Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Лaҵaрaмзa 2024 »»
п в с ч п с в
2930 1 2 3 4 5
6 7 8 9 10 11 12
13 14 15 16 17 18 19
20 21 22 23 24 25 26
27 28 29 30 31 12
Ног хабæрттæ
Цихелашвили: «Паддзахады тыхархайд арæзт у уыцырдæм, цæмæй ахæм факттæ æппындæр ма цæуой»
«Ацы фæстиуæг райсын уыд ивгъуыд бонты æмæ 24 сахатон куысты режимы сæйраг нысан», - ацы курдиаты Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты Гуырдзыстоны паддзахадон министр Цихелашвили Кетеван скъæфт Отинашвили Майайы ссæрибар кæныны фæдыл Бобневы хъæуы, Отинашвилиты хæдзары сарæзта, цыран уый паддзахадон æдасдзинады куыстуаты аналитикон департаменты минæваримæ, Гогуадзе Тамтаимæ иумæ уыдис.

Отинашвилийы бинонтæм абон спротсментæ дæр уыдысты, кæцытæ ссæрибар кæныны процессы хайад истой.

Цихелашвили Кетеваны ныхасмæ гæсгæ, фæстаг бонты сæйраг хæслæвæрд уыд – сылгоймаджы ссæрибар кæнын, йæ хъæбултæм æрбаздæхын æмæ уый æххæстгонд æрцыд. Фæлæ, дарддæр кæны куыст дыккаг сæйрагдæр нысаны фæдыл – æнгæс фактты скуынæг кæныны тыххæй.

«Фактæн саргъ кæнын æрмæстдæр иугъуыз гæнæн ис – радон, абсолютон æнæзаконон фактæн уыд бынат. Отинашвили Майайы уыцы бынатæй цалдæр метры дæрддзæгдæр, йæхи цæхæрадоны æрцахстой. Фыццаг бонты йын коммуникацийы амалдзинад нæ дæр уыдис, æнæгæсгæ уымæ, æмæ абсолютон алы механизм дæр фидарæй архайдта».

«Фæнды мæ ноджы иу хатт банысан кæнон, цæмæй нæ аппарат æмæ абсолютонæй алы структура, компетенцимæ гæсгæ, къухы уæвæг алы механизмы мобилизаци æрцæуын кодта – формалоны, æнæформалоны æмæ æппæт иудзинады боны ацы фæстиуæг æрлæууыд. Цахæмфæнды æнгæс æнæзакондзинады æмæ æнæрæстдзинады мидис, сæйраг, кæцыйыл мах куыстам, раст, уый у, цæмæй адæймаг æдасæй æмæ цас гæнæн ис тагъд ссæрибар уа. Фæлæ, паддзахады тыхархайд арæзт у уыцырдæм, цæмæй ахæм факттæ, кæцытæ абсолютонæй иуварсгонд сты рæстæвзарæн фæлгæтæй æмæ гуманондзинады принциптæй, æппындæр ма хъуамæ цæуой», - загъта паддзахадон министр.

Уый ныхасмæ гæсгæ, æнæзаконон ахстытæ æмæ æнгæс фактты превенци иуæй-иу сæйраг æркæсинаг темæ у Женевæйы æхсæнадæмон дискусситыл, кæцыйы радон раунд раст абон уагъд цæуы.

«Ацы бонты цалдæр æндæр æрæнæвæрды фæдыл рапарахат ис информаци. Уыдон æхсæн а.х. иварты фæфылдæр кæныны тыххæй, хъæууон-хæдзарады продукты баласыны фæзынгондыл æмæ иуæй-иу уырыссаг информацион равзæрæнмæ гæсгæ, ахст гоймæгты тыххæй статистика дæр рапарахат ис. Стыр хъусдард аздахын хъæуы ууыл, кæцыйы фæдыл æз цалдæр хатты загътон æмæ кæцы ацы политикæйы абсурдондзинадыл дзуры – оккупирон территоритыл цæрæг дзæвгар бирæ адæймаг кусы æмæ сын гæнæн нæй контролгонд территорийыл цæуой. Уый уырыссаг информацитæй дæр бæрæггонд цæуы, æмæ оккупирон территорийыл цæрæг бирæ фылдæр адæймаг зиан кæны сындзтелты политикæйæ, кæцыты фæнды æмæ сæ хъæуы Гуырдзыстоны иннæ территорийыл дыууæрдæм цæуын. Ай у адæймæгты ныхмæ арæзт зонæ. Нæ хæслæвæрд у бадзырдты æмæ цахæмфæнды æндæр форматы уый, цæмæй адæймæгтæн дыууæрдæм цæуын фенцондæр уа», - банысан кодта Цихелашвили Кетеван.

37-аздзыд Отинашвили Майа æнæзаконон ахæсты 11 боны арвыста.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.