Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
«Алчи горӕтмӕ ацыди» — Еленӕ ӕмӕ Фатимӕ Къодицъхъаройӕ
Фатимӕ Къодицъхъаройы цӕры. Райгуырдис Ахалгуры район Земехъуры хъӕуы, кӕцы Къодицъхъаройӕ цалдӕр км-ы у, фӕлӕ Земехъур де-факто Хуссар Ирыстоны Республикӕмӕ хауы.

Ахуыргӕнӕгӕй куыста Ахалгуры р-н Абреуы хъӕуы, уый дӕр Къодицъхъаромӕ тынг ӕввахс у. Къодицъхъаро Къаспы р-ны у ӕвӕрд. Фатимӕйӕн ис ӕмкъай ӕмӕ дыууӕ чызджы. Уый Абреуы 2008 азы хӕсты фӕстӕ дӕр куыста, фӕлӕ цалдӕр азы размӕ Абреуы скъола сӕхгӕдтой, хъӕуы сывӕллӕттӕ куы нал уыдысты, уый тыххӕй.

«Мӕ ныййарджытӕ дӕр уым цӕрынц. Абреуӕгтӕ куырдтой хицауадӕй ӕмӕ уый фӕрцы цыдтӕн уырдӕм. Сӕрдӕй-зымӕгӕй, уӕрджыты онг миты дӕр, фӕлӕ уый мӕнӕн проблемӕ нӕ уыдис.»— дзуры Дриаты Фатимӕ.



Къодицъхъаро автобанӕй 3 км-ы у ӕвӕрд ӕмӕ армытъӕпӕнау зыны фӕндагӕй.

«2002 азы смой кодтон. Ме 'мкъай-иу мах хъӕумӕ ссыдис ӕмӕ аытӕ базонгӕ стӕм, нӕ хъӕуы маршуткӕйы шофыры руаджы. Нӕ лӕг Тбилисы кусы йӕ профессийӕ. Чызджытӕ дӕр скъола фесты ӕмӕ Тбилисмӕ ацыдысты сӕ уӕлдӕр ахуырмӕ, ӕз дӕр ӕвӕццӕгӕн ацӕудзынӕн горӕтмӕ, фӕлӕ тынг зын мын уыдзӕнис, хъӕуты схъомыл дӕн уӕддӕр» — дзуры Фатимӕ.



Скъола каст куы фӕцис, уӕд йӕ жоимӕ сӕ фыд Цхинвалы техникуммӕ бакодта, сахуыр кодта бухгалтерон хъуыддӕгтӕ, фӕлӕ йӕхӕдӕг куыд дзуры — йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цыдис уыцы професси ӕмӕ стӕй Цхинвалы университетмӕ бадӕтта, ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы факультетмӕ. Сахуыр кодта ӕмӕ райдыдта кусын Абреуы хъӕуы скъолайы.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ — йӕ сывӕллӕттӕ сӕхӕдӕг равзӕрстой сӕ професситӕ ӕмӕ уымӕй райгонд сты.

«Афтӕ дӕр хъуамӕ уа, адӕймаг йӕхӕдӕг хъуамӕ равзӕра йӕ професси, цӕмӕй цӕрдзӕнис стӕй» — дзуры Фатимӕ.

Абреуы скъола куы сӕхгӕдтой, стӕй Фатимӕ Къодицъхъаройы скъолайы райдыдта кусын, уырыссаг ӕвзаджы ахуыргӕнӕгӕй. Къодицъхъаройы скъола 9-азон у ӕмӕ еныр 22 ахуырдзау ахуыр кӕны. Уый фӕстӕ сыхаг хъӕуты ӕмӕ горӕтты скъолатӕм цӕуынц сывӕллӕтӕ.

Афтӕ адарддӕр кодта Нигозӕйы хъӕуы скъолайы ахуыр кӕнын Фатимӕйы чызг Еленӕ дӕр, кӕцы еныр Иуане Джавахишвилийы номыл Тбилисы Паддзахадон Университеты ахуыр кӕны, бизнесы администрацийы факультетыл. Уый парралелонӕй йӕхи организаци дӕр сфӕлдыста, кӕм профориентацийы менторӕй кусы ӕмӕ адӕмӕн, кӕцытӕ нӕ зонынц куыд хъуамӕ равзӕрлй сӕ прлфесси амоны куыд ӕмӕ цӕуыл хъӕуы хъуыды кӕнын, адӕймаг йӕ сомбоны професси куы ӕвзӕры, уӕд.

Еленӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ — Къодицъхъаройы дӕр ӕй фӕндыди исты проект саразын, цӕмӕй сбӕлвырд кодтаид йӕ хъӕуы цӕрджыты сӕйрагдӕр проблемӕтӕ цы уыдис.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.