпийы кусӕгӕй дӕр цыд ирӕтты быдыртӕм.

«39 аз мын мой нӕй. 3 сывӕллоны сыстыр кодтон, хорз хъӕбултӕ мын ис. Ирӕттӕм куыстон бел ӕмӕ къӕпийӕ, уыдонмӕ цыдтӕн, цалынмӕ не 'сызмӕст ис, фӕлӕ куы сызмӕст стӕм, уырдӕм ма чи ссыдаид.» - йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны Нели Тхелидзе ӕмӕ нын дзуры змӕст рӕстӕджы тыххӕй йӕхицӕттӕ лидзӕг кӕй фесты ӕмӕ цӕрынмӕ ардӕм кӕй ралыгъдысты.

«1991 ӕви 1990-ӕм азы мӕ мады зӕнӕгтӕ ардӕм ралыгъдысты. Дыууӕ хӕдзар ныууагътой афтӕмӕй. Иу тетри дӕр сын нӕ радтой ме 'фсымӕр ӕмӕ мӕ ныййарджытӕн. Мӕ мадыл 102 аз цыд куы мын фӕзиан ис, мӕ фыдыл та 86. Ме 'фсымӕр мӕ лӕджы цур баныгӕдтон ам, 76 аз ыл цыд, бафынӕй ис ӕмӕ нал райхъал, иуылдӕр мын ам сты ныгӕд, Дирбы хъӕуы.» — дзуры нын Нели Тхелидзе.

Изольда Тетруашвили кусӕг устыты къухдариуӕг кӕны. Фермертӕ сӕйрагӕй уыимӕ контакт кӕнынц ӕмӕ уый зоны кӕд ӕмӕ кӕдӕм хъуамӕ ацӕуой кусынмӕ.

«Ӕз дӕн Бредзайы хъӕуӕй. 8 кълӕстӕ фӕдӕн Бредзайы, астӕуккаг скъола та Атъоцы. Стӕй смой кодтон ӕмӕ ацы хъуыддагыл ӕрхӕцыдыстӕм. Хостӕ мӕ хъӕуынц бирӕ, алы 2 къуырийы дӕр дохтырмӕ хъуамӕ ацӕуон. Ацы пенси та цы у? Ницы, хосты хца у ӕрмӕст. Куы нӕ кусон, уӕд хӕдзармӕ цы хъуамӕ бахӕссон? Кӕд дӕ бинонты хъӕуы ӕмӕ дын нӕй, уый худинаг нӕу. 3 хъӕбул ӕмӕ 5 цотыцот мын ис.» — дзуры Изольда Тетруашвили, кӕцы бирӕ азты сӕкӕрджын диабетӕй фыдӕбон кӕны.

«10 адӕймаг мын ис къорды. Ам дӕр стӕм ӕиӕ Бреты дӕр. Фыццаг мын мӕнмӕ фӕдзырдтой уыцы лӕппутӕ ӕмӕ афтӕ рауад – иуылдӕр адонмӕ цӕуӕм. Хорз лӕппутӕ сты.» — дзуры нын Изольда Тетруашвили.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.