Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
Ног хабæрттæ
Шида Картлийы уæлæмхасæн хъæутæ, цыран газификацийы куыстытæ ацы азы райдайдзысты
Ацы азы, Шида Картлийы цалдæр хъæуы газификацийы куыстытæ райдайдзысты. Уый фæдыл уынаффæ хицауады рабадтыл абон рахастой.

Энергетикæйы министрады пресс-кустуаты бæрæггæнæнмæ гæсгæ, æдæппæтæй, 27 милуан лари 17 муниципалитеты 74 хъæуы хъæугæдзинæдтæн рахицæнгонд æрцыди. Сæрмагондæй, 55 хъæуы газификаци, æмæ 19 хъæуы та, проектон куыстытæ æххæст æрцæудзысты.

Кæронмæ æххæст куыстытæ уагъд æрцæудзæн: Гуры муниципалитеты хъæуты: Куахврелы, Скърайы æмæ Уплисцихейы газификаци кæнынæн. Фæлæ Ахалхизы æмæ Хидистауы хъæуты та газификациæн проекттæ сараздзысты.

Къаспы муниципалитеты æххæст арæзтадон куыстытæ уагъд æрцæудзысты Телианы æмæ Дуесы газификацийы фæдыл, фæлæ Гарихъулы, Хасиреты æмæ Телатгорийы дачæты та газификацийæн проектытæ æрцæттæ кæндзысты.

Хашуры муниципалитетмæ та цы хауы, уымæй ам æххæст æрцæудзысты газификацийæн хъæугæ проектон æмæ арæзтадон куыстытæ: Чысыл Плевы, Нацаргорайы, Стыр Плевы, Тъкъоцы, Земо Бролосаны, Квемо Бролосаны, Кълдисцъхъаройы, Цъегъверы, Тъитъвинисцъхъаройы, Земо Акдзвисы, Набахтъевы, Мцхетидзуары, Уцълевы, Алийы, Брилы, Киндзаты, Ахалубанийы, Думацховы, æмæ Кълдисцъхъаройы.

Æдæппæт ног программæйæ 14 муниципалитеты цæрæг 17,833 бинонтæ спайда кæндзысты. Хъæуты газификацийæн хъæугæ проектон/арæзтадон куыстытæ организаци «Гуырдзыстоны газы транспортир кæныны компани» сæххæст кæндзæни.

Энергетикæйы министрады бæрæггæнæнмæ гæсгæ, 27 милуанæй дарддæр ма, Гуырдзыстоны масштабæй, ныридæгæн æххæст цæуы 20 милуан лирийы æргъады куыстытæ æндæр æмæ æндæр хъæуты. Афæдзы райдайæны сфидаргонд планмæ гæсгæ, газификацийы куыстытæ ныридæгæн уагъд цæуы 34 хъæуы, цыран кселы хызмæ сиу кæныны гæнæндзинад уыдзæн 11 мин бинонтæ.

2013-2017 азты, Гуырдзыстоны масштабæй, газификацигонд æрцæудзæн 200 минæй фылдæр абоненты. Афтæ ма, 2014-2015 азты æрдзон газы хызмæ иугонд æрцыди окупацигонд территориты дихгæнæг хаххмæ ввахс 58 хъæуæй 13, 457 бинонтæ. Газификацийы куыстытыл хардзгонд æрцыд 253 милуан АИШ доллары.

Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.