Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
«Дихгæнæг хахх» Меджврисхеуы æмæ Громы ‘хсæн нæ ауагътой
Цхинвалы районы Громы хъæумæ Меджврисхеуæй 15 адæймаджы зианы хистмæ ацыдис. Ай тыххæй уыдон уырыссаг постыл ахызтысты.
Гроймæгты æххуысæй уырыссаг æфсæддонтæ меджврисхеуæгты хъæумæ бауагътой, æрмæст бæрæг рæстæгмæ хъуамæ фæстæмæ раздæхтаиккой.

Хисты дыууæ хъæуы цæрджытæ кæрæдзиуыл фембæлдысты. Бынæттон цæрджытæ зæгъынц, цæмæй уый уыдис тынг эмоцион фембæлд.

«Æрымбырд стæм хъæуы адæм æмæ загътам, цæмæй сыхаг хъæуы ахæм адæймаг фæзиан, æмæ нын æндæр гæнæн нæй хъуамæ æнæмæнгæй ацæуæм. Уый уыдис дыууæ къуырийы размæ. Куы нæ федтой уыйас адæмæй бацæугæ, стыр эмоцитимæ ныл фембæлдысты. Уæлдай кад уыд зианы хицæуттæн», - загътой Меджврисхеуы.

Меджврисхеуæгтæ дзурынц, цæмæй уым уæвыны рæстæджы уыдонæй иу дæр хæсты кой не скодта. «Æппындæр хæсты кой нæ ракодтам, не ‘рымысыдыстæм уыцы æвирхъау цауты дæр, кæцытæ хæсты рæстæджы æрцыдысты».

Гъадзадзе Нугзар зæгъы, цæмæй иу гроймаг лæг меджврисхеуæгты уынынмæ, Ларсы постыл специалонæй рахызтис: «Рацыдис уыцы лæг Владикавказæй, Ларсыл рахызтис, æрбацыди хъæумæ, биржайыл алæууыдис, федта адæмы, фæцинтæ сыл кодта, алкæй дæр æрфарста æмæ аздæхтис фæстæмæ Громы хъæумæ», - дзуры Гъадзадзе Нугзар.

2008 азы августы хæсты фæстæ ацы дыууæ хъæуы кæрæдзийæ а.х. арæны нысангæнæг банертæй адард сты. Сындзтелгæрæн дзы нырма не смонтаж кодтой.

Бынæттон цæрджытæ мысынц, цæмæй 2008 азы августы хæсты рæстæджы, Меджврисхеуы бахизæны гроймæгтæ æрлæууыдысты æмæ морадерты нæ бауагътой хъæумæ. Меджвисхеуы хъæуы хæдзæрттæ басудзынæй аирвæзтысты.

«Раст уый тыххæй уарзæм гроймæгты» - зæгъы Тодадзе Тамар.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.