Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Хъайтар сыгоймæгтæ фæскулисты – чиныджы презентаци хæсты музейы
Эргнеты хъæуы Оганова Динайы æмæ Бенидзе Саломейы фоточиныг, «sHEROes»-ы фыццаг презентаци æмæ фоторавдыст арæзт æрцыд.

Фотограф Оганова Дина æмæ фыссæг Бенидзе Саломейы фоточиныг «sHEROes» августы хæстæй 10 азы рацыды сæрмæ мыхуыргонд æрцыд. Чиныджы раст ацы хæсты фæдыл цæуы дзырд, кæцыйы сæйраг хъайтартæ сты сылгоймæгтæ. Хицæнхуыз ивгъуыды, кары, профессийы æмæ фæлтæрддзинады уæвæг сылгоймæгтæ, кæцыты цард хæст фæивта, æмæ раст сæ ацы чиныг иу кæны. Сылгоймæгтæ, кæцытæ тох кодтой æмæ хæсты бонты дæр нæ ныууагътой зынджы судзгæ хъæуты æмæ фæстæмæ нæ алæууыдысты. Чиныджы авторы ныхасмæ гæсгæ, ацы сылгоймæгтæ бирæ адæмы мæлæтæй фервæзын кодтой. «Алкæмæй зынаргъдæр адæймæгтæ – хъæбултæ, бинонтæ, ныййарджытæ, хотæ æмæ æфсымæртæ фесæфтой, фæлæ уымæ æнæгæсгæйæ, æмæ уыйас трагеди бавзæрстой, уыдонæн сæ бон бацис, æмæ сæ цард ногæй райдыдтаиккой, хæдзары пырхæнтыл ногæй самадтаиккой хæдзар æмæ ма иннæтæн дæр баххуыс кодтаиккой сæ къахыл слæууынæн», - загъта хæсты музейы æрымбырд уæвæг æхсæнадæн Бенидзе Саломе.

Уый ныхасмæ гæсгæ, «sHEROes» у чиныг, кæцы æвдисы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты фæскулисты баззайгæ хъайтарты хабары, хæсты æмæ сабырады, уарзондзинады æмæ иузæрдыгдзинады, мæлæты æмæ цæрæнбоны.
5 бон, 400-йæ фылдæр марды, 2000-мæ ‘ввахс цæфы, 20000-æй фылдæр лигъдоны, 22 сæфт хъæуы – ахæм у 2008 азы августы Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæсты официалон статистикæ, хæсты, кæцыйы арæх фæхонынц, куыд 21-æм æнусы фыццаг хæст Европæйы мидæг. Æнæофициалон зиан та, кæцы Гуырдзыстоныл æрцыд, бирæ фылдæр масштабон у æмæ рæстæг куыд цæуы афтæ ноджы фыддæрæй-фыддæр равдисы йæ рыстдзинады. Райгуырæн хæдзæрттæм æрбаздæхын та, æгас бæстæйы масштабæй, Абхазийæ æмæ Самачаблойы регионæй рацæугæ 300 000-онг адæймаг æнхъæлмæ кæсы. Эргнеты фæстæ чиныджы презентаци æмæ фоторавдыст уагъд æрцæудзæнис Тбилисы, Гуры, Батумы æмæ Кутаисы.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.