Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Лигъдоны рæстæджы æрыздæхгæ цæстырухс æмæ дидинджытæй фæивгæ ног алфæмблай
Беруашвили Гиули ныр 10 азы дæргъы Верхуыты цæрæнуаты цæры. Гиули ередаг у, фæлæ уый йæ бинонтимæ иумæ хæсты агъоммæ цардис Ачабеты хъæуы. Стыр Леуахигомы 2008 азы 8-æм августы ныууагъта æмæ уæдæй фæстæмæ алы августы æрæввахс уымæн куыд йæхæдæг зæгъы, афтæ стыр рыстдзинад æвзæрын кæны.

Æртæ хъæбулы мадæн лигъдоны периоды уæззау ныхмæдзинæдты æмæ стыр зиндзинæдты бахъуыдис аиуварс кæнын. Йæ информацимæ гæсгæ, хæсты архæйдтыты фæстиуæгæн райсгæ стрес ын йæ цæстырухс дæр бахъыгдардта æмæ лигъдоны бæрæг периоды раст уый тыххæй бирæ рæстæджы хос кæнын бахъуыд. Дыууæ цæстыл дæр ын арæзт æрцыд операци. Операцийы фæстæ йæ цæстырухс 100%-æй сног ис æмæ æндæр реалондзинады æмæ алфæмблайы адарддæр кодта йæ цард.

Æнæгæсгæ уыцы царды зындзинæдтæм, уый уæддæр цардмæ йæ зæрдæйы ахаст нæ фæивта. Тырны алы боны цымыдисон æмæ рæсугъд сараза, кæцыйæн ныр цалдæр азы котеджы ныссадзгæ хæдзарон дидинджытæ æххуыс кæнынц. Æндæр æмæ æндæр хуыз зайæгойтæ зайы йæ цæрæнуаты алы хатæны дæр. Маст кæны ууыл, цæмæй къуындæг бынатмæ гæсгæйæ фылдæр дидинджытæ кæй нæу йæ бон схъомыл кæнын. Дидинджытыл цæмæй дон ныккæна, уый тыххæй арæх æмбисæхсæв дæр райхъал вæййы. Райсомæй та куыстмæ атагъд кæны, ныртæккæ Верхуыты сабиты рæвдауæндоны кусы. Дидинджытимæ иумæ къуырийы мидæг фондз боны чысыл сабитæм дæр хъуамæ базила. Зæгъы, цæмæй дæс азы размæйы тас æмæ эмоцитæ æрвылбонон царды æмæ ног алфæмблайы сындæггай тары кæнынц, фæлæ йæ райгуырæн къуыммæ æрбаздæхыны бæллицц æмæ æнхъæлмæгасты рæстæг æмæ дæрддзæф нæ ахахх кæндзæн. Беруашвили Гиули хъуыды кæны, цæмæй йæ хатæны дидинджытæ сæхи Комы уæлдæфмæ бирæ хъуыздæр рæздзысты æмæ йæ ныфс ис, цæмæй царды алцæмæй сæйрагдæр бæллицц ын кæддæр æнæмæнгæй кæй сæххæст уыдзæнис.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.