Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Дихгæнæг хаххы цур цæрæг цæрджыты домæнтыл хицауадон къамисы хыгъдлæвæрд рапарахат ис
Рæстæгмæ хицауадон къамис, кæцы фæстаг 5 азы дæргъы дихгæнæг хаххы цур цæрæг цæрджыты домæнты бæрæг кодта, йæ куыст сæххæст кодта. Къамисы уæнгтæ дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс 48 хъæуы бынатыл базонгæ сты æмæ сахуыр кодтой уым уæвæг проблемæты. Фембæлдысты бынæттон цæрджытимæ æмæ семæ аныхас кодтой. Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, 9 фарста хицæнгонд æрцыд, уыдон æхсæн:

1. Зымæджы периоды хъармгæнæны сифтонг кæныны проблемæ;
2. Хъæуты газификацийы уæвынад;
3. Нуазыны дон æмæ донхæрæггæнæн доны рауадзыны проблемæ;
4. Хъæуы онг бацæуæн фæндаджы æдзæттæдзинад;
5. Фыццагады æнæниздзинад хъахъхъæныны лæггæдты æвадатдзинад;
6. Хæсты фæстиуæгæн зианбаййафæг цæрæн хæдзæртты æмæ æмбæрзæнты проблемæ;
7. Сындзтелгæрæнты ауадзыны фæстиуæгæн хъæууон-хæдзарадон нысаниуæджы зæххытæй пайда кæныны проблемæ;
8. Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрæг студентты сфинанс кæныны проблемæ;
9. Скъолæты æмæ сабиты рæвдауæндæтты инфраструктурæйы æдзæттæдзинад.

Къамисы информацимæ гæсгæ, 2018 азы дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты цæрæг бинонтæн зымæджы периоды хъармгæнæн сифтонг кæныны нысанæй, Гуырдзыстоны финансты министрад 2 милуан 435 600 лари бахардз кодта.

«Уыцы бинонтæн, кæцытæ регистрацигонд сты æрдзон газы абоненттæй, абонентыл сын рарвыстой 200 (дыууæ сæдæ) ларийы. Нысангонд æххуысæй æдæппæт спайда кодтой 12178 бенефициары, уыдон æхсæн: Гуры муниципалитетæй – 7909 бенефициары; Хашуры муниципалитетæй – 194 бенефициары; Къаспы муниципалитетæй – 527 бенефициары; Карелы муниципалитетæй – 2875 бенефициары; Сачхерейы муниципалитетæй – 366 бенефициары; Оны муниципалитетæй – 138 бенефициары; Душеты муниципалитетæй – 169 бенефициары», - дзырд цæуы хицауадон къамисы рапарахатгонд хыгъдлæвæрды, кæцыйы ис 2013-2018 азты период.

Хыгъдлæвæрды ма афтæ ноджы ныхас цæуы æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ ахуырады фарстæтыл. Иртасæн куыстмæ гæсгæ, 2013-2018 азты Шида Картлийы арæзт æрцыд æмæ функционир кæны организаци «Шида Картлийы фыццагады æнæниздзинад хъахъхъæды центр», кæцыйы нысан у Шида Картлийы дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты амбулаторион хызы рæзынад, хъæуы дохтырты/медицинон хоты куыстæн къух саразын, квалификацийы сбæрзонд кæнын, цæрджытæн хæрзхъæд фыццагады æнæниздзинад хъахъхъæныны сервисты бадæттын. Организацийы «Шида Картлийы фыццагады æнæниздзинад хъахъхъæды центры» баиугонд ис Къаспы, Гуры, Карелы æмæ Хашуры муниципалитеттæм хауæг дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс хъæуты 40 амбулатори, кæцытæ лæггад кæнынц 83 хъæуæн. Кусы дзы 37 дохтыры æмæ 53 медицинон хойы, кæцытæ мызд исынц организацийы бюджетæй (дохтыр – 650 лари; медицинон хо – 455 лари).

Фæуд кæныны процессы у ацы организацийы бардзырдæй арæнгонд Гуры муниципалитеты Тхъвиауы хъæуы æнæаргъæвгæ медицинон æххуысы клинникæйы арæзтад. Ацы этапыл плангонд цæуы клинникæйы ифтонг кæнынад медицинон аппаратурæйæ æмæ инвентарæй. Дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс 20 хъæуы амбулатори сифонг кæнын медицинон æмæ офисы инвентарæй (инвентары комплекты аргъ алы амбулаторийæн у 3960,23 ларийы).

Шида Картлийы ног амбулаторитæ арæзт æмæ ифтонгад æрцыд дихгæнæг хаххмæ ‘ввахс ахæм хъæуты:

• Гуры муниципалитеты – Плауы хъæуы, Дæллаг Арцеуы, Адзвийы, Джариашены, Кирбалы, Хвиты, Мегъврекисы, Эргнеты, Керейы, Корды, Цъителубаны хъæуты;
• Къаспы муниципалитеты – Рене æмæ Твауриты хъæуты:
• Карелы муниципалитеты – Тамарашены, Къодайы, Авлеуы, Бредзайы æмæ Атоцы хъæуты.

Ахуырадмæ та цы хауы, уымæй 2017-2018 ахуыры азты фыццаг семестры дихгæнæг хаххы хъæутæй финансгонд æрцыд 1168 студенты, адонæй 989 бакалаврийы æмæ 179 магистры. Фыццаг семестры фидинаг уыд 1 221 650 лари.

«Гуры муниципалитеты Плауы хъæуы астæуккаг скъолæ – цæттæгонд æрцыд скъолæйæн йæ иу хайы реабилитацийæн проектон документаци, реабилитацийы куыстытæ уагъд æрцæудзæн 2018 азы; Гуры муниципалитеты чысыл Меджврисхеуы хъæуы астæуккаг скъолæ - цæттæгонд æрцыд скъолæйæн йæ иу хайы реабилитацийæн проектон документаци, плангонд у йæ бафидар кæнын æмæ йæ иу хайы реабилитаци 2018 азы», - фыст ис хицауадон къамисы хыгъдлæвæрды.

Фотойыл: Хъарапилайы хъæу, автор Сулакаури Даро.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.