Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Уæрæсейы авиацийæ спырхгонд Гуры хъæутæ
2008 азы 8-11 августы Уæрæсейы авиаци Гуры муниципалитеты хъæуты бомбæтæ æркалдта. Цæрæгджын территорийыл æркалгæ бомбæтæй уды зиæнттæ æрцыди. Æппæтæй фылдæр удызиæнттæ фиксиргонд æрцыд Карбы хъæуы, цыран иу сыхы 8 адæймаджы фæмардис.

Авиацион бомбæты æркалдæй уды зиæнттæ æрцыд: Никозы, Хвиты, Пхвенисы, Варианы, Тортизайы æмæ Карбы хъæуты цæрджыты ‘хсæн.

Земо Хвиты хъæу


Гуры муниципалитеты Земо Хвиты хъæу 11-æм августы бомбæгонд æрцыд. Ацы хъæуы уыцы боны дыууæ адæймаг – Гогишвилиты Александр æмæ Джемал фæзиан сты.

Гуырдзыстоны æрыгон юристты ассоциацийы цæстдарджытæ Есиашвили Амираны бацагуырдтой, кæцы ацы цауты уынæг уыд, уый сын радзырдта, зæгъгæ, йын сыхæгтæ куы нæ баххуыс кодтаиккой, уæд кæй нæ фервæзтаид, тугæй сафтид уыдаид.

«11-æм августы уыдтæн Алейы хæдзары. Уым нæхи æмбæхстам. Сармадзаны нæмгуытæ æмæ бомбæтæ згъæлдысты. Боны 3-сахатæй райдыдта массивон бомбæ кæнынад. Але иу минут æддæмæ рахызт кæртмæ. Уайтагъд фæстæмæ фездæхт æмæ зæххыл йæ тъæпп фæцыд, балкъоны бын. Федтон æй, зæххыл йæ галиу фарсыл куыд æрхаудта, йæ гуыбын фæцæфис æмæ туг цыхцырау ныллæууыд. Тугæйдзаг къухтимæ рагæпп кодтон æддæмæ. Сармадзаны нæмыджы схъис мæ бæрзæйыл сæмбæлдис, рахиз фарсыл. Фæстæмæ, Алейы хæдзармæ хъавыдтæн бахизынмæ, фæлæ мыл ноджы сæмбæлдис дыууæ нæмыджы схъисы мæ къахыл æмæ мæ фарсыл.

Гогишвили Джемалы мæлæтмæ та цы хауы, уымæй Сайайæн интервью Гогишвили Тамаз ратта:

«11-æм августы фехъустон бомбæты уынæр. Раст уæд мæ хæдзар ныппырх ис. Мæ хæдзар куы ныппырх ис, уæд мæ бидзашвили (ме рвад), Гогишвили Заза хæдзары мидæг мæ фыды цæфæй федта. Рахаста йæ пырх хæдзарæй æмæ йæ кæрты æрывæрдта, йæхæдæг мæн агурæг рацыдис. Мæ фыд, Гогишвили Джемал, цæф уыд гуыбыны æмæ сæры. Сыхаг Доиджашвили Нинели йын йæ цæф арахъхъæй ныссæрфта. Зазайы хæдзармæ йæ бакодтой сыхæгтæ æмæ Зазайы ныккæнды æртыккаг бон фæзиан. Нинели æмæ йæ Гогишвили Вова ссардтой мардæй æмæ йæ баныгæдтой. Æнæхицауæй амардис, фæкæсæг æм нæ уыд».

Йæхæдæг Гогишвили Тамаз, йæ бидзашвили Гогишвили Зазаимæ иумæ раст уыцы боны, 11-æм августы уацары бахаудысты. Сгæрсты рæстæджы йæм резервисты жетон ссардтой, сау над æй фæкодтой æмæ иу бон æмæ иу æхсæв æфсæддон базæйы уыдис, надтой йæ, æфхæрдтой йæ æмæ йæ стæй уый фæстæ рауагътой.



• Керейы хъæу

Керейы хъæуы фыццаг бомбæ 9-æм августы æрхаудта. Уый фæстæ хæдзар сындæггай хæлын райдыдта. 11-æм августы бомбæты калын адарддæр, кæцы расайдта уды зиæнттæ:

Еликашвили Жулиан нын радзырдта: «11-æм августы, æмбисбонмæ ‘ввахс, 12 сахатыл хъуджы акодтон хизæнуатмæ. Хæдзармæ ‘ввахс цæугæдон цыдис æмæ уым бадтæн доны был. Дыууæйæ уыдыстæм, æз æмæ мæ сыхаг Еликашвили Арсен. Æз æнгузы бын бадтæн, Шота æртæ метры æддæдæр мæ фарсмæ лæууыди. Уайтагъд æй нæ бамбæрстон, цы рцыдис уый, цыдæр æввахс ран спырх ис. Федтон æй, æмæ Арсены хъуг астæуыл фæдих кодта. Мæ хъуг дæр зæххыл хаудæй лæууыд. Мæ къæхтæм æркастæн æмæ нал слæууыдтæн къахыл. Фæцæф мæ рахиз цæст æмæ мæ рахиз къух дæр. Гуры мын сарæзтой галиу къахы ампутаци. Рахиз цæстæй бакуырм дæн, мæ къухы дæр мын бахуыдтой».

Фæцæфы фæстæ, Еликашвили Арсен рог цæфимæ, хæдзармæ ссыди, йе ‘рдхордæн баххуыс кæнынæн медикон ифтонггæрзты рахæссынмæ.

«Хæдзары асинтыл схизгæйæ мæ ноджы иу хатт цыдæр æрцавта æмæ хуылфы цыдæр ссыгъди. 11-æм августы бомбæты фæстæ мæ цæстырухс дæр фæцудыдта, бакуырм дæн. Сæлхæр каркау дыууæрдæм рахау-бахаугæнгæ цæуын, куы кæм фæкæлын, куы кæм. Къæхтæ дæр мæ коммæ нал кæсынц».

Еликашвили Робизоны мæлæт, Ломидзе Назиброла 10-æм августы ныууагъта хъæу йæ бинонтимæ иумæ, фæлæ йæ мой Еликашвили Робизон фæстæмæ, Керейы хъæумæ æрбаздæхтис хæдзары бахъахъхъæнынмæ æмæ сыхæгтæн баххуыс кæнынмæ. Назиброла уæдæй фæстæмæ йæ мойы нал федта.

«11-æм августы хæдтæхæг бомбæтæ æрызгъæлста Керейы хъæуыл æмæ бомбæйы схъистæй мæ мой фæзиан».

Еликашвили Робизоны мæлæты хабар, йæ сыхæгтæ, мысынц.
Беставашвили Гурам зæгъы:

«11-æм августы федтон мæ сыхаджы: Еликашвили Робизон йæ хæдзары кæрты лæууыд æмæ йæ мобилон телефоны цалцæг кодта, аккумулятормæ йын уыд иугонд. Æз йæ фарсмæ хæдзары цæрын. Бацыдтæн æмæ сбадтæн машинæйы мидæг. Радио йын уыд ивтыгъд æмæ йæм хъуыстон. Æвæццæгæн фыццаг сахат уыдаид. Æваст цыдæр ныннæрыдис æмæ федтон уыцыфарс, дон кæм цæуы, фæздæг бадт. Машинæйы мæхи баауон кодтон. Куы рахызтæн, Робизон зæххыл уæлгоммæ хаудæй лæууыд. Удæгас нал уыдис. Туджы зæй бадт, йæ сæрымагъз фæйнæрдæм пырх. Йæ къæмисæныл сæмбæлд бомбæйы схъистæ».



• Къарбы хъæу


2008 азы 9-æм августы авиацион бомбæты æрызгъалыны фæстиуæгæн Къарбы хъæуы 8 æмбæстон фæмард ис, бирæтæ дзы фæцæф ис æмæ бирæ хæдзæрттæ ныппырх ис. Хицæстæйфенджытæ Къарбы трагедийы деталонæй мысынц.

9-æм августы райсомæй, 7:30 минутмæ ‘ввахс Къарбы хъæуы бомбæ æрхаудта. Фæмард ис Унапкошвили Цацо. Дыууæ сахаты фæстæ та ногæй æркалдтой бомбæтæ æмæ ноджы фылдæр уды зиæнттæ æрцыдис:

«Бынатыл фæмард сты Тевдорашвили Амиран æмæ Тевдорашвили Иракли, Мариамидзе Гиорги та уæззау цæф фæцис æмæ æртыккаг бон амардис. Мæнæй 30-50 метры дæрддзæфмæ ‘ввахс фæмард сты Тевдорашвили Назо, Бидзинашвили Циала, Бидзинашвили Анзор, Шеварденидзе Валико, фæцæфтæ сты Тевдорашвили Тенгиз, Тевдорашвили Гурам, Рчеулишвили Русудан æмæ Аниашвили Медико. Спырхы рæстæджы æз фæцæф дæн æмæ мæ уæрджытыл нал слæууыдтæн».

Мариамидзе Гиоргийы фырт, Мариамидзе Коба, мысы, цæмæй 9-æм августы дыууæ сахатыл хъæуы бæрнон, Тевдорашвили Васико фехъусын кодта, цæмæй йæ фыд, Мариамидзе Гиорги уæззау цæф фæци æмæ йæ тагъд æххуысы машинæйыл баластой Тхъвиауы рынчындонмæ, цыран æй реанимобилæй ракодтой Тбилисмæ.

«Мæ фыд уадзыгæй хуыссыд æмæ регистрацигонд уыдис куыд æнæзонгæ. Тбилисы стационарты æрзылдыстæм, фæлæ йæ не ссардтам, фæстагмæ йæ 8-æм рынчындоны реанимацийы хайады ссардтам. Аппартмæ уыдис иугонд, 11-æм августы райсом 8 сахатмæ ‘ввахс фæзиан ис».



• Варианы хъæу


Уырыссаг авиацийы бомбæты æрызгъæлды фæстиуæгæн фæмард сты Варианы хъæуы цæрджытæ, Бедошвили Малхаз æмæ Бедошвили Омар.

«Уæлдæфон ныббырсты рæстæджы, 9-10 сахат уыдаид, æрхаудта бомбæ Варианы хъæуы. Уый уыд хъæуы сæрмæ æмæ фæмард сты ацы хъæуы цæрæг фыд æмæ йæ фырт. Лæппуйы ном хуындис Махо Бедошвилитæй. Фæцæф ис 8 адæймаджы: Адуашвили Илиа, Адуашвили Темо, Гиоргишвили Бека, Кереселидзе Николоз, Хизанишвили Михеил, Урджумелашвили Вако, 12 аздзыд, Урджумелашвили Цира, 11 аздзыд», - бавдыста номхыгъды цæстдарджытæн Махъишвили Гиорги.

• Пхвенисы хъæу

Пхвенисы хъæуы бомбæтæ æркалыны фæстиуæгæн 78 аздзыд Бедианашвили Илиа фæмард ис. Ацы цауы йæхи цæстæй федта йæ хъæбул Бедианашвили Хъараман.

Йæ фыды баныгæнынæн ын баххуыс кодтой сыхæгтæ: Надирадзе Изо, Надирадзе Вахтанг æмæ Нариашвили Ношре, кæцытæ сусæгæй дыргъдæттыл цыдысты, уымæн æмæ хъæуы Уæрæсейы гæрзифтонг тыхты танктæ æмæ æфсæддонтæ лæууыдысты.

Йæхæдæг Бедианашвили Хъараман конфликты рæстæджы иуылдæр хъæуы уыдис, иуылдæр æмбæхсгæ кодта æмæ йæхæдæг дæр бирæ хæттыты фæци æнæадæймагон ахасты амæттаг.



• Мегъврекисы хъæу


Мегъврекисы хъæуы сармадзаны нæмыг 8-æм августы æрхаудис. «Уæлдæфон бомбæты æркалды фæстиуæгæн фæмард ис мæ фыд, Майсурадзе Гамлет æмæ мæ бидзашвили - Майсурадзе Отар. Хæдзары кæрты сыхæгты æххуысæй ныгæд æрцыдысты», - загъта цæстдарджытæн Майсурадзе Рамаз.

Хъæуы ацæргæ сылгоймаджы мæлæты дæр æрымысыдысты, кæцыйæн бомбæты æркалды рæстæджы йæ хæдзар ныппырх ис. Цæф сылгоймаг азары бахаугæйæ лидзынмæ фæцис, йæхи февæзын кæныны ныфсæй æмæ бахаудта ирон æмæ уырыссаг формæджын адæймæгтæм. Йæхæдæг сылгоймаг ирон уыдис, фæлæ гуырдзиагмæ уыд моймæдзыд.

Хъæуы хъуыды кодтой, цæмæй формæджынтæ цæф сылгоймаджы архы ныппæрстой æмæ йæ дон аласта.



• Никозы хъæу

9-æм августы Никозы хъæуы интессивон авиацион æмæ артиллерион æхстытæ цыдис. Хъæуы баззайгæ адæм уæдмæ æхстыты рæстæджы ныккæндты æмбæхстысты, фæлæ уыцы изæры практиконæй æппæт цæрджытæ хъæуы ныууагътой.

«9-æм августы райсомæй, æхстыты рæстæджы фæмард ис мæ сыхаг Миндиашвили Марине, 50-азмæ ‘ввахс кары сылгоймаг. Йæхи кæрты бадтис æмæ йæ хæдзарыл сармадзаны нæмыг куы сæмбæлд, уæд Миндиашвили Марине фæцæф ис æмæ уым фæмард ис. Йæ мой, Миндиашвили Давит æй баныгæдта сæхи хæдзары кæрты», - зæгъы бынæттон цæрæг Дзамукашвили Евгени.

Никозы хъæуы æхстыты рæстæджы фæмард ис Мчедлидзе Амиран дæр.

• Тортизайы хъæу

Тортизайы хъæуы авиаци 8 сармадзаны нæмыг æрæппæрста, адонæй 3 спырх ис. Тортизайы 12-æм августы æхстыты рæстæджы фæмардис 4 адæймаг – Акопиани Максиме, Ванишвили Шалва, Меребашвили Этер æмæ Ахалкаци Нугзар; афтæ ма уæззау цæф фæци – Ахалкаци Заза æмæ Ахалкаци Венера.

Бежанишвили Евгени цæстдарджытæн радзырдта, цæмæй хъæуы тынг тæссаг уавæр кæй уыдис:
«Нæ цæсты раз хæдтæхæджы бомбæйы схъистæй уæззау цæф фæцис сыхæгты лæппу 17 аздзыд Ахалкаци Нугзар. Уæззау цæфæй ма йæ Тбилисырдæм бæргæ раластой, уымæн æмæ Гуры дæр уыцы рæстæджы интессивон æхстытæ уыд, фæлæ Тбилисмæ нал фæхæццæ, сæхи кæрты йæ уд систа. уыцы æвирхъау боны ма ноджы иу нæ сыхаг – Меребашвили Этер фæзиан».

«Фæмард ис Акопиан Максиме дæр. Æххуыс æй хъуыдис, фæлæ йын нæ бон ницыуал æххуыс баци, уымæн æмæ нæхæдæг дæр тыхст уыдыстæм, нæхицæн дæр æххуыс хъуыдис æмæ алчидæр тырныдта, исты хуызты æхстытæй аирвæзтаиккам. Этеры йæ мой одеалæйы стыхта æмæ йæ кæрты цъайы цур баныгæдта».

Меребашвили Шалва (Этер Меребашвилийы мой): «æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы уым уæлмæрды арвыстон. Боны иу чысыл къæбæр ахордтон æмæ уый уыди мæ хæринаг. Æртыккаг бон, алцыдæр куы æрсабыр, уæд стæй уыйас тæссаг нал уыдис, фæстæмæ йæ мæхи къухæй скъахтон æмæ йæ уым хъæуы аргъуаны цур уæлмæрды баныгæдтон».


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.