Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Авневы баззайæг зæрæдты истори – августы хæсты хроникæтæ
Авневы æмæ Нулы хъæуты истори 2008 азы августы хæсты ноджы иу тынг уæззау трагеди у. Хæсты райдайынæй иу мæйы дæргъы уым æртæ зæронды цардис.

Уыдон сæхи цæстæй федтой уыцы цауты, кæцытæ Авневы мародерты æмæ уырыссаг æфсæддонты уæвыны периоды æрцыдис. Уыдоны æвдисæг фототæ уырыссаг æфсæддонты æххуысæй уырдæм бацæуæг журналистты фотообективмæ дæр бахаудтой.

Зæрæдтæ хъæуы 2008 азы сентябры ныууагътой. Уыдоныл конфликты зонæйы кусæг, æнæхицауадон организациты минæвæрттæ фембæлдысты æмæ сæ интервьютæ райстой. Æрмæг фæстæдæр специалонæй бацæттæгонд чиныгмæ хаст æрцыд. Стати дæр, раст, ацы чиныджы бындурыл ныффыстам.

«Уый æмæ мæ мад хæрз æввахс хæстæджытæ сты кæрæдзийæн. Мæ фæрсты ахызтис. Йæ мидбылты худгæ мæм ракастис. Райгонд хуыз ын уыд».

Мысы Тасойты Таня




19-æм августы UNOSAT-ы рдыгæй ист спутникон фото æвдисы Авневы æмæ Нулы хъæуты масштабон скуынæггонд документон бæлвырдгæнæны. Фотойыл ирдæй зыны, цæрæн хæдзæрттæ практиконæй иуылдæр куыд пырх сты. Фыццагхаттон анализы бындурыл документ мах зонгæ кæны, цæмæй Авневы хъæуы 153 цæрæн хæдзары ис пырхгонд, фæлæ Нулы хъæуы та – 119 цæрæн хæдзары ис пырхгонд.



«Æз мæхæдæг сусæгæй бахъуыззыдтæн Авневмæ 2008 азы октябры мæйы æмæ мæхи цæстæй федтон, æгас хъæу иуылдæр куыд бынтон сыгъд уыд. Æрмæст ма цыппар хæдзар баззад æнæсыгъдæй. Уыцы рæстæджы Бестауты Залинайы хæдзар æмæ Кокойты Анайы хæдзар нæма уыдысты сыгъд».

Тасойты Таня
2008 азы августы фыстытæй

Дыууæ хъæу дæр 2008 азы августы онг Гуырдзыстоны хицауады контролы бын уыдысты, æмæ, уымæ гæсгæ, ацы территоритыл 2002 азы сфыст уагъд æрцыд. Статистикæйы департаменты бæрæгæнæнтæм гæсгæйæ, 2002 азы Авневы хъæуы цардис 262 хæдзары, æмæ Нулы хъæуы та 124 хæдзары, кæцы августы æмбисы зианы тыххæй уæвæг информацимæ гæсгæ Нулы хъæуы æххæст, æмæ Авневы хъæуы та нысаниуæгджын куынæгдзинадыл дзуры.

1989 азы советон сфысты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, цыран хъæуты этникон сконд дæр ис лæвæрд, дыууæ хъæуы дæр, Авневы дæр æмæ Нулы хъæу дæр сæйрагæй койгонд цæуынц куыд ирон хъæутæ. 90-æм азты хæстон архæйдтыты фæстæ раздæры облæсты территорийыл райдайгæ демографион ивддзинæдты, мидæгон миграцийы æмæ хъæуты гуырдзиаг фарсы контролгæнæн зонæйы бахаудмæ гæсгæ фæивта цæрджыты этникон баланс дæр.



«Мах хъуамæ банымайæм, цæмæй уыцы сæрмагонд карздзинад, кæцыйы урсхæцъилæй баст ирон мародертæ ацы хъæуты цы сарæзтой, уый раст ивгъуыды хъæрахст уыд. Ахæмхуыз уынаффæйы гæнæндзинады аразы хицæстæй фенджыты радзырд дæр», - банысан кодтой цæстдарджытæ, кæцытæ ацы хъæутæй рацæугæ лигъдæттимæ ныхас кодтой.

Тасойты-Дурглишвили Таня хъæуы 50-ай азæй фылдæр фæцардис. Гуырдзиаг бинонтæ йын ис, фæлæ йæхæдæг ирон у æмæ уый тыххæй зæгъæн ис æмæ алкæйдæр зыдта, чидæриддæр хъæумæ цыд давынмæ æмæ хæлæттаг кæнынмæ.

Тасойты-Дурглишвили Таня деталонæй мысыд иу мæйы дæргъы бавзаргæ хъизæмæртты æмæ фенды. Уый Авневы хъæуы æрмæстдæр сентябры райдианы ныууагъта. 12-æм августы уымæ æрбацыдысты мародерты къорд æмæ йын йæ мыггаг куы базыдтой уæд ын баныфс æвæрдтой: «Тæрсгæ, дам, ма кæн, ам, дам, сымах ничи бахъыгдардзæн. Сымах, дам, Самачаблойы фыццаг хæсты ирæтты ныхмæ нæ рацыдыстут».
14-æм августы та, ноджы иу къорд балæууыди йæ кулдуармæ.

«Æмбисбоны жигулийыл уыдысты цыппарæй. Рахызтысты æмæ хæдзармæ бацыдысты. Урс лентæтæ уыд сæ цонгыл баст. Ацы ирæттæ мæ базыдтой – æз ирон кæй дæн, Мугуты хъæуы райгуырдтæн. Уыдон дæр мугуттæгтæ уыдысты. Сæ иу мæ мыггагæй разындис. Загътой мын, дæ кулдуарыл, дам, ирон мыггаг ныффысс».



«Иу æфсæддон формæджын ирон лæппу, уырыссаг формæ уыд йæ уæлæ, цъæх сыфтæрхуыз. Райдыдта мæм хыл кæнын: «Кæм, дам, ис, дæ лæгмар фырт», мысыд Таня.

Уый, æмæ фыццаг бонты, хæдзæртты æвзаргæйæ кæй пырх æмæ дæрæн кодтой, уый æндæр историтæ æмæ деталтæ дæр бæлвырд кæнынц. Зæгъæм, Тасойты Таня дæр уый радзырдта цæстдарджытæн, цæмæй хæдзæрттыл бомбæтæ калыны рæстæджы хæдтæхæгыл уырыссаг пилотты фарсмæ ирæттæ бадтысты æмæ сын уыдон амыдтой кæцы хæдзæрттыл хъуамæ æркалдтаиккой бомбæтæ.




«Федтам, хæдтæхæджы мидæг бадтис знауыраг Тыбылтæй иу лæппу, куыд зыны афтæмæй, уый уынын кодта, кæцы хæдзæрттыл хъуамæ æрæппæрстаиккой бомбæты. Дыууæйæ бадтысты хæдтæхæджы мидæг. Тæхæг уырыссаг уыд – хæдтæхæг дæр – уырыссаг. Æппæты фыццаг бомбæтæ æрæппæрстой мæ тиуы хæдзарыл, кæцы раздæр куыста Знауыры æмæ зыдта ацы Тыбылты лæппуйы».
Уый, райдианы дæр фæнысан кодтам, цæмæй æвзаргæйæ пырхгонд цыдысты гуырдзиæгты хæдзæрттæ, афтæ зæгъы Дурглишвили Гурген дæр.

«Кокойты Анайы хæдзар уый тыххæй нæ басыгътой, æмæ Кокоевы хæстæг у. Бестауты Зæлинæйæн та йе ‘фсымæры хъæбултæ боевиктæ сты, æгас хъæуы йæ алчидæр зоны. Залинæйы хæдзар уыдис ирæттæн 2008 азы хæсты рæстæджы штаб».

Авневы хъæумæ уырыссæгтæ æмæ ирæттæ 9-æм августы бацыдысты. Афтæ, куыд æндæр хъæутæм, ам дæр хицæстæйфенджыты ныхæстæм гæсгæйæ, 5-6-гай лæгæй иумæ къордгай цыдысты.

Тасойты Таняйы хæдзармæ 14-æм августы ноджы иу хатт бацыдысты.


«Æрбацыдысты уыцы æртæ ироны, кæцытæ 13-æм августы Гургены къæхты бынмæ хæцæнгарзæй æхстой. Кулдуары цур лæууыдтæн, фæлурсхуыз рафик-хæдтулгæ куы æрбацыд. Йæ тæккæ дзаг уыдис дзаумæттæй. Базыдтон сæ, нæ сыхаг, Коцты Паулейы хъæбулы хъæбултæ уыдысты, дыууæ æфсымæр æмæ сæ бидзашвили (мадыфсымæры кæнæ фыдыфсымæры лæппу). Æфсымæртæй сæ иу æнæнхъæлæджы автоматы хъæдæй Гургены сæр ахъаззаг цæф фæкодта. Ахæм цæф æй фæкодта æмæ лæг æрхаудта зæххыл. Уый фæстæ йæ уæлæ æрбадт æмæ йæ хурх кæнын байдыдта. Иннæ ‘фсымæр та йæ къахæй æмæ тымбылкъухæй цавта. Сæйрагæй ын цавтой йæ фæрстæ. Кастæн æмæ хъæрахст кодтон. Æххуыс кодтон Гургенæн. Куы сæ иумæ лæбурдтон, куы се ‘ннæмæ æмæ сæ цавтон, уæд сæ иу, къахæй Гургены чи цавта, уый мæн дæр автоматы хъæдæй ныццавта æмæ цæф ме уæхскыл сæмбæлд. Стæй уæлæмæ схызтысты дыккаг уæладзыгмæ. Хуыссæныл арт бандзæрстой. Райдыдтой дæрæн кæнын уæлейæ. Цалынмæ уыдон дыккаг уæладзыгыл уыдысты, уæдмæ æз æмæ Гурген хъæдырдæм алыгъдыстæм æмæ уым нæхи бааууон кодта. Уырдыгæй федтам нæ хæдзар куыд сыгъдис. Уæлхæдзар ныххаудис. Дыргъдоны нæ бирæ фæцагуырдтой, дыууæрдæм хæцæнгарз æхсгæйæ рацу-бацу кодтой, иронау нæ æлгъыстой. Куы нæ ссардтаиккой, уæд нæ амардтаиккой, уымæн æмæ, сæ кæй базыдтам. Мæхи цæстæй федтон, куыд басыгътой Дурглишвили Саломейы, Капанадзе Гамлеты æмæ Давитидзе Сейраны хæдзæртты. Саломейы хæдзар 9-æм августы басыгътой, Давитидзе Сейраны хæдзар – 13-æм августы, уыдон уыдысты, кæцытæ нын нæ хæдзары басыгътой».

Авнеуæгтæ, куыд, бирæ æндæр хъæуты цæрджытæ, фылдæр ирæтты мародердзинады тыххæй ныхас кæнынц. Фæлæ уый дæр хъуыдыйаг у, æмæ комæй ралидзгæ цæрджыты фылдæр кæй дзуры Уæрæсейы Федерацийы гæрзифтонг тыхты тыххæй.

«Ирæттæ мародердзинæдтæ куы кодтой æмæ хæдзæрттæ куы сыгътой, уæд ацы рæстæджы та, уырыссæгтæ сæ танкæтимæ хъæуы астæу лæууыдысты. Æдзухæй лæууыдысты танкæтимæ уырыссæгтæ æппæт уыцы рæстæджы дæргъы, цалынмæ ирæттæ хъæуы уыдысты. Ирæттæ адæмы фæллой хастой, уыдон та нуæзт æмæ хæринæгтæ хастой. Танкыл иу самадтой бидонты мидæг арахъхъ, сæн, кæрчыты…».

Аналогион историты мысынц Нулы хъæуы цæрджытæ дæр.



Нулы хъæу


Нулы цæрæг Церцвадзе Рамаз хъæуы трагедийыл ныхас гæнгæйæ архайы, цæмæй ирæтты архайдæн дзуапп ссара, цыдæриддæр йæхи цæстæй федта уымæн:

«Раззаг хæсты рæстæджы дæр 90-æм азты, ирæттæ ууыл мæт кодтой, Нул, дам, куыд баззад гуырдзиæгтæн æмæ ныр сæ къухы бафтыд йе ‘рцахсын. Махæн уырдæм цæуыны бар ничиуал дæтты».



Торошелидзе Йаша Проны комæй лигъдæтты бирæнымæцон армийы ноджы иу минæвар у, кæцыйæн йæ хæдзары басыгътой æмæ сæм уый фаг нæ фæкаст æмæ ма 72 аздзыд зæронд лæджы саунад дæр фæкодтой, фæстæмæ сæм кæй сныхас кодта, уый тыххæй.

«Кæцы боны уыд уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ, хæст куыддæр райдыдта, хæдзары уыдтæн фосимæ иумæ. Иу къуырийы фæстæ ирæттæ æрбацыдысты. Мæ кæртмæ æрбахызтысты æмæ сæ зæрды фосы аскъæрын уыдис. Æз сын не ‘сразы дæн æмæ мæ фæнадтой хæцæнгарзы хъæдæй, стæй мæ бафæдзæхстой, цæмæй хъæу ныууагътаин. Бардзырд сын уыд, хъæу гуырдзиæгтæй ссыгъдæг кæнын «кæнæ ацæудзынæ, кæнæ амæлдзынæ». Ахæм уыд домæн. Уый фæстæ бензин бакалдтой мæ хæдзарыл æмæ йæ басыгътой. Ныцыуал гæнæн мын уыдис æмæ Карелмæ æрцыдтæн мæ хоимæ иумæ, кæцыйыл 72 азы цæуы.

Йæ хæдзар Церцвадзе Рамазийæн дæр басыгътой. Нæмттæй æмæ сæ мыггæгтæй зоны алкæйдæр, чидæриддæр йæ хъæуы рацу-бацу кодта æмæ давыны куыст кодта, хæдзæрттыл зынг æфтыдта. Нулы хъæуы цæрджыты курдиатмæ гæсгæ, сæ фылдæр уыдысты сыхаг хъæуæй - Убиаты хъæуы цæрджытæ.

«Уырыссаг æфсæддонты æрбацыды фæстæ, сыхаг ирон хъæуæй – Убиатæй цыдысты ирæттæ æмæ хастой адæмы фæллой уый фæстæ хæдзæрттыл арт æфтыдтой. Алкæй дæр сæ зонын, чидæриддæр уыд, уымæн æмæ Убиаты хъæу хæрзæввахс у Нулмæ, цæгатырдыгæй фыццаг хъæу у æмæ адæм иуылдæр кæрæдзийы зонынц. Уыдон æмæ иумæйагæй дæр, ирон хъæуты цæрæг æвзонг нæлгоймæгтæн сæ фылдæр азты дæргъы ирон æфсæддон къордты а.х. «Аполченийы» уыдысты баиугонд. Æфсæддон формæ дардтой, хæцæнгарз дæр сæм уыд æмæ дзæвгар бæрзонд мызд дæр истой. Æфсæддон формæты цæнгтыл фыст уыд «Россия».

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.