Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Софио ӕмӕ Тамилӕ — чындзытӕ Хӕбӕлаты хъӕуы
Тъанайы комы, Бошуры уӕле цалдӕр гыццыл хъӕу ис. Алкӕцы хъӕуӕн дӕр йӕхи фыствӕйнӕг ис, Хӕбӕлаты хъӕуы йеддӕмӕ. Ацы хъӕу Гаглойты хъӕуы территорийыл банымадтой, фӕлӕ Хӕбӕлаты хъӕуӕй Гаглойты хъӕу цалдӕр километрӕй дард у.

Хъӕуы ныр 20 хӕдзар лӕуудзӕнис кӕмдӕр. Уыдон иуылдӕр гыццыл агауы сты 'вӕрд. Раззаг пъланы ногарӕзт, нырыккон хӕдзар лӕууы. Уый цалдӕр азы размӕ, Тбилисӕй ссӕугӕ бинонтӕ сарӕзтой. Хъӕуы нын куыд загътой, уымӕ гӕсгӕ ацы хӕдзар ӕфсӕнвӕндаджы раздӕры къухдариуӕггӕнӕджы бинонты у.

Хӕбӕлаты хъӕуы Цъӕритты хъӕуы дӕр хонынц. Уый уымӕн ӕмӕ ам Цъӕриттӕ дӕр цӕрынц. Дыууӕ дӕр ирон мыггӕгтӕ.

Нӕ фыццаг фысымтӕ Цъӕриттӕ сты. Уыцы хӕдзары 88 аздзыд Цъӕритты Софио цӕры. Йӕ лӕг иу азы размӕ фӕзиан ӕмӕ йӕхӕдӕг баззад хъӕуы, фӕлӕ агуыстбонты йӕм йӕ сывӕллӕттӕ ӕмӕ сывӕллӕтты сывӕллӕттӕ ӕрцӕуынц Тбилисӕй. Мах куы уыдыстӕм, уыцы бон Софиомӕ йӕ чызг Цъӕритты Лали ӕрцыд. Лали Тбилисы цӕры.

«Къахӕй ссыдтӕн Бобнеуӕй. Уо йӕ федтат цавӕр фӕндаг у. Биисы онг хӕдтулгӕ мӕ ракодта, стӕй уырдыгӕй къахӕй адарддӕр кодтон мӕ фӕндаг. Бошурмӕ уазӕгдоны хицӕуттӕ фӕцӕйцыдысты, уыдон дӕр тбилисӕгтӕ сты. Мӕ сӕрмӕ, дам, куыд схӕссон ӕмӕ дӕ фӕндагыл, дам, куыд ныууадзон — афтӕ мын загъта, ӕмӕ мӕ суанг мӕ хӕдзармӕ скодта. Адӕймаг Бошурмӕ цыди ӕмӕ мӕ ардӕм ракодта» — дзуры нын Лали.



Кӕрӕдзиимӕ ныхас куы кодтам, уыцы афон кӕртмӕ Леуитъанайӕ рацӕйцӕугӕ ӕрбахызт Кокайты Придон. Лали йӕ мидӕмӕ ӕрбахуыдта. Мах ӕмӕ нӕ кӕсджытӕ дӕр Придоны дзӕбӕх зонӕм, уый уыцы ахуыргӕнӕг у Бошурӕй Леуитъанайы райдайӕн скъоламӕ къахӕй куы цӕуы.

Куыд ӕй базыдтам, Хӕбӕлаты хъӕуӕн нырид улӕфӕн бынаты функци дӕр ис. Уымӕн ӕмӕ сӕрды-иу ӕрцӕуынц уыцы адӕм, кӕй фыдӕлтӕ дӕр ам цардысты. Бирӕтӕ сӕ хӕдзӕрттӕ ауӕй кодтой ӕмӕ хъӕмӕ ног цӕрджытӕ дӕр-иу ӕрцӕуын байдайынц.

88 аздзыд Цъӕриттон нын куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ йӕхи рӕстӕджы хъӕуы кӕмдӕр 35 хӕдзар цардис. Хъӕу та цадӕггай афтид-афтид кодта. Цъӕриттонӕн йӕ лӕг Рустауы уыд ӕфсады, йӕхӕдӕг та Бакъуырианӕй у(Йӕхи мыггаг Плитӕй).
«Нӕ лӕгимӕ Рустауы базонгӕ дӕн. Йе 'мбал мӕ хӕстӕг уыди, Хӕбӕлатӕй, нӕ лӕгӕн дӕр йӕ мад Хӕбӕлон уыдис ӕмӕ фердхорд сты. Райдыдтам цӕрын горӕты. 40 азы бӕласы дӕсны кусӕгӕй куыста. Бӕстӕ куы сӕзмӕст ис ӕмӕ куыстытӕ нал уыдысты, лӕг сӕрра ис агуыстӕй. Стӕй цъус куы басабыр ис бӕстӕ, ацырдӕм ралыгъдыстӕм.» — дзуры нын Цъӕриттон.

Бӕстӕ, дам, сӕзмӕст ис куы дзуры, уым 1990-91 -ӕм азты гуырдзыйаг-ирон конфликты кой кӕны. Хӕбӕлаты хъӕуӕй адӕм лидзгӕ кодтой Цӕгат Ирыстонмӕ, уымӕн ӕмӕ националистон къордтӕ, кӕцытӕ Звиад Гамсахурдиайы рӕстӕджы ӕнӕформалон къордтӕ фесты, ацы хъӕутыл дӕр зылдысты.

Шеварднадзейы рӕстӕджы ситуаци куы ӕрсабыр, Софио ӕмӕ йӕ лӕг дӕр хъӕумӕ ӕрбаздӕхтысты.

«Мӕ хицау нырид мард уыдис. Дыггаг дунейон хӕсты тох кодта ӕмӕ диссагӕй айрвӕзтис. Йӕ истори хицӕн чиныгӕй фыссын хъӕуы» - дзуры Софио.

Софио куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ йӕ хицау хӕсты рӕстӕджы къахӕны(акъоппы) уыдис. Уым цы ӕфсаддонтӕ уыд, уыдоны фӕмардтой ӕмӕ сыл сыджыт бакалдтой. Чи айрвазтис, уыдоны та уӕцӕры акодтой.
«Уым иу загъта стӕй, мӕнмӕ гӕсгӕ, дам, иу лӕг ӕгас уыдис сыджыты бын. Скъахтой йӕ ӕмӕ мӕ хицауы ӕсластой сыджытӕй. Айрвазтис ӕгасӕй. Мӕн куы ӕрбакодтой чындзӕй, ӕз райдыдтон докуменнты ӕмбырд кӕнын, ӕндӕра ничи зыдта куыд хъайтар тох кодта хӕсты» - йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны Софио.

Ныхасгӕнгӕ, йӕ чызгӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыдис тагъд ӕхсӕвӕрафон кӕй уыдаид ӕмӕ йӕ сыхаг ус, Тамар Хъачъеишвилимӕ ацыд, кӕцы иунӕгӕй цӕры.


«5 сахатыл нӕм ис ӕхсӕвӕр ӕмӕ уый у нӕ иу бон. Тамилӕйӕн дӕр ӕндӕр кӕдӕм ис фӕндаг. Мӕ ныфс у уый дӕр ам куы цӕры, мӕ мадмӕ ввахс.» - дзуры Лали ӕмӕ цӕуӕм Тамилӕмӕ.

Тамар Хъачъеишвили райгуырдӕй Нынуылӕн Гуырдзыстонӕй у. 1987 азы Гаглойты Гиоргийы бинойнаг ссис. Бӕстӕ куы сӕзмӕст, фӕтарст ис йӕ лӕджы куы амардтаид исчи, уымӕй:

«Рӕстӕгмӕ арвыстон Дзӕуджыхъӕумӕ мӕ лӕджы. Ӕз ын афтӕ — ацу, цъус рӕстӕг, ардыгӕй дӕхи айс. Ӕз ам баззайдзынӕн ӕмӕ хӕдзармӕ фӕкӕсдзынӕн, зӕгъын. Мӕ коммӕ фӕкаст ӕмӕ ацыдис. Ӕз иунӕгӕй баззадтӕн. Ӕнӕформӕлтӕ-иу куы ӕрцӕйцыдысты, райдыдтой-иу ӕхсын, ӕз хӕдзармӕ бахъуыззыдтаин, мӕ куыдзы дӕр мидӕмӕ бакодтаин, лампӕйы ӕрхӕцыдтаин, цӕмӕй ма базыдтайккой ам кӕй дӕн. Ахӕм фыдӕбоны бонтӕ ӕрвыстон ам, йеуӕд мын тых уыдис, ӕвзонг уыдтӕн ӕмӕ ницӕмӕй тарстӕн.» - дзуры Тамилӕ.

Йӕ мой 6 азы размӕ фӕзиан ис. Йӕ хъӕбултӕ дӕр смой кодтой ӕмӕ быдырмӕ ацыдысты цӕрынмӕ:

«Мӕ иу чызг фӕрынчын ис, цалынмӕ чындзы ацыдаид, ам мын-иу ӕххуыс кодта. Уый дзӕбӕх кӕныны тыххӕй алыцыдӕр фӕуӕй кодтон, фос дӕр, цыдӕриддӕр мӕм уыд. Стӕй смой кодта ӕмӕ баззадтӕн иунӕгӕй. Цӕугӕ бӕргӕ кӕнын уымӕ, фӕлӕ уӕддӕр ӕфсӕрмы кӕнын, фӕлтау ам цӕрдзынӕн мӕхицӕн» - дзуры нын Тамар Хъачъеишвили(Тамилӕ)

Хӕбӕлаты хъӕуы зымӕджы цӕрыны фадӕттӕ нӕй. Дон ӕппындӕр дзы нӕ цӕуы:

«Доны хӕтӕлтӕ иуылдӕр уӕлдафы сты. Иу тбилисаг лӕг нын афтӕ загъта — фӕйнӕ хъуг дам ауӕй кӕнут, ӕхца мын радтут ӕмӕ дам уын сараздзынӕн дон. Йӕхи дӕр фӕндыди ӕмӕ мах дӕр ыл баууӕндыдыстӕм. Сарӕзтӕ хӕтӕлтӕ, фӕлӕ зымӕджы сӕлынц. Суадон дзы ис сӕрды, фӕлӕ уыцы хӕтӕлтӕ хъуамӕ уой зӕххы, цӕмӕй ма уал ныссӕлой.»

Хур дӕр аныгуылд комы. Придон ахуыргӕнӕг дӕр нӕм ӕнхъӕлмӕ каст, цӕмӕй йӕ Бошуры онг ныккодтайккам. Нырид талынг уыд ӕмӕ йӕ бинойнаг дӕр ӕм арӕх-арӕх дзырдта, уымӕн ӕмӕ ацы рӕстӕджы нырид комы иунӕгӕй цӕуын тӕссаг у, хъӕддаг сырдты тыххӕй.
Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.