Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Хурвалеты Евроцæдисы æххуысæй Хурошвили Сосо сауфагæйы мыды аразы (VIDEO)
Хурвалеты хъæуы цæрæг Хурошвили Сосо ныр цалдæр азы мыд аразы. Уый уыцы фермертæй сæ иу у, кæцы Евроцæдисæй лæварæн райста мыды чыргъæдтæ. Ныртæккæ уымæн ис 70-онг мыдыбындзы чыргъæд.

Уый ныхасмæ гæсгæ, мыд кæцыйы реализаци нырма æрмæст Гуырдзыстоны масштабæй конд цæуы, у экологион сыгъдæг, кæцы зындгонд у æгас бæстæйы масштабæй.

«Сауфагæйы мыд тынг арæх нæу Гуырдзыстоны, йæ дидинæг тынг хорз у мыдыбындзы сбирæ кæнынæн. Æрвыл аз дæр байтауын сауфагæйы, йæ алыварс ын æрывæрын чыргъæдты æмæ райсын æппæты хуыздæр мыд. Мыды бындзытæ дидинæгæфтыд сауфагæйы нектарæй аразынц æмæ уыцы бынаты, цыран ацы зайæгойы тауын, уым не рцæуы пайдагонд хъæстæ-химикаттæй, æмæ уымæ гæсгæ мыд у экологионæй сыгъдæг», - зæгъы Хурошвили Сосо.

Ныр иу азы бæрц, Евроцæдис Гуырдзыстоны уыцы бæстæты нымадмæ бахаста, кæцытæм тагъд эвробазарыл мыд ахæсдзысты. Фæлæ, цалынмæ уый æрцæуа уæдмæ уал гуырдзиаг фермертæн бæрæг хæсдзинæдтæ ис сæххæст кæнинаг. Уыдон æхсæн ис мыды хъæддзинады басгарын, цæй тыххæй дæр Евроцæдисы æххуысæй Гуырдзыстоны ныридæгæн 11 лаборатори функционир кæны.

Гуырдзыстоны хъæууон-хæдзарады лабораторийы ацы этапыл дыууæ æрдæмадæй арæзт цæуы иртасæнтæ, ай у хæлцады æмæ хъæддзинады æрдæмад, фæлæ лабораторийы директор Гуледани Иракли куыд зæгъы, уымæ гæсгæ æрвылазон домынад мыды басгарыныл стыр нæу. Ацы азы, лаборатори æдæппæт цалдæр, дыууыны онг мыды ацахост (проб) раиртæста.

Гуырдзиаг продукцийы æмæ уыдон æхсæн мыды Европæйы базарыл рахæссын ассоцирады бадзырды экономикон хай у.

«Enpard»- ы информацион къухдариуæггæнæг Хунцъариа Тамар нын радзырдта, цæмæй æндæр продукттæй хъауджыдæр мыд стандартты не сæххæст кодта æмæ нæдæр европæйаг базармæ бахаудта. Фæлæ бæрæг арæнгæндты сисыны фæстæ, гуырдзиаг мыд гæнæн ис æмæ тагъд Европæйы базармæ хаст æрцæуа.

Уый тыххæй, цæмæй гуырдзиаг мыд Европæйы базармæ хаст æрцæуа, иуæй-иу домындзинад йæ бæрцы фæфылдæр кæнын у. раст уый тыххæй, Евроцæдисы æххуысæй, Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарады министрад хъæууон кооперативтæ сарæзта, цыран цалдæр фермьеры баиу сты æмæ мыды уадзын райдыдтой. Ахæм кооператив Гуырдзыстоны ныридæгæн дæсæй фылдæр функционир кæны.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.