Статьятæ
"Æскъола куы фæдæн, раст йеуæд уыдис демократийы
05:04 / 19.08.2022
Хъæуы астæу æввахсæй-æввахсмæ æппæт хъæуы
16:48 / 11.11.2022
Земфирæ, Зинæ æмæ Изо уыцы рæстæджы райгуырдысты, кæд Бордзомæй Гудзаргоммæ
16:55 / 13.11.2022
Сæрды ам уæ бон нæ æсуыдзæн равзарат чи бынæттон
23:29 / 20.11.2022
Турманты Валийайы хæдзар Суканатубаны хъæуы къуымтæй сæ рæсугъддæр
02:10 / 26.11.2022
Къæлиндар
«« Мшaҧымзa 2024 »»
п в с ч п с в
1 2 3 4 5 6 7
8 9 10 11 12 13 14
15 16 17 18 19 20 21
22 23 24 25 26 27 28
29 30 12345
ახალი ამბები
Æфсæддон батальоны æмкусæг Гуры госпиталыл хъаст кæны
Гуырдзыстоны гæрзифтонг тыхты медицинон батальоны æмкусæг Лацабидзе Заал Гуры æфсæддон госпиталы цалдæр дохтыры æнæмæт ахасты тыххæй аххосджын кæны.

Ай фæдыл, тæрхонон хъаст Гуры районон тæрхондоны уагъд цæуы.

Тæрхондоны хъастмæ гæсгæйæ, Лацабидзе Заал æфсæддон госпиталæй моралон зианы бафидын домы, афтæ ма, хоскæныны хæрдзты рахицæн кæнын æмæ куыстæй рацæуыны фæстæ пенсийы ацæуынмæ мызды идентон суммæйы куры.

Лацабидзейы интерестæ æвзонг юристты ассоциацийы Гуыры офисы минæвæрттæ хъахъхъæнынц.

Лацабидзе Заал йæ куысты хæс æххæсгæнгæйæ райста травмæ, 2008 азы. Уый тыххæй, æмæ Уæрæсе-Гуырдзыстоны хсæн хæстон архæйдтытæ ног фæуд кæй уыдысты, уымæ гæсгæйæ медицинон басгæрстыл нæ ауагътой. Рыстытæ уæрагæй астæуы магъзмæ дæтта.

Медицинон батальоны скъæрæг травмæ генераторы иу бынатæй иннæ бынатмæ хæсгæйæ райста. Йæ къах æй цалдæр мæйы хъыг дардта. Уый фæстæ рыстытæ периодикон рæстæджы дæргъы дарддæр кодтой.

Фыццаг басгæрст Лацабидзе Заал 2012 азы сарæзта. Дохтыртæ йын костартрозы диагноз сæвæрдтой. Дыккаг басгæрст ын сарæзтой рагъыстæгыл æмæ рагъыстæджы 2-аг æмæ 3-аг фæрскы хсæн цæлмартæны диагноз сæвæрдтой

«Ныр та йæ, нейрохирургы æххуыс бахъуыд æмæ йæ арвыстой Гуры госпиталмæ. Операци йын 2013 азы 22-æм августы Раквиашвили Тамаз сарæзта. Дохтыр ын загъта, уæззау операци дам нæ уыдис æмæ йæ фæрсчыты раивын дæр нæ бахъуыд». – зæгъы Лацабидзе Заалы бинойнаг Шида Картлийы информацион центримæ ныхасгæнгæйæ.

Йæ ныхасмæ гæсгæйæ, дохтыр пациенты операцийы боны, æрмæстдæр иунæг хатт бабæрæг кодта. Бафарста йæ змæлын кодта йæ къæхтæ æви нæ.
Йæ уæрджытæ ахæм уавæры кæй уыдысты, уымæ гæсгæ, Лацабидзе Заалы бинойнаг нымайы, цæмæй дохтыр уæлдай хъусдард хъуамæ æрдардтаид рынчынмæ.

«Дыккаг бон ын загътон, цæмæй йæ басгæрстаид. Басгæрста йæ æмæ рабæрæг, йæ рагъыстæджы туджы ахст кæй уыдис, кæцы йын æнæфæразгæ рыстытæ дæтта». – Загъта нын Лацабидзе Люда.

Æртыккаг бон, 2013 азы 25-æм августы, йын ногæй операци скодтой æмæ туджы ахсты расыгъдæг кодтой.

Гæрзифтонг тыхты æмкусæг дыууæ операци дæр Гуры æфсæддон госпиталы сарæзта. Уæрджыты æнкъарынад нæ сæндидзыдта. 2015 азы йын ракмæ асайдта.

Хъахъхъæнынады министрад Лацабидзейы 2015 азы кæроны Туркмæ реабилитацион центрмæ арвыста.

«2015 азы йæ ногæй басгæрстой мæ мойы, цыран фыццаг фæрскыл рак фиксиргонд æрцыд, фæлæ, уый махæн ничи загъта. Ацы фæстаг басгæрсты Тбилисы «Аверсы» клинникæйы радиолог Саинишвили Никъамæ сарæзтам. Уыцы азы ма, Гуры госпиталы консультаци дæр уыд, фæлæ амдæр ницы ныхас уыд ацы низы тыххæй. Куыд рабæрæг уымæ гæсгæ, ацы низ чъылдымы магъзыл æнцайы æмæ йæ цæуынæн хъыг дары», - загъта нын Лацабидзе Люда.

Тæрхоны процесс уæдæй фæстæмæ сног уыдзæн, регионы номыл экспертон бюро экспертизы скъуыддзаг куы райса.


Print Email
FaceBook Twitter

Ацы фарсыл рапарахатгонд æрмæджытæ ирон æвзагмæ тæлмацгонд æрцыдысты Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты минис¬трады финансон æххуысæй. Уыдоны мидис æнæхъæнæй авторы бæрндзинад у æмæ ницæй тыххæй нæй гæнæн æркаст цæуой куыд Стыр Британийы æмæ Цæгат Ирландийы баиугонд паддзахады фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады æмæ, иумæйагæй, баиугонд паддзахады хицауады, позицийы равдыстдзинад.
Materials published on this web-site are translated into Ossetian language with financial support of Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland. Their content is the sole responsibility of the author and can under no circumstances be regarded as reflecting the position of the Foreign Commonwealth Office of the United Kingdom of Great Britain and Northern Ireland or more generally that of the United Kingdom Government.