Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Адæмон хъахъхъæнæг: «Отинашвили Майа Хъурвалеты цур ныр 5-æм сылгоймаг у кæй æрцахстой»
2018 азы 29-æм сентябры райсомæй, Гуры муниципалитеты Хурвалеты хъæуы цæрæг, йæхи сæрмагонд цæхæрадонæй оккупирон террторийы рдæм Гуырдзыстоны æмбæстон, æртæ æнахъом сабийы мад Отинашвили Майайы аскъæфтой. Ацы цауы фенджыты æрбадæтгæ информацимæ гæсгæ, хотыхджын, маскæты конд гоймæгтæ сылгоймаджы аскъæфтой Гуырдзыстоны контролы территорийæ, цыран сындзтелгæрæнмæ 50 метры дæрдзæфмæ у.

Дэ-факто республикæйы дзыллон информацийы рапарахатшонд информацимæ гæсгæ, 2-æм октябры Отинашвили Майайæн дэ-факто тæрхондон а.х. «арæныл æнæзаконон ахизты» аххосæй дыууæмæйон развæлгъау ахæстоны бадт стæрхон кодта. Уый ма ноджы «аххосджын кæнынц» æмбæстонтæй æхца исын æмæ сын æххуыс кæнын «арæныл æнæзаконон ахизынæн».

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ аскъæфты бынатмæ Отинашвили Майайы бинонты хиуæттæ арæх бахизынц. Фæлæ, йæхæдæг Отинашвили Майа йæ мой æмæ æртæ сывæллонимæ иумæ Гуры цæры, кæцы ноджы фылдæр абсурдон кæны дэ-факто æдасдзинады куыстуаты аххосæгты. Адæмон хъахъхъæнæджы информацимæ гæсгæ, цалдæр боны дæргъы, бинонтæн нæ уыдис фаг информаци Майайы иумæйаг уавæры æмæ æдасдзинады тыххæй.

Хурвалеты хъæу дихгæнæг хаххы цур хъæуты хсæн сегасæй фылдæр зианбаййафæг хъæу у. Сындзтегæрæнты сарæзты фæстиуæгæн хъæуы 36 гек. хъæууон-хæдзарадон зæхх, хизæнтæ, уæлмæрд æмæ цалдæр хæдзар оккупирон хайы рдыгæй баззад, донхæрæггæнæн дон 2008 азæй æхгæд у дэ-факто хицауадæн, адæймæгты аскъæфын æмæ æрцахсын зæгъæн ис æмæ æрвылбонон сси. Бынæттон цæрджыты курдиатмæ гæсгæ, уырыссаг æмæ ирон а.х. «арæнгæстæ» арæх æрбахизынц сындзтелгæрæнтыл ацырдæм Гуырдзыстоны контролгонд территоримæ. Фæстаг скъæфты цау 2018 азы июны мæйы æрцыд. Фæнысан кæнын хъæуы уый, цæмæй Отинашвили Майа Хурвалеты хъæуæй ныр 5-æм сылгоймаг у, кæцытæ уыдысты ахст. Ацы цау ноджы иу хатт æвдисы конфликтæй зианбаййафæг сылгоймæгты тынг уæззау уавæры.

Проблемæты ноджы карздæр кæны уый дæр, æмæ æхсæнадæмон барадхъахъæды æмæ цæстдарæгон организациты конфликтон регионтæм куы нæ уадзынц уый дæр. 2008 азы августы 6 пунктон зынг фескъуыды бадзырды фехалынæй, Уæрæсейы Федераци къуылымпы кæны Евроцæдисы цæстдарæгон Миссйы мандаты бауадзын оккупацион хаххы дыууæ фарсмæ дæр. Адæмон хъахъхъæнæг нымайы, цæмæй æхсæнадæмон æхсæнад хъуамæ активондæр скæна тыхархайд, цæмæй Уæрæсе сифтонг кæна конфликтон регионтæм æхсæнадæмон организациты минæвæртты æдасæй бауадзыны амалдзинады. Цхинвалы абон нæй иунæг хæдбар уагдон дæр, нæдæр бынæттон æмæ нæдæр æхсæнадæмон, кæцы фембæлдаид ахстытимæ æмæ сын информаци фехъусын кодтаид бинонты уæнгтæн .

Адæмон хъахъхъæнæг хъусын кæны Гуырдзыстоны хицауадæн, æхсæнадæмон организацитæн, тынг карзæй æрывæрой æмæ бавдисой, Уæрæсейы Федерацийы рдыгæй Гуырдзыстоны æмбæстæгты цæрæнбоны æмæ сæрибардзинады, уæгъдибар рацу-бацу кæныны барты фехæлды фактытæ; Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдартæн – баныхас кæныны боны фæткмæ хаст æрцæуæд ахстыты тыххæй информацийы ивыны ноджы эфектон механизмы саразын кæнæ уæвæг, Евроцæдисы цæстдарæгон Миссийы эгидæй архайгæ тæвд хаххы куысты рауæрæх кæнын æмæ фæхуыздæр кæныны. Ай гæнæн ис æмæ уа ахсты комкоммæ телефонон бастдзинад бинонтимæ, конкретон гоймæгтæн ахæстыты уавæрты, ахсты уавæрты бабæрæг кæныны мандаты раттын æмæ а. д. Амæй дарддæр ма, тынг нысаниуæгджын у Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитетæн Уæрæсейы Федераци æмæ дэ-факто хицауадтæ раттой æнæкъуылымпыйæ æмæ æнæарæнгондæй бауадзын оккупирон территоритыл уæвæг æхгæд уагдæттæм.



Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.