Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Меланашвили Ликъа Чъехæй: «Хъæуы мысгæйæ ныхæстæ рифмæгонд цæуы»
«Чъехы скъоламæ бацыдтæн 2006 азы. Тынг бирæ уарзтон ме скъола, мæ фыццаг ахуыргæнæг – Мзиа. Нæ къласæгтæ кæрæдзийы тынг бирæ уарзтам. Не ‘ппæт дæр тынг хорз ахуыр кодтам. Фыццаг къласмæ куы бацыдыстæм æмæ партæтыл куы æрбадтыстæм, æрбацыд нæм скъолæйы директор, куы нæм æрбакастис къласы бадджытæм, фыццаг къласы æрмæст æртæ чызгæй уыдыстæм. Уæд бахудт йæ мидбылты æмæ лæппутæй сæ иуы сæрыл йæ къух æруагъта æмæ йын афтæ зæгъы: мæ уарзон чысыл лæппутæ, къласы уæм ис æдæппæтæй æртæ чызг æмæ сæ хъуамæ буц дарат, макæмæн сæ бауадзат бафхæрын. Неппæтæн дæр кæрæдзимæ хорз ахаст уыди».

Ацы ныхæстæ Меланашвили Ликъайæн уыцы альбоммæ хаст сты, кæцыйы æрвыл бон ногæй-ногмæ нывтæй æмæ æмдзæвгæтæй азты дæргъы йедзаг кæны. Леуахигомы нывтæ зæронд æви ног, альбомы сыфтыл сты фидаргонд.

Фыццаг къласы лæвæрд ныхасы æмкъласаг лæппутæ 11-æм къласы онг не сæххæст кодтой. 2008 азы августы мæйы хæст райдыдта æмæ Стыр Луахигомы уыцы хъæутæ, цыран этникон гуырдзиæгтæ цардысты, сафтид сты. Басыгъдысты хæдзæрттæ.

Меланашвили Ликъа Чъехы хъæуæй у. 7 азы йыл æххæст кодта, хъæу йæ бинонтимæ иумæ куы ныууагъта. Ныртæккæ, Гуры муниципалитеты Сакашеты хъæумæ ‘ввахс, лигъдæтты цæрæнуаты цæры.

«Æмдзæвгæтæ фыссын, фактивонæй, 2015 азæй райдыдтон. Уæдмæ дæр фыстон, фæлæ стæм хатт. Фыссын алцы темæйыл дæр, уæлдайдæр та, мæ райгуырæн хъæуыл. Мæ хъæуы куы æрымысын, ныхæстæ уæд рифмæгонд цæуынц», - зæгъы Ликъа.

Йæ альбомы йын фендзыстут Чъехы скъолæйы, сабиты рæвдауæндоны бæстыхайы нывтæ. Скъолæйы бæстыхай ныртæккæ сыгъд у. Уым æввахс сты Стыр æмæ Чысыл Леуахигомы уæвæг аргъуанты нывтæ дæр. Алы нывæн йемæ ис æмдзæвгæ фыст.

«Зын мын у, куы нæ уынын уыцы пейзажы, кæцы мын æнцойад лæвæрдта. Мæ бон нæу улæфын уæлдæф, кæцы мæ хъæлдзæгдзинадæй йедзаг кодта, мæ бон нæу нуазын уыцы доны, кæцыйы афтæ хæрзадæн никуы баназдзынæн, куыд уым…», - фыссы Ликъа.




Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.