Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Никозы иунæджытæ 5-æм мæй мерийы уынаффæмæ æнхъæлмæ кæсынц
Фæндзæм мæй, никозаг Мчедлидзе Норайы къулдуар «Ныфсы тыны» чызджытæ нал байгом кодтой. 6 мæйы дæргъы, къуырийы мидæг дыууæ хатты ацы иунæг сылгоймагæн тæвд хæринаг хастой. Абон, «Мобилон хæлцы сервис»-ы проект сфидар кæныны тыххæй мэрийы юридикон куыстуаты специалисттæ «тыны» уæнгтём сёхимё хъуамæ телефоны фёдзырдтаиккой.

«Гæнæн ис зæгъæн, æмæ ацы фарст ныртæккæ кæй ис уынаффæйы стадийы, тагъд аскъуыддзаг уыдзæн», - зæгъы социалон куыстуаты хистæр Чихрадзе Давит, кæцы уырнын кæны, цæмæй проект социалон куыстуаты зæрдæмæ фæцыди, Сакребулойы социалон къамис уый тыххæй æвæрццæг дзуапп кёй ратта. Ёмё йё уый фæстæ юридикон хайад хъуамæ æрбæстон кæна.

Гуры мэр Тавзарашвили Коте зæгъы, зæгъгæ да, нырма меморандум дæр нæй æформитгонд «Ныфсы тын»-ы уæнгтимæ. «Куыд зонын афтæмæй, нырма курдиат не ‘рбадæттой, фæлæ уæ бауырнæд, нæ уыдзæни проблемæ. Мах ‘неппæт дæр ахæм хорз проекты ёвварс хæцæм», - зæгъы Тавзарашвили Коте.

Шида Картлийы информацион центр куыд сбæрæг кодта уымæ гæсгæ, юридикон хайады æмкусджытæн, æрмæстдæр, сæ хæс у, бадзырды æмахаст æрбæстон кæнын æмæ фæрстæн къух æрфысынæн документацийы æрцæттæ кæнын. Кæцы нырма дæр не ‘рцыд æххæстгонд.

Проект 2017 азы октябры мæйы хъуамæ адарддæр уыдаид, фæлæ фарстæйы къуылымпы кæнын горæты æмæ темы баиудзинады аххос кæнынц. Дыууæ темы та, куыд фæстагмæ 2018 азы январы мæйы баиу сты. Бюрократон процедурæтæ «Мобилон хæлцы сервис»-ы сног кæнын къуылымпы кæны.

Никозы хъæуы «Мобилон хæлцы сервис» 2017 азы майы мæйæ функционир кæны. Бынæттон организаци «Танхмоба»-йы инициативæй. Æххæст æй кодтой ацы сервисы «Ныфсы тыны» уæнгтæ. Доноры фæстæ, куыст муниципалитеты гамгеобайы, мэриа хъуамæ сфинанс кодтаид.

«Ныфсы тыны» уæнгтæ Никозы хъæуы теммæ хауæг æртæ хъæуы мидёг 35 иунæг адæймагæн æмæ цыбыр фадæтты уæвæг гоймæгтæн æххуыс кодтой. Уыдон æхсæн ис, Мчедлидзе Нора дæр. Уымæн йæ бон нæу кусын цæхæрадоны, хæдзары митæ кæнын дæр йæ бон нæу.

«Мæ иууыл стырдæр проблемæ æгъуыссæгдзинад у. Нал дæр æхсæв фынæй кæнын, æмæ нал дæр боны. Хостæ бæргæ нуазын, фæлæ мын ницы æххуыс кæны. Нæ чыззытæ иу куы æрбацыдысты уæд мæнæн уый тынг стыр æххуыс уыди», - дзуры Мчедлидзе Нора.

Фыццаг къорды цыбыр фадæтты уæвæг гоймаг у Микеладзе Константине. Афтæ ма, æнæниздзинады проблемæтæ ис йæ бинойнаг Микеладзе Тамарæн дæр. Ноджы ма иу бенефициар Мчедлидзе Лорæ у, кæцы 81 аздзыд у. Дзуры, зæгъгæ дам, «Мобилон хæлцы сервисы» фæлгæтты бакæнгæ æххуыс уымæн стыр ахсджиаг кæй у.

Проект «Æнæниз хæлц, дæргъвæтин цæрæнбон» æххæстгонд цæуы (,,People In Need“) PIN-йы социалон проекты фæлгæтты, кæцы финансгонд уыд Евроцæдисы æмæ Чехийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ‘рдыгæй æмæ æххæстгонд цыд Гуырдзыстоны стратегион иртасæнты æмæ райрæзыны центримæ æмгуыстдзинадæй, Гуырдзыстоны æртæ регионы: Имереты, Самегрелойы æмæ Шида Картлийы. Тхъибулы, Хоны æмæ Гуры муниципалитетты.

Чехаг æнæкоммерцион организаци ,,People In Need“ Гуры муниципалитеты конкретонæй финансгонд цыд проект «Социалон хъахъхъæнынады фарстæтыл кусæг æнæхицауадон организациты хайадисты фæтыхджындæргæнæн стратегион диалогы Гуырдзыстоны мидæг».

Йæ нысан уыд социалон сервисты æнцонвадаты фæхуыздæр кæнын бынæттон æмвæзадыл Гуырдзыстоны. Социалон, фарстæтыл кусæг Никозы организаци аккаг ресурстæй сифтонг кодтой. Уый фæстæ, ацы программæ бынæттон муниципалитетæ хъуамæ адарддæр кодтаиккой. Дзырд цæуы 8 мин ларийы сфинанс кæныны фæлгæтты сплангонд бархион хъуыддагдзинады.

Чехаг организацийы минæвæрттæ Перадзе Нанука зæгъы, цæмæй никозаг активисттæ æмæ бархионты ‘рдыгæй райдайгæ куыст хæрз æнтыстджын уыдис æмæ йæ ныфс ис, цёмæй мэриа ацы программæйы аккагæй адарддæр кæндзæнис. Уый сæрмагондæй, бахахх кодта, уыцы уавæры тыххæй, цæмæй проекты дихгæнæг хаххы цур хъæуты бархионтæ райдайой.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.