Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Сырх майрæмбон Хурвалеты (репортаж)
Иу рæстæджы Хурвалеты хъæумæ Куадзæны бонты тынг бирæ адæм тымбыл кодта. Хæстæджытæ æмæ иу æввахсхиуæттæ кæрæдзиуыл фембæлдысты æмæ уæлмæрдмæ иумæ цыдысты. Уæлмæрдмæ цыдысты Дзукъанткъарийы хъæуы цæрджытæ дæр.

Фæлæ ныр ам цалдæр азы дзукъанткъариæгтæ нал разындысты. Уыдон Уæрæсейы æфсæддон тыхты минæвæрттæ нал уадзынц. Хурвалеты хъæуы æмæ Дзукъанткъарийы хъæуы сындзтелгæрæн хицæн кæны кæрæдзийæ.

Хурвалеты хъæуы уынд уæлмæрдæй

Уæлмæрд дихгæнæг хаххы цур ис, се хсæн, раджы заманы уæлмæрдтæ Гуырдзыстоны хицауады дæлбариуæг территорийыл сты. Фæлæ, уымæ нæгæсгæйæ, æдасдзинады нысанæй, полицæйы æмкусджытæ патрул кæнынц ам.

Таугазашвили Александре йæ бинонтимæ иумæ Тбилисы цæры.

Алы Куадзæны боны дæр Хъæумæ ныццæуы æмæ йæ фыдæлты уæлмæрдты бабæрæг кæны. Зæгъы, зæгъгæ дам, ацы традицийы йæ хъæбултæ дæр æнæмæнгæй адарддæр кæндзысты. Йæ райгуырæн хæдзары Куадзæны бæрæгбонмæ цæттæ кæныныл балæууыдысты ацы аз дæр.

«Бæрæгбон нæм вæййы Хвтишоблоба, кæцыйы дыууæ хъæуы дæр нысан кæнæм. Изæрырдæм нæм кæрæдзийы зарджыты уынæр фæхъуысы. Не хсæн иу уæлдай ныхас дæр никуы æрцыд, нæдæр конфликты рæстæджы», - зæгъы Таугазашвили Александре.

Таугвзвшвили Нанулийæн алы Куадзæн æхсызгондзинад хæссæг у, куыд религион, афтæ, адæймагон цæстæнгасæй.

Горæтæй йæ хъæбул æд бинонтæ уазæгуаты æрцыд.

Таугвзашвили Нанули ныртæккæ 64 аздзыд у. Ис ын æртæ хъæбулы – иу лæппу æмæ дыууæ чызг. Дыууæ чызг дæр ын дихгæнæг хаххы иннæ фарс, Ахалгормæ мойгонд сты. Йæ хъæбулы хъæбултæ ахуыр кæнынц Цхинвалы скъолæйы.

Улæфтыты рæстæджы, Цъинагары цæрæг хъæбултæн æмæ хъæбулы хъæбултæн гæнæн вæййы сæ нанайы бабæрæг кæной, Ахалгоры постыл рахизгæйæ.

Цъинагары хъæу Ахалгоры районмæ хауы, æмæ уый, ныртæккæ ис, де-факто Хуссар Ирыстоны дæлбариуæгады.

«Æз, 2008 азы фæстæ, нал дæр уыдтæн Цъинагары. 2008 азы хæсты агъоммæ иу арæх цыдтæн», - зæгъы Таугазашвили Нанули.

Хурвалеты æмæ Цъинагары хъæуты кæрæдзийæ æдæппæт 2-3 км хицæн кæны.

Цæугæдон ахæм номхуындæй «Хеви» зæгъгæ, сæрды рæстæджы ныссур вæййы.

Сыгъдæг Барбарейы аргъуан уæлмæрдыл.

Дзукъанткъари æмæ уым уæвæг хæдзæрттæ Хурвалетимæ арæн кæнынц.
Цæхæрæдæттæ хæрз æввахс сты.

Бæрæгбонон бонты, зæгъæм, бæрæгбонты рæстæджы, дыууæ хъæуы цæрджытæм кæрæдзийы ныхасы уынæр фæхъуысы.

Сындзтелгæрæн кæрæдзийæ адард кодта хæстæджыты, æмгæртты, натлиæты, æввахс хиуæтты… цæрджыты та, - уæлмæрдты. Хурвалеттæгтæ уыцы уæлмæрдтæм дæр сæ хъус дарынц, кæцытæм сыхаг хъæуы цæрджытæн æрбацæуыны фадат нæй.

4-æм апрелы хицауады рабадтыл, Гуырдзыстоны премьер-министр, Къвирикъашвили Гиорги сабырадон инициативы «Къахдзæф хуыздæр фидæнырдæм» тыххæй æрныхас кодта.

Уый ныхасмæ гæсгæ, Гуырдзыстоны хицауад, фидыды æмæ хайадисæн политикæйы фæлгæтты, æвæры конкретон къахдзæфтæ, кæцыйы нысан у Абхазийы æмæ Цхинвалы регионты цæрæг цæрджыты гуманитарон æмæ социалон-экономикон уавæры фæхуыздæр кæнын æмæ дихгæнæг хæххыты акомкоммæ контакттæ, кæрæдзимæ цæуын, иумæйаг интерестыл бындурæвæрд æмахастыты разæнгард кæнын.

Сабырадон инициативты закъондæттæг ивддзинæдты пакет, æртæ сæйраг æрдæмад æвдисы:

Фыццаг – дихгæнæг хæххыты акомкоммæ базаркæнынады рауæрæх кæнын æмæ фенцондæр кæнын ног гæнæндзинæдты амалæй; инициативы фæлгæтты гæнæн уыдзæни административон дихгæнæг хæххытыл ахизгæйæ базарадимæ цæдисгæнæг индивидуалон æмæ иумæйаг бизнесы инициативты фарс хæцын æмæ разæнгард кæнын.

Дыккаг – уыдзæни хорз ахуырады райсынæн уæлæмхас гæнæндзинæдты саразын æмæ æнцонвадат скæнын ахуырады алы къæпхæныл дæр, куыд бæстæйы мидæг, афтæ фæсарæнты;

«Махæн нысаниуæгджын у æвзонг фæсивæд, уыдоны ахуырад æмæ сæ хорз фидæн дихгæнæг хаххы дыууæ фарсырдыгæй дæр. Ай у раст уыцы фæлтæр, кæцы хъуамæ цæра иумæ баиугонд Гуырдзыстоны æмæ хайад райса бæстæйы арæзтады процессы».

Æртыккаг – уыдзæни ахæм механизмы саразын, кæцыйæ æнцондæр уыдзæни райсын уыцы хорздзинæдты æмæ пайдадзинæдты, кæцы нæ бæстæйы райрæзыны фæстиуæгæн, се ‘хсæн Евроинтеграцийы фæндагыл æнцонвадат сси, уый у æнæвизæйæ цæуыны бар, сæрибар базарады бардзинад æмæ а. д.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.