Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Къухианидзе Ерекъле дихгæнæг хаххыл ахизын æнæхъуаджы бафæлвæрдта
Тбилисы сакребулойы фылдæртæй рацухгонд Къухианидзе Ерекъле Къаспы муниципалитеты Сакъоринтлойы хъæуæй оккупацион хаххыл иннæ фарсмæ ахизын бафæлвæрдта, фæлæ æнæхъуаджы.

Къухианидзе Ерекъле у Амилахварты галуаны хицау, кæцы ис Квемо (дæллаг) Чъалайы. Сакъоринтло дæр раст Квемо (дæллаг) Чъалайы теммæ хауы.

Журналисттимæ ныхасгæнгæйæ уый загъта, цæмæй хъæды фæдзæгъæл æмæ фæстæмæ уый тыххæй раздæхти. Къухианидзейы ныхасмæ гæсгæ, оккупиронгонд территорийыл ахизын абон дæр бафæлвæрдта, фæлæ йын ацы хатт, та уый фадат барадхъахъхъæнджытæ æмæ æдасдзинады куыстуаты минæвæрттæ нæ раттой.

«Кæмдæр хъæды фæрахау-бахау кодтон æмæ цыдæр сындзтелгæрæнты ныххаудтæн. Абон ацы хабар ахæлиу æмæ ныртæккæ мæн нæ фæнды æмæ ацы хабар исты цирчы æнгæс суа. Хъуамæ ахызтаин уыцырдæм æмæ ахæм ныхæстæ зæгъынмæ хъавыдтæн, цæмæй Гаприндашвили Важайы ссæрибар кодтаиккой», - загъта сакребулойы уæнг.

Къухианидзе Анатоли Бибиловы адресырдæм уырыссагау загъта, цæмæй дохтыр уыдон «закъæтты» фехæлдта, «фæлæ, дам, хъуамæ ссарæм иумæйаг æвзаг æмæ ссæрибар кæнæм ацы адæймаг».

Абон зындгонд сси, цæмæй Тбилисы сакребулойы алфæмблайы хъахъхъæнынады къамисы сæрдар Къухианидзе Ерекълейæн йæ куыст ныууадзын кодтой.

Знон сакребулойы фылдæрты хайы уæнг Къухианидзе Ерекълейы кабинетмæ опозицийы минæвæрттæ æмæ æмбæстагон активисттæ балæбурдтой æмæ халагъуд æрывæрдтой уым. Акцийы хайадисджытæ Къухианидзейæ йæ куыст ныууадзын æрдомдтой. Уыдон ын йæ кабинеты баныхæстой стикертæ, ахæм фыстимæ «баив» æмæ «Важа дохтыр хъайтар у». полицæ акцийы хайадисджытæй цыппары æрцахста.

16-æм декабры Къухианидзе Ерекъле Гаприндашвили Важайы æмæ бинонты ‘рдæм зæгъгæ ныхæсты тыххæй хатыр ракуырдта. Уæдмæ уый æрдыгæй фесбукыл рапарахатгонд посты тыххæй загъта, зæгъгæ, уый уыд эмоцион уавæры аххос.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.